Перейти к содержанию

Хаматæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хаматæ
Бындурæвæрæг Хама
Кæм цардысты Къæмынтæ

Хаматæ[1] (уырыс. Хамаевы) сты ирон мыггаг.

Сæ мыггаджы фыдæл Хама раздæр царди Уæлладжыры комы, Æрхоны хъæуы. Йæ мыггаг кæмæй уыд, уый ничи хъуыды кæны. Хама Æрхоны кæйдæр амардта, уымæ гæсгæ фæлыгъд Уæлладжыры комæй Уæллагкоммæ æмæ æрцард Къæмынты хъæуы. Фыццаг дыууæ-æртæ азы хъæуæн фосгæсæй куыста. Хорз сын кæй куыста, уымæ гæсгæ йын хъæу зæххы гæппæл схай кодтой. Хама хæдзар сарæзта, ус æрхаста, æмæ йæ мыггаг йæхи номæй — Хаматæй ныффыста, Хамайæн Къæмунты рацыд цæуæт, фæзынд ын цæуæты цæуæт. Хамайы байзæддаг Аза, уый фырттæ Темурчи, Габо æмæ Бобæ нымад цæуынц Хамайы фæстæ Хаматы мыггаджы фыццаг фыдæлтыл. Хаматæй бирæтæ алыгъдысты Сындзыхъæумæ. Хаматы мыггагæй ма 7-8 хæдзары цæры Кæсæг-Балхъары, Пахсæны районы. Ацы балхъайраг Хаматы тыххæй баззад таурæгъ. Раджы, дам, кæддæр Асы æмæ Кæсæджы æлдæрттæ æрбацыдысты хъалон исынмæ Къæмунты хъæумæ æмæ хъалонæн ракодтой Хаматы сывæллон — лæппуйы æмæ йæ æркодтой сæхи бæстæм. Ацы лæппуйæн йæ цард куыд ацыд Кæсæг-Балхъары, уый бирæ рæстæг ничи зыдта. Æрмæстдæр иу фындæс азы размæ Сындзыхъæуы цæрæг Хаматы Чермен иу æмбырды базонгæ балхъайраг Хаматы мыггагæй иу ахуыргонд лæгимæ. Кæрæдзи æрфæрстытæ кодтой. Уый фæстæ балхъайраг Чермены фæхуыдта сæхимæ, Пахсæны районмæ. Пахсæны районы Хаматы хистæртæ дзырдтой, сæ фыдæлтæ Дыгургомæй кæй сты. Уæдæй фæстæмæ Дыгургомы Хаматæ æмæ балхъайраг Хаматæ кæрæдзийы базыдтой, кæрæдзийæн æгъдау кæнынц, куыд иу тугæй равзæргæ æрвадæлтæ, афтæ.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1 2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017.