Тегкатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Текъатæ-æй æрвыст)

Тегкатæ[1] кæнæ Теккатæ, Текъатæ[1] (уырыс. Тегкаевы, Текаевы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Тегкаты мыггаг хауы Туалгомы мыггæгты рагондæртæм. Таурæгъмæ гæсгæ, Тегка, Магка æмæ Хъайтмаз æфсымæртæ уыдысты. Уæллаг æмæ Дæллаг Зæрæмæджы хистæртæ Тегкаты Цопан æмæ Мæхæмæт дзырдтой, зæгъгæ, абоны онг дæр Тегкатæ æмæ Магкаты ’хсæн чызг куырд не ’рцыд, фæлæ Тегкатæ дæр æмæ Магкатæ дæр Хъайтмазтимæ лымæн кæнын байдыдтой. Тегкатæ æмæ Магкатæ куывдтæ дæр (Мецком, Сидæн, Реком, Хохы дзуар) иумæ кодтой. Мецхъомы сын цардахъ дæр уыд. Тегка, Магка æмæ Хъайтмазы æрбалыгъд Туалгоммæ, æвæццæгæн, хауы монголты æрбабырсты дугмæ. Ацы мыггæгтæ равзæрдысты Тегка, Магка æмæ Хъайтмазы нæмттæй, хонынц сæ Цæразоны цæуæт. Туалгоммæ дам æрбафтыдысты Тырсыгомæй. Хуыздæр цардагур рахызтызты Æрхоны æфцæгыл, цыдысты Æрыдоны комы, бафтыдысты Нузалмæ. Сæ фæндаг адарддæр кодтой æмæ æрлæууыдысты Зæрæмæджы. Ам фондз комы: Къасарайы, Цмийы, Нары, Мамысоны æмæ Адайы кæрæдзийыл æмбæлдысты. Фæстæдæр ма Дæллаг Зæрæмæгмæ æрлыгъдысты Дзоцъитæ. Таурæгъмæ гæсгæ, уыдон æрбафтыдысты Гуырдзыйæ. Ацы ран сырæзт æртæ хъæуы: Магкатыхъæу, Тегкатыхъæу, Дзоцъитыхъæу. Хъайтмаз ам не ’рцард, ацыд Адайы коммæ æмæ æрцард Уæллаг Зæрæмæджы. Цæразонтæ дих кодтой Уæллаг æмæ Дæллаг Цæразонтыл. Нымад уыдысты уæздæттыл. Уæллаг Цæразонтæм хаудтой: Магкатæ, Тегкатæ, Сихъотæ, Мамытæ, Дзоцъитæ, Абойтæ, Хъайтмæзтæ, Куыдзæгтæ. Сæхи иннæ мыггæгтæй уæлдæр кодтой, Мыкалгабырмæ дæр сæхи хæстæгдæр хуыдтой. Сæхиуыл æлдариуæг кæнын никæй уагътой. Уымæн сын бар лæвæрдта, цы фидар сын уыд, уый.

Уæллаг Зæрæмæгæн фидар уыд, Цъуалийы (Дæллаг Бурон). Дæллаг Цæразонтæ бирæ фылдæр уыдысты æмæ ахстой хъæутæ: Цъуали, Цъæй, Нузал, Амасин, Бад, Къора, Нæзыджын. Зæрæмæджы цæрæг мыггæгтæ сæхи Мамысоны комы цæрджытæй уæлдæр кодтой, чызг дæр сæ стæм хатт куырдтой. Фæлæ уæддæр Тегкатæн сæ иу хай — Гагкайы цæуæт — ацыдысты цæрынмæ Мамысоны ком Лисрийы хъæумæ. Уыдон уыдысты Схайы фырттæ: Мæцыхъо æмæ Борыхъо, сæ зæххытæ Зæрæмæджы баззадысты. Седаны фырт Кандуа йæ лæппутæ: Дзанаспи, Дзагко æмæ Алекси æфцæгыл ахызтысты Гуырдзымæ, 1908-1910 азты адæм хохæй быдырмæ куы райдыдтой лидзын, уæд лисрийаг Тегкатæ дæр алыгъдысты. Алчи сæ зæххагур афтыд æндæр æмæ æндæр ранмæ. Уыд ма дзы туджджынтæй хидард айсыны хъуыддаг дæр. Гагкайы цæуæтæй Аврам йæ фырттимæ (Темур, Навруз æмæ Маци) ам фæтуджджын æмæ алыгъд Куырттаты коммæ, æрцард Хæрисджыны. Фæстагмæ дзы Тегкатæй ничиуал цард, фæлæ сæ хæдзары бынæттæ, сæ хуымты нæмттæ баст уыдысты Тегкаты мыггагимæ. Тегкатæ цæрынц Дыгургомы дæр, Доныфарсы, ныр уырдыгæй алыгъдысты Лескен, Лабæ, Хæзныдон, Куырттаты ком, Беслæн æмæ æндæр рæттæм. Дыгургоммæ дæр Тегкатæ фæлыгъдысты, кæй фæтуджджын сты, уый тыххæй. Дыууæ æфсымæрæй Тегкатæ фæтуджджын сты Туалгомы æмæ æрцардысты Дыгургомы. Ирæттæ Дыгургоммæ кæй лыгъдысты, уымæн бирæ цæвиттонтæ ис. XIX æнусы райдиан, уæлдайдæр та XIX æнусы астæу, Дыгургомы æлдæрттæй бирæтæ Туркмæ алыгъдысты æмæ сын сæ зæххытæ æлхæдтой æндæр кæмттæй æрцæуæг мыггæгтæ: Сихъотæ, Костантæ, Мецъитæ, Дзоцъитæ, Тегкатæ.

Тегкатæ цæрынц Хуссар Ирыстоны дæр. Хуссар Ирыстоны Тегкатæн сæ фыдæл уыд Хазмай, ралыгъд Зæрæмæгæй. Ручъы æфцæгыл æрцыд йæ фырттимæ æмæ æрцард Хъорнисы комы. Хазмайы йеддæмæ ма Хуссар Ирмæ ралыгъд Седан йæ фырт Кандуаимæ. Уыдон та æрцардысты Цъунары. Тегкатæ алырдæм ныппырх сты Зæрæмæгæй: Мамысоны коммæ, Уæлладжыргоммæ, Куырттатæм, Дыгургоммæ, Хуссар Ирмæ, Хуссар Ирæй та Гур æмæ Боржомы районтæм.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.