Къаматæ
Хъæу | |
Къаматæ | |
---|---|
42°57′16″ с. ш. 43°47′21″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘28[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 363507 |
|
Къаматæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Адтæнцæ дууæ гъæуи: Къубуси Къаматæ æма Æндаг Къаматæ. Гъæутæ кæрæдземæ идард нæ адтæнцæ, се ’хсæн æдеугурæй ес 1,5 километри. Мæхчески æма Уæхъæци гъæутæ дæр сæмæ адтæнцæ хæстæг. Гъæутæ æвæрд æнцæ Айгомуги дон æма паддзахи надæн æ галеу фарс бæрзонд къолтæбæл, цæгати.
Къамати раздæри хестæр цæргутæ Кертибийти Кертибий, Магкити Цæппо, Гетъоти Елбиздухъ, уæдта ма никкидæр беретæ сæ рамæлæти фæсте ниууагътонцæ адæмæн берæ рагон таурæхътæ, кадæнгитæ, зартæ æма æгъдæуттæ. Аци зæронд лæгтæй берæ адæм фегъустонцæ къаматтаг рæсугъд кизгæ Дзандзирахъи туххæй уæззау таурæхъ, Цæлкости Гуймани хабæрттæ, Къобалти берæгъ, Секъинати сайтан — Æригани туххæй æма æнд.
Октябри революций фæсте Къамати гъæути цæргутæн лæвæрд æрцудæй барæ сæ цæрæн бунæттæ раййевун будури гъæутæмæ. 1929-30 æнзти Къубуси Къамати цæргутæ еугурæйдæр ралигъдæнцæ Сурх-Дигори гъæумæ. Ардæмæ ма еци æнзти фæллигъдæнцæ Æндаг Къаматæн дæр сæ фулдæр цæргутæ. 1925 анзи ба Гадатæй еу аул, Магкитæ æма Цæлкостæ фæллигъдæнцæ Æхсæрисæрмæ.[2]
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Æндаг Къамати гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Байхъултæ, Гетъотæ, Диготæ, Дедегкатæ, Кертибийтæ, Къобалтæ, Къеуростæ, Магкитæ, Фæтдзартæ, Синатæ, Тауиттæ, Тотойтæ, Хъарадзаутæ, Хохтæ æма Цæлкостæ.[2] Къубуси Къамати цардæнцæ: Гадатæ, Диготæ, Секъинатæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ 2,0 2,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 151, 154.