Перейти к содержанию

Томайтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Томайтæ
Рагон мыггаг Æгъуызатæ
Бындурæвæрæг Тома[1]
Æрвадæлтæ Къозонтæ, Будзитæ, Къоратæ[1]
Кæм цардысты Уæллаг Къора, Ручъы ком
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Томайтæ (уырыс. Томаевы) сты ирон мыггаг.

Тома, Дзыго æмæ Беккуызар уыдысты хæрз æфсымæртæ. Цардысты Уæлладжыры комы, Холысты. Сæ лæджы бынатмæ куы бацыдысты, уæд Тома ралыгъд Куырттаты коммæ æмæ æрбынат кодта Къорайы. Дзыго алыгъд Хохы Санибамæ, Беккуызар та баззад Холысты. Уыдонæй равзæрдысты Томайтæ, Дзгойтæ æмæ Беккуызартæ.[1]

Томайтæ Къорайы цардысты. Сæ иу Хатæхцыхъо хуынди. Хæтæхцыхъойæн иу лæппу райгуырд æмæ йыл Хæтгар сæвæрдта. Хатæхцыхъо Рукъмæ алыгъд, æмæ Хæтгар уым слæг и. Хæтгарæн æрхастой кæсгон æлдары чызджы, æмæ йын дзы райгуырди æртæ лæппуйы. Сæ кæстæр Созырыхъо хуынди. Уый æрхаста Дыгурæй Хъуыбадты чызджы æмæ йын дзы райгуырди дыууæ фырты: Мæхæмæт æмæ Тасолтан. Хæтгар ноджы иу чындз æрхаста — Мачабелты чызджы. Мачабелты чызгæй райгуырдысты Леуан æмæ Пасул. Мачабелты зондæй Хæтгар ацыди кæсæджы æлдармæ уæзданы гæххæт исынмæ. Кæсæджы æлдар ын радта уæзданы гæххæтт. Дыгуры Хъуыбадтæ, Слонатæ æмæ Бруты Санатæ дæр сæ къух æрфыстой. Уæд Ерыстауы фырт стыр инæлар уыди, æмæ ма хъуамæ уый æрфыстаид йæ къух, фæлæ Ерыстауы фырт йæ къух нал æрфыста, æмæ Томайтæ æххæст уæздан нал систы.[2][3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1 2 3 Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ / Чиныг сарæзта Хъантемыраты Æ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2011 — 496 ф. Т. 2.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  3. Биазырты А. Х. Ирон адæмон аргъæуттæ (Историон æмæ бынæттон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ хабæрттæ). — Цхинвал, 1962. — Т. III.