Перейти к содержанию

Византияйы импери

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Импери
Скæсæн Ромы импери (Византия)
лат. Imperium Romanum Orientale, Romania
гр. Βασιλεία Ῥωμαίων, Ῥωμανία
 

Сæйраг сахар Константинополь
Æвзаг æрæджы латинаг æвзаг, койне, астæуккаг грекъаг
Официалон æвзаг латинаг æвзаг (VII æнусы агъоммæ), астæуккаг грекъаг
Дин чырыстон дин
Æхцайы иуæг солид, византияйаг згъæрæхца, дукат
Фæзуат 3 500 000 км² (VI æнус), 440 000 км² (1281), 17 668 км² (1368)
Цæрджытæ 35 млн (VI æнус), 10 млн (XII æнус), 5 млн (1281)
Хицауиуæджы хуыз доминат
Династи 20 династийæ фылдæр
Ромейты император
 • 395408 Аркадий (фыццаг)
 • 14491453 Константин XI (фæстаг)
Алгонд
← Ромы импери
Османты импери →
Развæдгæнджытæ æмæ ивджытæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Византияйы импери, Византия[1], Рум[2], Урум[2] (гр. Βασιλεία των Ῥωμαίων, «Ромы импери»); IV æнус[3]1453-æм азСкæсæн Ромы империйы ном ныгуылæйнаг историографийы. Ном «Византияйы импери» (сахар Византиймæ гæсгæ, уый бынаты Ромы император Константин I Цытджын IV-æм æнусы райдайæны бындур сæвæрдта Константинополæн) паддзахад райста ныгуылæйнаг историкты куыстыты нырид йæ сæфты фæстæ. Сæхæдæг сæхи византиæгтæ хуыдтой ромæгтæ — грекъагау «ромейтæ», сæ паддзахад та — «ромаг», «ромейаг» (гр. Βασιλεία των Ῥωμαίων).

Ныгуылæйнаг ратæдзæнтæ ма хонынц Византияйы импери «Романи» (англ. Romania, гр. Ρωμανία). Йæ царды фылдæр хай ныгуылæйнаг æмдуггæгтæ йæ хуыдтой «грекъаг импери», грекъæгты æлдариуæджы тыххæй культурæйы стæй цæрджыты нымæцы. Рагон Уырысы дæр йæ хуыдтой «Гречъы паддзахад», йæ сæйраг сахар та — «Царьград» (ома «паддзахы сахар»).

Византияйы империйы сæйраг сахар йæ историйы дæргъы æнæсцухгæнгæйæ уыдис Константинополь, астæузаманы егъаудæр сахартæй иу. Тæккæ уæрæхдæр территоритæ импери ахста император Юстиниан I-æмы рæстæджы. Уый фæстæ паддзахад цадæггай йæ зæххытæ сæфта, варвæрон къароладты, æмæ скæсæневропæйаг знæмты ныббырстыты фыдæй. Араббаг тыхæйбайсгæ хæстыты фæстæ импери ма ахста айдагъ Гречъы æмæ Чысыл Азийы территоритæ. IXXI—æм æнусты цасдæр фæтынджы фæстæ, хъуыддæгтæ раивтой егъау сæфтытæм, бæстæйы хæлд дзуархæсджыты цæфты бын, æмæ бынсæфт сельджукты æмæ османты ныббырстыты фыдæй.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Византияйы империйы этникон сконд уыдис тынг алыхуызон, уæлдайдæр йæ историйы фыццаг этапы: бердзенæгтæ, сомихæгтæ, сириæгтæ, коптæгтæ, дзуттæгтæ, Чысыл Азийы цæрæг эллинизацигонд знæмтæ, фракиæгтæ, иллириæгтæ, дакæгтæ. Территоритæ куы фæцыбырдæр сты (VI æнусы кæронæй), уæд ма иуæй-иу адæмыхæттыты хай баззадис йæ арæнты æддæрдыгæй — уыимæ иу ардæм æрбафтыдысты æмæ æрцардысты æндæр адæмыхæттытæ (готæгтæ IV—V æнусты, славяйнæгтæ VI—VII æнусты, араббæгтæ VII—IX æнусы, печенегтæ, половецæгтæ XI—XIII æнусты æмæ æнд. VI—XI æнусты Византияйы цæрджыты сконды уыдысты этникон къордтæ, кæдонæй фæстæдæр сæвзæрыд италиаг адæмыхатт. Византияйы экономикæйы, политикон царды æмæ культурæйы уæлиуæг кодтой бердзенæгтæ. Византияйы паддзахадон æвзаг IV—VI æнусты латинаг, VII-æм æнусæй æмæ империйы фæцарды кæронмæ бердзенаг.

