Перейти к содержанию

Мæрзатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Мæрзатæ[1] (уырыс. Марзаевы) сты дыгурон мыггаг.

Мæрзатæ Дыгургомы Къæмынты куыд фæзындысты, уый тыххæй ис рагон таурæгъ. Цъæйы, дам, иу чызг Гогатæй уыд Мæрзатæй иу лæджы ус. Уыд сын дыууæ сывæллоны: лæппу æмæ чызг. Фыд амард, æмæ мад æд сывæллæттæ ацыд Уæллагкоммæ. Къæмынты хъæумæ æрбахæццæ. Ныхасы адæммæ бацыд, хистæрты раз йæ кæлмæрзæн байтыдта æмæ сæ ракуырдта, цæмæй йын йæ сывæллæтты фервæзын кæной. Хъæуы хистæртæ фæтæригъæд кодтой ус æмæ сывæллæттæн æмæ сæ суазæг кодтой. Лæппуйы ном уыд Даци, уый ам слæг, балымæн Бекмæрзты Беримæ, цардысты адджынæй.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 120.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 95.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 335–337.