Мæцутæ
Хъæу | |
Мæцутæ | |
---|---|
42°59′ с. ш. 43°46′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘36[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекстæ | 363511 |
|
Мæцутæ (уырыс. Мацута) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Аци æрдозæ æвæрд æй Дигори æртæ комей астæу Нари гъæумæ хæстæг, Айгомуги æма Ирæфи уайгæ дæнтти æхсæн. Æ йасæ уодзæнæй фондз десятиней бæрцæ. Æрдози ес рагон уæлмæрдтæ, обæйттæ æма циртдзæвæнтæ, фал си кæци адæми хæттитæ æвæрд æрцудæнцæ, уæдта сæ ка байвардта, етæ ба кæронмæ бæрæггонд нæма æрцудæнцæ.
Нарти адæмæн, дан, Мæцути æрдози адтæй Устур нихæс, ами Нарти адæм унаффитæ æма тæрхонтæ федар кодтонцæ, ардигæй цудæнцæ балцитæмæ дæр. Мæцути æрдози Нарти Сосланæн адтæй уолæфæн бунат, къела, æ бæхæн саргъ æма æ куййæн тæгæна (дортæй арæзт). Сосланæн, дан, æ къæхтæ дæр Ойнони цалх ами ралух кодта. Еци цалх ма хонунцæ Балсæги, кенæ Барсæги цалх дæр. Еци цалх адтæй, æнæ устур бæлахæй кæмæй нæ райервазтайдæ лæг, уæхæн цалх. Нарти Сослани дæр еци Ойнони цалх рамардта. Æ мард ба, дан, æвæрд æй æхецæн даст обаййи Мæцути æрдози. Адæмтæй абони дæр беретæ æууæндунцæ, æнгъæл æнцæ, цума æцæгæйдæр Нарти Сослани мард аци обаййи æвæрд æй, уотæ.
Нари гъæуи рагон цæргутæ Нарти Сослани изæди бунати исæвардтонцæ, кувдтитæ ин кодтонцæ анз еу хатт сæрди мæйи Мæцути æрдози, Сослани обаййи цори. Кувди бунат фæстæдæр Нари адæм Мæцутæй сæ гъæумæ хæстæгдæр раййивтонцæ. Дууæ синхей æхсæн дзиуарæ исаразтонцæ. Еци дзиуари ихæлддзæгтæ абони дæр фæййинун æнгъезуй.
Мæцути æрдозæ Дигоргоми рагон цæргути царди медæгæ ахæста политикон æма социалон æгъдауæй устур бунат. Куд Дигори коми гъæути центр, уомæ гæсгæ ардæмæ рæстæгæй-рæстæгмæ æмбурд кодтонцæ гъæути æвзурст лæгтæ. Ами еци лæгтæ рахæссиуонцæ знæгтæй сæхе багъæуай кæнуни туххæй, уæдта царди уавæртæ фæххуæздæр кæнуни туххæй унаффитæ, тоггинтæ си федаун кодтонцæ, тæрхон кодтонцæ цардихалгутæн.
Мæцути æрдози бундорон цæрæг некæд адтæй, фал си скъола арæзт ку æрцудæй, ку си райгон кодтонцæ бастдзийнади къанторæ, тукан, тукæнтти скълæдтæ, уæдæй фæстæмæ си рæстæгмæ цæридæ æма цæрунцæ скъолай ахургæнгутæ, скъоладзаутæ, уæдта иннæ уагдæнтти косгутæ.
Мæцути æрдози берæ адæмтæ зонунцæ, фал æй хуæздæр ба базудтонцæ, 1987 анзи уоми сагъд ку æрцудæй циртдзæвæн Устур Фидибæсти тугъди 1941-1945 æнзти Дигори коми гъæути цæргутæй немуцаг фашистти нихмæ тохгæй æ цард ка равардта, еци фондз сæдей бæрцæ æригон фæсевæдæн, уæд. Циртдзæвæн игон кæнуни бони Мæцути æрдозæмæ æрцудæнцæ берæ адæмтæ Иристони гъæутæй, нæ бæсти алли рауæнтæй. Аци циртдзæвæн адæми цæсти кадгин æй. Ами Дигоргоми гъæути фæсевæди æхсæн цæуй гъомбæлдзийнади куст. Алли анз дæр 9-аг Майи Уæлахези Бони ардæмæ æрæмбурд унцæ фæсевæд, скъоладзаутæ. Фæсевæд ардигæй ранæхстдæр унцæ Æфсади рæнгъитæмæ. Киндзи хунди дæр циртдзæвæнбæл лæхъуæн æма кизгæ байвæрунцæ деденгутæ.
Дигори комæй кадæр фæццæуй æндæр рауæнмæ кенæ ба и коммæ ка æрбацæуа, уонæн сæ фæндаг фæууй циртдзæвæни цорти, æма имæ æнæ баздæхгæ нæ фæуунцæ — сæ къохтæ ибæл байвæрунцæ, фæззæгъунцæ син: «Рохсаг...»[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 108—109.