Паддзахадон арæзт

[ивын | Бындур ивын]
Ромы импери 395-æм азмæ

Ромы империйæ Византия райста хицауиуæджы монархион формæ йæ саргъы императоримæ. VII-æм æнусæй паддзахады сæргълæууæджы арæхдæр хуыдтой автократор æмæ василевс (базилевс). дæргъвæтин рæстæджы æвæрд цыдис раздæры паддзахадон æмæ финансон фæтклæвæрды систæмæ. Фæлæ VI-æм æнусы кæронæй райдыдтой ахъаззаг ивддзинæдтæ. Реформæтæ тынгдæр баст уыдысты хъахъхъæнынадимæ (административон дих фемтыл экзархатты бæсты) æмæ грекъаг культурæйы æлдариуæгимæ (логофеты, стратегы, друнгариы æмæ æндæр хæсæдты баконд). X-æм æнусæй уæрæх кæнын райдыдта феодализм, ацы процесс расайдта феодалон аристократийы минæвæртты паддзахы бадæныл бафидардзинад. Империйы фæстаг бонмæ не ’нцайынц бирæнымæцон растæдтытæ æмæ тох императоры троныл.

Византияйы императортæ

[ивын | Бындур ивын]

Ныгуылæн Ромы Импери сæфты фæстæ 476-æм азы, Скæсæн Ромы Импери ма дарддæр цардис мин азы бæрц, историографийы уыцы рæстæгæй хуындис Византия.

Византияйы æлдариуæггæнæг къласы характерон миниуæг уыдис йæ бæрзонд мобилондзинад.[4] Адæймаджы бон уыдис бынтæй фæндаг айгæрдын хицауадмæ, зæгъæм карьерæ скæнгæйæ æфсады æмæ бакусгæйæ хæстон кад. Афтæ зæгъæм император Михаил II уыдис æнæахуыр æххуырст, уыимæ ма йын уыдис мæлæты тæрхон рахастæуыд, император Лев V Сомихагæй, змæсты тыххæй æмæ йæ æфхæрд фæстæдæрмæ хаст æрцыдис 802-æм азы Ног азы бæрæгбоны тыххæй, Василий I уыд зæхкусæг, уый фæстæ та бæхты æууæрдæг зынгæ стыр хицаумæ. Роман I Лакапин дæр уыдис зæхкусджытæй рацæуæг, Михаил IV император суыны размæ уыдис æхцатæ ивæг, йæ иу æфсымæры хуызон.[4]

Кæд Византия æфсад райста Ромы империйæ, уæддæр йæ арæзт хæстæг уыдис эллинон паддзахæдты фалангон системæмæ. Византияйы царды кæронмæ æфсад ссис сæйрагдæр æххуырст, æмæ хицæн кодта ныллæг хæстхъомдзинадæй.

Дарæйы хæсты пълан 530-æм аз, Уым Византия баххуырста аллыхуызон фæсарæйнаг салдæтты, уыдонимæ гуннты. en:Battle of Dara
Византияйы империйы фемтæ

Фæлæ деталты уыдис куыстгонд хæстон фæтклæвæрды æмæ ифтонгкæныны систæмæ, мыхуыргонд цыдысты куыстытæ стратеги æмæ тактикæйыл, уæрæх пайдагонд цыдис алыхуызон техникон мадзæлттæй, зæгъæм знæгты ныххауды тыххæй фехъусынкæнынмæ арæзт цæуы маякты системæ. Зæронд ромаг æфсадæй хъауджыдæр тынг сырæзтис флоты нысаниуæг, уый «грекъаг арты» æххуысæй бацахсы æлдариуæг денджызы. Сасанидтæй фæзмыд цæуы æххæстæй згъæрджын бæхджын æфсад — катафрактаритæ. Уыимæ фесæфынц техникон вазыг æхсæнгæрзтæ, баллистæтæ æмæ катапультæтæ, иуварсгонд æрцыдысты хуымæтæгдæр дурæхсджытæй.

Æфсады æмбырды фемон системæмæ ахызт бæстæйæн фадат радта 150 азы æнтыстджын хæстытæ кæнын, фæлæ зæхкусджыты финансон смæгуырдзинад æмæ феодалтæм дæлбар кæй бацис, уый цадæггай фæныллæгдæр кодта сæ хæцынхъомдзинад. Комплектацийы системæ раивта феодалонмæ, уæздæттæ хъуамæ æфсæддон контингенттæ æрвыстаиккой зæххæй пайдакæныны бартæ сын лæвæрд кæй цыдис, уый тыххæй.

