Перейти к содержанию

Уæхъæц

42°57′01″ с. ш. 43°47′51″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Уæхъæц
Уæхъæцæ
42°57′01″ с. ш. 43°47′51″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ Авд Уæхъæцы[1]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 87[2] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363514
Уæхъæц (Уæрæсе)
Уæхъæц (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Уæхъæц, дыгуронау Уæхъæцæ (уырыс. Вакац) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.

Уæхъæци гъæу æвæрд æй Сонгути дон æма паддзахи надæн сæ галеу фарс, Галаузи донæн ба — æ рахес фарс. Гъæу æй Мæхчески æма Къамати гъæутæмæ 2-3 километри идарддæр Хонсар æрдæмæ.

Уæхъæци гъæуæн æ Хонсар æрдигæй ес бæрзонд къулдун (Узунæги тегъæ), идарддæр ба Сау хонхи бæрзæндтæ. Еци хонх зумæги бæнтти хор нихгæнуй, æма гъæуи æрдæг дууæ къуæрей дæргъци фæууй æнæ хор.

Политикон æма социалон æгъдауæй Уæхъæци гъæу рагон рæстæгути ахæста устур бунат. Раздæр рæстæгути гъæуи ном адæм худтонцæ «Авд Уæхъæци», зæгъгæ, уой туххæй æма адтæй авд гъæуей унаффæгæнæн бунат (Нихæс). Ами гъæутæй æрвист хестæр лæгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ æрæмбурд уиуонцæ æма си тæрхонтæ хастонцæ адæми цард хуæздæр кæнуни туххæй, лух си кодтонцæ тугъдон фарстатæ æма æндæртæ. Фиццагдæр, дан, «Авд Уæхъæци» хестæртæ рахастонцæ унаффæ, цæмæй тог райсуни бæсти тоггинтæ тоги цитæ кодтайуонцæ зиангун муггагæн, — е ба адтæй бафедауни бæрæггæнæн дууæ муггагей æхсæн.

Уæхъæци гъæу Дигори коми æй тæккæ рагондæр гъæутæй сæ еу. Уой туххæй бæрæггæнæнтæ æнцæ рагон мæсгутæ, уæдта гъæуи алли фарс уобæйттæ, рагон уæлмæрдтæ æма циртдзæвæнтæ.

Гъæуи астæу ци дууæ устур мæсуги ес, уонæй сæ еуей Цакъоти адæм сæхе хонунцæ, иннæ адæм ба зæгъунцæ, зæгъгæ, дан, еци мæсуг исаразтонцæ Туйгъантæ, Цакъотæ ба си æрцардæнцæ, Туйгъантæ будурмæ ку фæллигъдæнцæ, уæд уой фæсте. Миндзайти мæсуг ке хонунцæ адæм, е дæр Миндзайти нæ адтæй, æндæр кедæр адтæй, фал, ке мæсуг адтæй, ка ’й исаразта, е ба абони уалæнгæ дæр бæрæггонд нæма æрцудæй.

Уæхъæци цæргути уавæртæ Тъæпæн Дигори Хонсари гъæути цæргути уавæртæй адтæнцæ дзæвгарæ хуæздæр. Сæ нæдтæ адтæнцæ хуарз, алли афони дæр си зилдæй уæрдун. Аразæн гъæдæ æма согбæл дæр уони хузæн нæ тухстæнцæ, гъæдæ сæмæ адтæй хæстæг. Сæ хумзæнхитæ дæр адтæнцæ гъæумæ хæстæг, уæдта ниллæгути, хуæздæр рауæнти. Фал се ’гуæрдæнтæ æма сæ фонси хезнитæ ба адтæнцæ идард æма зин уавæрти, фал уæддæр уони фæрци сæ бон адтæй фонс дарун: листвонс (фустæ, сæгътæ), уæдта гъоцитæ, косунмæ ба — галтæ, бæхтæ æма хæргутæ.

Дигори иннæ гъæути цæргути хузæн Уæхъæци гъæуи цæргутæ дæр сæ фиддæлти æгъдæуттæн сæ хуæздæрти фæнзтонцæ. Устурдæр æма кадгиндæр ковæндæнттæбæл нимадтонцæ Узунæги дзиуари æма Тухуæстæги ковæндæнттæ. Æууæндтæнцæ Хуцаубæл æма изæдтæбæл.[3]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Уæхъæци гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Амилахуантæ, Гæзæнтæ, Дзидзойтæ, Кæлухтæ, Миндзайтæ, Митцитæ, Таматæ, Туйгъантæ, Хадатæ, Хубатæ, Хъараонтæ, Хъиргъутæ, Хъойбайтæ, Цакъотæ, Цъугкитæ æма Цъебойтæ.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003
  2. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  3. 3,0 3,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 166—167.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]