Перейти к содержанию

Гæлиат

42°55′ с. ш. 43°51′ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъæу
Гæлиат
Гæлиатæ
42°55′ с. ш. 43°51′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 18[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363516
Гæлиат (Уæрæсе)
Гæлиат (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гæлиат, дыгуронау Гæлиатæ (уырыс. Галиат) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы.

Гъæу æвæрд æй зилди гъæутæн сæ цæгатварс, Сонгути дони рахес фарс, Узи тегъи фæсте, Уорс хонхи буни. Сæ цæрæг хæдзæрттæ адтæнцæ уæлиндзæсæртæ, сæ фæрстæ ба — дорæй даст. Адтæй си галауантæ еуæй-еу рагон цæргутæн, уæдта цæрæн æма тугъдон мæсгутæ. Абони уалæнгæ ма еци мæсгутæй хуæздæр уавæри байзадæнцæ: Цæрати мæсуг — Цирохси сæри, Гæдзаути мæсуг — гъæуæн æ хонсар фарси бæрзонд тегъæбæл, Езети мæсуг — хонсарæрдиги, гъæумæ ци над æрцæуй, уой фарсмæ мæскъи. Лæгъуздæр уавæри ба ма æрæййафтан Битути мæсуги, уой бунат ба æй Гæдзаути мæсуги буни тегъæбæл.

Мæсгутæй алкæбæл дæр ес рагон таурæхътæ. Уонæй еу таурæхъмæ гæсгæ, Къодоти мæсуг ке хонунцæ, е, дан, Къодоти нæ адтæй, фал адтæй Цæрати. Цæратæ ’й исдастонцæ, Къодотæ ба си æрцардæнцæ, халери незæй Цæрати муггаги адæм сæ еугурдæр ку фæццæгъдуни æнцæ, уæд. Таурæхъ лæмбунæгæй финст æрцудæй аци æрмæги Къодотæ æма Цæрати муггæгти хæццæ. Гæдзаутæ æма Езети мæсгутæ ке хонунцæ, уонæн дæр, дан, сæхе нæ адтæнцæ, фал, ке адтæнцæ, уой ба бæлвурдæй абони неке зонуй. Цуппæрæймаг мæсуг ба æцæгæй дæр адтæй Баделиати Баделий фурт Битуй, æма, уой байзайæггæгтæ Битутæ гъæуæй будурмæ ку фæллигъдæнцæ, уæд син сæ хæдзæртти æрцардæнцæ Зæгæлти бийнонтæ, æма ма си абони дæр цæрунцæ, сæ хестæрти цæуæтæй ка исæнтæстæй, уони цæуæти цæуæт — Зæгæлти Геуæргий (Уæркий) фурттæ Зоря æма Матвей сæ бийнонти хæццæ.

Гæлиати гъæуæн æ хорнигулæнæрдиги Узи къулдунбæл ес берæ рагон циртдзæвæнтæ: обæйттæ æма циртитæ, дзиуарæ, уæдта Авд дзиуарей ковæндонæ. Гъæуи ма уонæй уæлдай адтæй ковæндæнттæ: гъæумæ хæстæг — Фæрон æма Цæгатæрдигæй иннæ Къулдуни бæрзондбæл ба — Нæл изæди ковæндонæ. Гъæуи алли фарс дæр ма ес никкидæр рагон уæлмæрдтæ æма обæйттæ, уæдта ковæндæнттæ.

Гæлиати гъæуи туххæй ахургонд В.Ф. Миллер финста[2]:

« Древний аул Галиат с четырьмя галауанами, возвышающимися над грудами циклопических скал. Чем-то мрачным, средневековым веет от этих древних башен и домов, в которых коротает свой век потомство на местах, где каждый камень, каждая гробница говорит о предках. »

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Таурæхътæ, уæдта 1886 æма 1913-аг æнзти æрфинстити бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ[3] Гæлиатæ æма Цирохси гъæути цардæнцæ муггæгтæ: Абæгатæ, Арсæгтæ, Бæлæутæ, Бесолтæ, Бериатæ, Битутæ, Габистæ, Гæдзаутæ, Гамахартæ, Гæлæбутæ, Гагкотæ, Гапбатæ, Гасинтæ, Гибизтæ, Годизтæ, Гокъотæ, Гугæлтæ, Гуссаутæ, Дзилихтæ, Дзалатæ, Езетæ, Зæгæлтæ, Зохъотæ, Кацантæ, Коцойтæ, Къодотæ, Мæрзойтæ, Миндзайтæ, Мулукатæ, Мулдзугкатæ, Медойтæ, Охъазтæ, Саууойтæ, Салхъазантæ, Толастæ, Хъалатæ, Хъазибегтæ æма Цæратæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. 2,0 2,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 281—282.
  3. (ЦГА, СО ССР, ф.30, оп.I, д.81)

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]
Видео
Къамтæ