Дарддæр æфсад æмæ флот тынгæй-тынгдæр цæуынц заууатмæ, империйы фæстаг рæстæг та свæййынц сыгъдæг æххуырст сконды. 1453-æм азы Константинополь цæрджыты нымæцимæ 60 мины равæрдта æрмæст 5 минон хи æфсад æмæ 2,5 мины æххуырст. X-æм æнусæй Константинополы императортæ æххуырстой русты æмæ сыхаг варвæрон знæмтæй хæстонты. XI-æм æнусы этникон хæццæ варягтæ уыдысты зынгæ бынатыл уæззау фистæгæфсады, рог бæхæфсад та арæзт цыдис цæугæцардгæнæг знæмтæй.

Викингты балцыты дуг, XI æнусы райдайæны, кæронмæ куы æрхæццæ, уæд æххуырстытæ Скандинавийæ (æмæ ма викингтæй тыхæйбайст Нормандийæ æмæ Англисæй)[5] Зæххастæуы денджызы сæрты баздæхтысты Византимæ. Фидены норвегиаг къарол Харальд Тызмæг цалдæр азы хæцыдис Варягаг гвардийы нæхъæн Зæххастæуон денджызы регионыл. Варягаг гварди хъæбатырæй хъахъхъæдта Константинополь дзуархæсджытæй 1204-æм азы æмæ пырхгонд æрцыдис сахары бацахсты рæстæг.

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]
Византиаг бронзæйæ згъæрæхцатæ, Анастасий I-мы паддзахиуæг, 498518.

Паддзахады скондмæ хаудтой хъæздыг зæххытæ бирæнымæцон сахартимæ — Мысыр, Чысыл Ази, Грекъ. Сахарты æрмгусджытæ æмæ сæудæджергæнджытæ иу кодтой корпорацитæм. Корпорацимæ бахауын уыдис привелеги, уырдæм бахизынмæ хъуыдис сæххæст кæнын аллыхуызон домæнтæ. Эпархæй (сахары сæрдар) æвæрд домæнтæ Константинополы 22 корпорацийæн уыдысты X æнусы иугонд уынффæты æмбырдгондмæ — Эпархы чиныгмæ.[6]

Фæтклæвæрды системæ уыд тынг коррупцигонд, хъалонтæ тынг бæрзонд, фæлæ уæддæр Византияйы экономикæ дæргъвæтин рæстæджы уыдис тæккæ хъомысджындæр Европæйы. Базарад цыдис æппæт Ромы раздæры зæххытимæ ныгуылæны, æмæ Индийымæ (Сасанидты æмæ араббæгты сæрты) скæсæны. Араббаг тыхæйбайстты фæстæ дæр импери уыдис тынг хъæздыг. Фæлæ финансон хæрдзтæ дæр уыдысты тынг стыр, бæстæйы хъæздыгдзинад та сиддтис тынг хæлæгдзинад аллыварсцæрджытæй. Базарады цауддзинад (расайдтой, йæ италиаг сæудæджергæнджытæн цы уæлбартæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон), Константинополы бацахст дзуархæсджытæй æмæ османты ныббырст æркодтой финансты кæронгæнæн цауддзинадмæ, æмæ паддзахады æрхаудмæ.

Зонад, медицинæ, барад

[ивын | Бындур ивын]

Византиаг зонад паддзахады уæвындзинады æппæт дæргъы уыдис æнгом баст антикон философийымæ æмæ метафизикæимæ. Ахуыргæнды сæйраг архайд уыдис æмхæст фæзойы, уым ахаста стыр æнтыстдзинæдтæм, зæгъæм дæнцæгæн ис æрхæссæн Софияйы стыр аргъуаны сарæзт æмæ грекъаг арты æрхъуыдыдзинад. Уыимæ сыгъдæг зонад зæгъæн ис æмæ размæ нæ цыдис, нæдæр гуырыдис ног теоритæ, нæдæр антикон хъуыдыгæнджыты идейæтæ тынгад кодтой. Юстианины дугæй раст фыццаг миназы кæронмæ наукон зонындзинад баййæфта тыхджын цауддзинад, фæлæ фæстæдæр та византиаг ахуыргæндтæ сæхи равдыстой, уæлдайдæр астрономийы æмæ математикæйы, фæлæ уый рауад персайнаг æмæ араббаг зонады æнтыстытыл æнцойгæнгæйæ.

