Кермен (парти)
Революцион-демократон адæмон парти «Кермен» у ирон партион организаци. Парти фæзынди 1917-æм азы сæрды Терчы облæсты Дзæуджыхъæуы зылды (ныр у Цæгат Ирыстон). Фæстæдæр парти бафтыдис РКП(б)-йы скондмæ.
Дзæуджыхъæуы ис Керменистты уынг.
Архайд
[ивын | Бындур ивын]Ном
[ивын | Бындур ивын]Партийы ном равзæрди Тылаттаты Чермены номæй (Кермен у ацы номы дыгурон хуыз), XIX-æм æнусы райдианы æлдæрттимæ чи тох кодта, уыцы адæмон хъайтарæй.
Партийы бындурæвæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Партийы бындурæвæрджытæ сты революцион интеллигенцийы минæвæрттæ. Уыдысты хуымæтæг адæмæй: Гибизты Дебола, Хъесаты Къолка, Гоститы Андрей, Созаты Тарас, поэттæ Малиты Гиуæрги æмæ Абайты Шамил[1].
Партийы фыццаг къорд архайын райдыдта Дыгуры Чырыстонхъæуы (ныр у сахар Дигорæ), стæй та ахæм къордтæ фæзындысты Цæгат Ирыстоны æндæр хъæуты дæр.
1917-æм азы 1-æм (14-æм) октябры сарæзтæуыд партийы ЦК, йæ сæргъы Гибиз-фырт. Иу азы фæстæ партийы уæнгты нымæц сси мин адæймагмæ ’ввахс.
С. М. Киров, Н. Буачидзе, Мамсыраты Саханджери, М. Орахелашвили, Цæголты Георги æмæ Джатиаты Алыксандры разамындæй парти скодта цалдæр репрессивон мадзалы æмæ Терчы бæстæйы райдыдта тыхджын агитацион-организацион куыст Урс Æфсады ныхмæ[2].
Партийы бындурон политикон домæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Æлдæрттæ æмæ Бадилаты ликвидаци, сæ зæххы конфискаци æмæ къласон æнæмсæрдзинады аиуварс. Революцийы æппæт фарстатæ керменисттæ лыг кодтой большевиктимæ.
Революцион тох
[ивын | Бындур ивын]Керменистты руаджы цы тохгæнæг зæхкусджыты балтæ сарæзтæуыд, уыдон тох кодтой Терчы облæсты контрреволюцийы ныхмæ. Керменисттæй бирæтæ тохгæнгæйæ фæмардысты, уыдоны ’хсæн партийы бындурæвæрджытæ: Гибизты Дебола, Гоститы Андрей, Хъесаты Къолка, Цæголты Георги.
РКП(б)-имæ баиу
[ивын | Бындур ивын]1918-æм азы апрелы мæйы парти баиу чындæуыд большевиктимæ. Уый фæстæ сарæзтæуыди РКП(б)-йы ирон зылды организаци «Кермен». С. М. Киров 1920-æм азы нымадта æмæ парти уыди большевикон, фæлæ Ирыстоны уавæртыл фидаугæ.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Цæгат Ирыстоны АССР-ы истори, [т. 2] - Советон дуг, Орджоникидзе, 1966, фф. 21-26, 45.(уырыс.)
- Тотоев М. С., Цæгат Ирыстоны революцион змæлды историйы тыххæй очерк (1917-1920), Орджоникдзе, 1957.(уырыс.)
Ноджы ма кæс
[ивын | Бындур ивын]Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Парти «Кермен» Архивгонд æрцыдис 10 сентябры 2009 азы. (уырыс.)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны истори. Ирыстон 1917-æм азы Архивгонд æрцыдис 18 июны 2009 азы. (уырыс.)
- ↑ Æппæтуæрæсейон монархон центр — В. Ю. Коломытченко. Зауырбег Никифоры фырт Серебряковы мысынæн. Архивгонд æрцыдис 4 мартъийы 2016 азы. (уырыс.)