Баситæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Баситæ (уырыс. Басиевы, тур. Başi[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Цардысты Цъæйы. Сæхицæн æрвадæлтæ хонынц Дзалатæ æмæ Гогаты. Адæм сæ хонынц Хъантыхъотæ дæр — сæ фыды фыд Хъантыхъойы номæй, стæй Дыгуратæй дæр сæ фыды фыды æфсымæр Дыгуры номæй. Баситæ цалдæр фæлтæры раивтой: Баси — Хъантыхъо — Еба — Ивадз — Гæгка — Тæтæрхъан — Дзæрæсби. Баситæй иутæ Цъæйæ æрбалыгъдысты Уæллагкоммæ. Сæ фыд хуынд Саге. Уый Дымтæм æрæфтыд. Уым Легкоты чызг ракуырдта æмæ уым цæргæйæ баззад.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.