Византиаг медицинæ уыдис зонады иу æнæбирæ фадыгтæй, кæм антикон рæстæджы хъауджы, уыдис прогресс æвдыст. Византиаг медицинæйы тæфаг йæхи бæрæг дардта куыд араббаг бæстæты, афтæ Сæндидзæны дуджы Европæйы дæр.

Империйы уæвындзинады фæстаг сæдæ азы Византия ахъаззаг фæцис рагон грекъаг литературæйы рапарахатæн Италийы. Уæды рæстæджы астрономийы æмæ математикæйы сæйраг ахуыргæнæн центр сси академи Трапезунды.

Сæйраг уац: Византиаг барад

Юстиниан I реформæтæ барады фадыджы стыр тæфаг бахастой юриспруденцийы рæзтмæ. Византиаг тугтæрхонон барад уыдис дзæвгарæй ист Уырысæй.

Паддзахады фæдихдзинад Скæсæн Ромы æмæ Ныгуылæн Ромы империтыл

[ивын | Бындур ивын]
Паддзахады фæдихдзинад Скæсæн Ромы æмæ Ныгуылæн Ромы империтыл

330-æм азы Ромы император Константин Цытджын расидтис йæ бæстæйы сæйраг сахарæй Византий, йæ ном йын аивгæйæ Константиномолмæ.

Константин I

Сæйраг сахары ахасты хъæуындзинад уыдис сидт фыццаджы дæр раздæры сæйраг сахар — Ром — дардæвæрд кæй уыдис паддзахады тæссаг скæсæйнаг æмæ цæгат-скæсæйнаг арæнтæй. Константинополæй хъахъхъæнынад саразын бирæ æнцондæр уыдис, Ромимæ абаргæйæ. Ноджы ма сæйраг сахары аивды аххосæгты фæамонынц Константины диноы зæрдæрардтæ: уый тынгдæр зæрдыл дардта чырыстон дин æмæ нæ уарзта, муртад парахад кæм уыдис, уыцы Ром.

Скæсæн æмæ Ныгуылæн империтыл кæронмæ фæдих сты 395-æм азы, император Феодосий Цытджын куы фæмард. Византияйы сæйраг хъауджыдзинад Ныгуылæн Ромы Империйæ уыдис йæ территорийыл æлдариуæг кæй кодта грекъаг культурæ. Хицæндзинæдтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ дыууæ сæдæ азы æмгъуыдмæ паддзахад æххæстæй райста индивидуалон бакаст.

Хæдхъом Византияйы сырæзт

[ивын | Бындур ивын]
Сæйраг уац: Византиаг æвзаг

Византия куыд хæдхъом паддзахад сырæзтис 330518 азты периоды. Уæд Дунайы æмæ Рейны арæнты сæрты ромаг территоримæ хызтысты бирæнымæцон варвæрон, фылдæр гермайнаг знæмтæ. Скæсæны арæнтыл дæр уавæр æнцон нæ уыдис.

378-æм азы вестготтæ хъуыстгонд Адрианополы тохы, фæуæлахиз сты, император Валент фæмард æмæ Аларих нызаууат кодта æнæхъæн Грекъ. Фæлæ тагъд рæстæджы Аларих ацыдис ныгуылæны ’рдæм — Испани æмæ Галлимæ, уым готтæ бындур сæвæрдтой сæхи паддзахадæн, æмæ Византийæн уыдонæй тас нал уыдис.

441-æм азы готты аивтой гуннтæ. Аттилæ цалдæр хатты расидти хæст, æмæ афтиддæр стыр хъалонты бафыстæй рауадис йæ дарддæры бабырстытæ бауыромын. 451-æм азы адæмты тохы (Каталауны быдыртæ) Аттилæ фæхæрд, æмæ йæ паддзахад тагъд рæстæджы фехæлд.

V-æм æнусы дыккаг æрдæджы тас æфтауын райдыдта остготты паддзахад, Теодорих ныггæныстон кодта Македони, тæссаг уавæры уыдис Константинополь дæр, фæлæ ацыдис ныгуылæнмæ, бацахста Итали æмæ Ромы хæлддзæгтыл бындур сæвæрдта йæхи паддзахадæн.

Уавæр тынг æнкъуысын кодтой бирæнымæцон чырыстон ерестæарианон, несторианон, монофизитон. Ныгуылæны рагæй папад (уырыс. папство), Лев Цытджынæй (440461) райдайгæйæ, фидар кодта папон монархи, Скæсæны та Александрияйы патриархтæ, уæлдайдæр та Кирилл (422444) æмæ Диоскор (444451), фæлвæрдтой сæвæрын папæйы бадæн Александрияйы. Уый йеддæмæ, уыцы змæстыты рæстæг уæлæмæ уæлдон кодтой зæронд националон хъаугъатæ, æмæ нырма цæрæг сепаратистон тенденцитæ; афтæмæй динон конфликттимæ æнгом стыхстысты политикон интерестæ æмæ нысæнттæ.

