Перейти к содержанию

Магатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Магатæ (уырыс. Магаевы) сты дыгурон мыггаг.

Мыггаджы фыд Мага Къæмынты хъæумæ æрбафтыд раджы кæддæр Туалгомæй. Сæхицæн æрвадæлтыл нымайынц Секъинаты мыггаджы. Мага Къæмынты йæхицæн хæдзар сарæзта, ус æрхаста, цæуæт ын рацыд æмæ йæ мыггаг йæхи номыл скодта — Магатæй. Магатæй ам бирæтæ халерæйæ амардысты, чи ма сæ баззад, уыдон уыдысты: Бидзи, Ислам, Болат, Ако, Саулæг æмæ Бæза. Уыдоны цæуæт быдыры хъæутæм фæлыгъдысты.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 92.