Атайтæ
Внешний вид
Атайтæ[1] (уырыс. Атаевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Ацы мыггаг равзæрд Ос-Бæгъатыры фырт Сидæмоны къабазæй. Сæ рагфыд Атайтæн æрбафтыд Къæмынты хъæумæ раджы кæддæр Гуырдзийы бæстæй. Сæ фыдæл Гуырдзымæ фæлыгъд Цæгат Кавказæй, йæ ном ын ничи хъуыды кæны. Атай Къæмунты куы æрцард, уæд йæ номмæ гæсгæ йæ мыггаг скодта Атайтæй, æмæ хъæуы фæзынд Атайты мыггаг. Атайæн йæ фыццаг цæуæты нæмттæ дæр ничи хъуыды кæны. Сæ хистæртæ ма хъуыды кæнынц иу цалдæр номы: Гæппуди, Хъуыбады, Додти, Гæбула. Атайты мыггаг куы сбирæ сты, уæд Къæмынты хъæуæй алыгъдысты быдыры хъæутæм: Къорамæ, Урсдонмæ, Сындзыхъæумæ, Мостиздæхмæ, Змейкæмæ æмæ Сырх Дыгурмæ.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.