502-æм азы персайнæгтæ сног кодтой æфсæрст скæсæнæй, славяйнæгтæ æмæ булгайрæгтæ райдыдтой лæбурын Дунайæ хуссарырдæм. Мидызмæстытæ схæццæ сты кæройнаг гæрæнтæм. Сæйраг сахары цыдис карз тох «кæрдæгхуызтæ» æмæ «копрадзхуызты» (уæрдæтты командæты хуызтæм гæсгæ) партиты ’хсæн. Æппынфæстаг, фидар хъуыдæг цыдис ромаг традици, æмæ мынæг нæ уагъта хъуыдытæ ромаг дунейы иудзинады тыххæй, æнæсцухæй здæхта адæмы зонд Ныгуылæнмæ. Цæмæй ахæм æнæхъæддыхдзинад уавæрæй паддзахад рацыдаид, уый тыххæй хъуыдис фидар къух, бæрæг политикæ дырыс æмæ раст пълæнттимæ. Ахæм политикæ æххæст кодта Юстиниан I.

Византийы импери 550-æм азмæ

VI æнус. Император Юстиниан

[ивын | Бындур ивын]

518-æм азы император Анастасийы мæлæты фæстæ паддзахы бынатмæ схызтис гвардийы сæргълæууæг Юстинмакедойнаг зæхкусджытæй рацæуæг. Паддзахиуæг кæнын уыдаид тынг зынвадат уыцы кæсын-фыссын нæзонгæ зæронд лæгæн, йæ цуры куы нæ разындаид йæ хæстæг Юстиниан. Юстины æлдариуæджы тæккæ райдайæнæй хицауад æцæгæй уыдис Юстинианы къухты. Уый дæр уыд Македонийы гуырд, фæлæ райста иттæг хорз ахуырад æмæ разындис тынг курдиатджын аллыхуызон миниуджытæй. 527-æм азы æххæст бартæ райсгæйæ Юстиниан бавнæлдта йæ фæндтæ æххæст кæнынмæ империйы фæстæмæ къæхтыл слæууыны тыххæй, æмæ императоры хицауиуæг фидар кæнынмæ. Цæдисы бацыдис ахадгæ диныздæхтимæ. Юстинианы рæстæг еретикты тыхæй ивтой официалон динмæ æртхъирæнгæнгæйæ граждайнаг барты истæй, æмæ суанг мæрдæфхæрдæй дæр.

Император Юстиниан I æмæ Велизарий. Мозаикæ. Равеннæ, сыгъдæг Виталийы аргъуан

532-æм азы онг æнæвдæлон уыдис сæйраг сахары ралæудтытæ цъист кæнынæй æмæ персайнæгты ныббырстытимæ тох кæнынæй, фæлæ тагъд рæстæджы йæ политикæйы сæйраг здæхт азылдис ныгуылæны ’рдæм. Варвæрон къароладтæ ивгъуыд æнусы æрдæгмæ ныллæмæгъ сты, цæрджытæ сидтысты империимæ баиумæ, æппынфæстаг гермайнæгты къаролтæ сæхæдæг дæр нымадтой Византийы домæнты закъондзинад. 533-æм азы æфсад, йæ сæргъы Велизарий афтæмæй, ныццавта вандайлæгты æмæ аллонты паддзахады Цæгат Африкæйы. Иннæ нысан сси Итали, уæззау хæст Остготты къароладимæ цыдис 20 азы æмæ фæцис византийæгты уæлахизæй.

Император Юстиниан I згъæрæхцайыл

554 æм азы Вестготты къароладыл ныххаугæйæ Юстиниан йæхи бакодта Испанийы хуссайраг хай дæр. Уыцы архайдтыты фæстиуæгæн бафиппайын ис æмæ империйы зæххытæ систы дыууæ хатты фылдæр. Фæлæ уыцы æнтыстытæ æрдомдтой паддзахады тыхты æгæр егъау хардзтæ, æмæ уымæй спайда кодтой персайнæгтæ, славянтæ, авартæ æмæ гуннтæ, кæдон стыр зæххытæ нæ байстой уыцы рæстæг, фæлæ ныггæныстон кодтой бирæ территоритæ Империйы скæсæны.

Византийы импери 554-æм азмæ.

Византиаг дипломати дæр архайдта цæмæй æппæт иннæ дунейы уæллоз æвæрд æрцæуой империйы престиж æмæ æндæвд. Æхцаты æмæ хорзæхты æнтыстджын уæрсты, æмæ империйы знæгты астæу хæрзарæхстджынæй хъаугъатæ тыды руаджы Византийы дипломати дæлбар кодта варвæрон адæмыхæттыты, кæдон хæтыдысты монархийы арæнтыл. Византияйы æндæвды сферæмæ æфтауыны тыххæй ма парахат архайд цыдис чырыстон дины динамындæй. Миссионерты архайд, Сау денджызы былгæрæттæй Абиссинийы уæлвæзты æмæ Сахарæйы оазисты онг уыдис византиаг политикæйы характерондæр æвдисæнтæй иу.

Хæстон экспанси йæдтæмæ ма Юстинианы иннæ ахъаззагдæр хæслæвæрдтæй иу, уыдис административон æмæ финансон реформæтæ. Импреийы экономикæ уыдис уæззау кризисы, фæткдаруат хъыгдæрд уыд коррупцийæ. Цæмæй фæткдаруат рацарæзт æрцæуа, уый тыххæй император райдыдта æххæст кæнын закъондæттынады кодификаци, стæй реформæты рæнхъ, кæдон проблемæтæ бындурæй нæ аиуварс кодтой, фæлæ уæддæр цыдæр æххуыс фæсты. Нæхъæн империйыл стынг ис арæзтад, Антонинты «сызгъæрин рæстæджыты» рацыдæй егъаудæр. Ног тæмæн акалдта культурæ.

VI—VII æнустæ

[ивын | Бындур ивын]

Фæлæ номдзыддзинад æлхæд æрцыдис зынаргъ аргъæй — экономикæ фæхæлд хæстытæй, цæрджытæ смæгуыр сты æмæ Юстинианы ивджытæ (Юстин II (565—578), Тиверий II (578—582), Маврикий (582602)) сæ цæст сæйрагдæр дардтой нырид хъахъхъæнынадмæ, æмæ рахастой политикæйы здæхт скæсæнырдæм. Юстинианы тыхæйбайсттæ рауадысты тæссонд — VI—VII æнусты кæронмæ Византийæ фæсæфта æппæт ист территоритæ скæсæны, баззад ма йæм уым афтиддæр Хуссар Итали.

Уыцы рæстæджы лангобардты æрбабырст айста Византияйæ Италийы æрдæг, 591-æм азы Персимæ хæсты рæстæг ахст æрцыдис Сомих, цæгаты дарддæр цыдис ныхмæлæуд славяйнæгтимæ æмæ авартимæ, кæдон 560-æм азты æрбынат кодтой Дунайыл. Фæлæ иннæ VII æнусы райдайæны персайнæгтæ хæст ногæй райдыдтой æмæ дзæвгар æнтыстытæ самал кодтой империйы бирæнымæцон змæстыты тыххæй.

610-æм азы Карфагенаг экзархы фырт Ираклий раппæрста император Фокайы æмæ бындур сæвæрдта ног династийæн, уыцы династи хъом разындис паддзахадæн тас чи æвзарын кодта, уыцы хъуыддæгты ныхмæ лæууын. Уый уыдис Византияйы историйы тæккæ зындæр рæстæджытæй иу, персайнæгтæ бацахстой Мысыр, Сири æмæ Чысыл Азийы хай, æртхъирæн кодтой Константинополæн, авартæ, славяйнæгтæ æмæ лангобардтæ бырстой арæнтæм аллы здыгæй. Ираклий рамбылдта иу рæнхъ хæстæмбæлды персайнæгтимæ, ахаста хæст сæ территоримæ, уый фæстæ сах Хосров II мæлæт, æмæ цалдæр растады æрдомдтой персайнæгты æппæт тыхæйбайстæ раздахын æмæ фидыддзинад сæххæст кæнын. Фæлæ дыууæ бæстæйы дæр тынг кæй баихсыдысты ацы тохы, уый фадат радта æмæ бындур сæвæрдта араббаг тыхæйбайсттæн.

Сасанидты Персаг импери 610 азы.

626-æм азы Константинополыл æрхъула кодтой авартæ, славянтæ æмæ сæ цæдисон персайнæгтæ. Ацы цауы тыххæй фыстæджытæ ис зæронд гуырдзиаг къухæйфысты («Константинополыл æртыхстытсы скифтæ, кæдон сты уырыссæгтæ») æмæ XV—XVII æнусты зæронд славяйнаг къухæйфыстты, уыдонмæ гæсгæ ис æнхъæлын, хъулагæнджыты хай кæй уыдис Астæуккаг Поднепровьйæйы хъæддон тæлмы славяйнæгтæ.[7]. Сахар райсыны фæлварæн фехæлдис, аварты æмæ славяйнæгты астæу куы стынг ис быцæудзинад, æмæ сæ фæстæмæ ацæуын бахъуыдис.

634-æм азы халиф Омар æрбабырста Сиримæ. 635 азы араббæгтæ бацахстой Дамаск. Скъуыддзаггæнаг хæстæмбæлд византиæгты æмæ араббæгты æхсæн Сирийыл цæстдарды тыххæй æрцыдис 636-æм азы 20 августы. Арæх æмбæлынц æгæр бæрзонд нымæцтæ византиаг æфсады бæрцы тыххæй уыцы хæстæмбæлды, император Ираклий дам æрымбырд кодта 200 мин адæймаджы Сири байсынмæ (фæдзурынц ма 400 мины дæр), фæлæ æцæгдзинадæй Византияйы æфсады нымæц Ярмучы хæстæмбæлды рæстæджы уыдис бæрæг къаддæр 100 минæй (Большаков 1993: 54). Хæсты фæстиуæг скъуыддзаг кодтой æрдзон уавæртæ: змисджын тымыгъ фæуыргъуыйау кодта византиæгты. Ираклийы æфсад уыдис бирæнацион. Грекъæгтæ йæдтæмæ ма дзы уыдысты сомихæгтæ æмæ чырыстон араббæгтæ. Пысылмон араббæгтæ фæуæлахиз сты. Ираклий фæстæмæ раздæхтис Константинополмæ. Фæстæдæр 40 азы æмгъуыдмæ сæфт æрцыдысты Мысыр, Цæгат Африкæ, Сири, Палестинæ, Уæллаг Месопотами, æмæ арæх ацы бæстæты цæрджытæ, фæлмæцыд уæвгæйæ хæстытæй, нымадтой араббæгты сæрибаргæнджытыл, уымæн æмæ фыццаг рæстæг иу уыдон фæныллæг кодтой хъалон. Араббæгтæ сарæзтой флот æмæ бавнæлдтой Костантинополмæ дæр. Фæлæ ног император, Константин IV Погонат (668685) сын ныхкъуырд ратта. Æмæ кæд араббæгтæ фондз азы дæргъы Константинополыл æртыхстытсы (673678) сурзæххæй дæр æмæ денджызæй дæр, уæддæр йæ сæ бон нæ бацис бацахсын. Грекъаг флотæн тынг ахъаз фæцис «грекъаг арты» æрæджион æрымыст, уый æруаджы асырдта араббæгы эскадрæтæ æмæ сæ Силеуммы дæтты ныддæрæн кодта. Сурзæххыл халифаты æфсæдтæ æрцыдысты дæрæнгонд Азийы.

Халифат 632750-æм æзты. Аллыхуызон хуызтæй æвдыст цæуынц пысылмæтты зæххытæ Мухаммады амæлæты рæстæгмæ, фыццаг æртæ халифы тыхæйбайсттæ, æмæ Омейадты тыхæйбайсттæ

Ацы кризисæй импери рацыдис æнгомгонддæрæй æмæ монолитондæрæй, йæ националон сконд сси иугъæдондæр, динон хицæндзинæддтæ баззадысты раздæры афонты уымæн æмæ монофизитон æмæ арианон диныздæхттæ сæйраг дæр парахат уыдысты сæфт Мысыры æмæ Цæгат Африкæйы. VII æнусы кæронмæ Византийы территори хæццæ кодта Юстинианы империйы æртыккæгæм хаймæ. Йæ аппон территоритæ уыдысты грекъæгтæ кæнæ элинизацигонд знæмтæ кæм цардысты уыцы зæххытæ, дзырдтой дзы сæйрагдæр бердзенаг æвзагыл. Уыцы рæстæджы райдыдта славяйнаг знæмты массон миграци Балканы æрдæгсакъадахмæ. VII æнусы апарахат сты Мезийыл, Фракийыл, Македонийыл, Далмацийыл, Истрийыл æмæ Гречъы зæххытыл. Цасдæр нымæц сæ æрцæрын кодтой Чысыл Азийы. Баивта цæрджыты этникон сконд империйы скæсæйнаг хайы дæр, фæзындысты сомихæгты, персайнæгты, сирийæгты, араббæгты цæрæнрæттæ.

VII æнусы æххæстгонд æрцыдысты ахъаззаг реформæтæ фæткдаруаты — эпархиты æмæ экзархатты бæстæ импери дихтæгонд æрцыдис фемтыл, дæлбар уыдысты стратигтæн. Империйы ног националон сконд æркодта уымæ, æмæ грекъаг æвзаг сси официалон, императоры титул дæр райдыдта бердзенагау зæлын — василевс (en:Basileus Rōmaiōn). Администрацийы рагон латинаг титултæ кæнæ фæсæфынц, кæнæ æрцæуынц эллинизацигонд, сæ бынæтты та фæзынынц ногтæ —логофеттæ, стратегтæ, эпархтæ, друнгаритæ. Æфсады, кæцы фылдæр арæзт уыдис азиатæгтæй æмæ сомихæгтæй, грекъаг æвзаг ссис приказты æвзаг. Æмæ кæд Византийы импери йæ фæстаг бонтæм хаста ном Ромы импери, уæддæр латинаг æвзагæй пайдагонд нал цыдис (афтиддæр ма йыл дзырдтой империйы цалдæр кæронраны, уым ма пайда кодтой адæмон латынæй, уыцы æвзагы бындурыл сæвзæрыдысты румынаг æвзаг Дакийы æмæ далматинаг æвзаг Иллирийы.

Византияйы импери 717-æм азмæ.

Рæстæгмæ стабилизацийы та ногæй раивта кризисты рæгъ — хæстытæ болгайрæгтимæ, араббæгтимæ, æнæрынцайгæ растадтæ. Æппынфæстаг Лев Исавр схызтис куыд Лев III паддзахы бынатмæ, æруырдæдта империйы хæлд æмæ араббæгтæн скъуыдзаггæнаг дæрæн ныккодта.

Æрдæгæнусон æлдариуæджы фæстæ дыууæ фыццаг Исавры скодтой импери хъæздыг æмæ цæрдхуыз, нæ сæ бахъыгдæрдта нæдæр емынæ 747-æм азы нæдæр змæстытæ, кæдон расайдта иконæты ныхмæ тох. Иконæты ныхмæ тохы фарс кæй рахæцыдысты Исавриаг династийы императортæ, уымæн уыдис куыд динон, афтæ политикон фактортæ дæр. Бирæ византиæгтæ VIII æнусы райдайæны зæрдæхудт уыдысты уæлдай мæнгуырнынæдты парахатæй, уæлдайдæр та цы бынат ахста дины иконæтæн табугæнæн, уырнынад сæ диссаджы миниуджытыл; бирæтæ æнхъæлдой уый динæн зиантæ кæй хæссы.

Византиаг — Хуыцауы мад Влахернаджы иконæ — империйы хъахъхъæнæг. Третьяковы галерей.

Уыимæ императорты тыхсын кодта аргъуаны рæзгæ хъомысдзинад. Ноджы дæр ма иконæтыл фау æвæргæйæ хицауад зæрдæ дардта араббæгтæм фæхæстæгдæр уын, уымæн æмæ араббæгтæ нывтæ нæ нымадтой. Иконæты ныхмæ тохы политикæ æркодта хъаугъатæм æмæ змæстытæм паддзахады мидæг, уыимæ фæтынгдæр ис дихдзинад Ромы католикаг епархиимæ æмахæстыты. Иконæтæн фæстæмæ кад кæнын райдыдтой VIII æнусы кæрон императрицæ Иринæйы руаджы, уый уыдис фыццаг император сылгоймаг, фæлæ IX æнусы райдайæны иконæты ныхмæ тохы политикæ дарддæргонд æрцыдис.

IX—X æнустæ

[ивын | Бындур ивын]

800-æм азы Карл Цытджын расидтис Ромы ныгуылæн империйы рацарæзт, уый Византийæн сси æнкъараг æгаддзинад. Æмрæстæджы Багдады халифат стынг кодта ныббырст скæсæнырдыгæй.

Византияйы импери Карл Цытджыны паддзахиуæджы кæроны, 814-æм аз.

Императортæй Лев V Сомихагæй (813820) æмæ дыууæ Фригиаг династийы императортæй Михаил II (820829) æмæ Феофилæй (829842) — уыдис дарддæрконд иконæты ныхмæ тохы политикæ. Ногæй дæс æмæ ссæдз азы æмгъуыдмæ импери бахауда змæстыты рæстæгмæ.

812-æм азы бадзырд банымадта Карл Цытджынæн императоры титул, уый расайдта егъау территориалон сæфтытæ Италийы, Византийы бар ма дзы баззадысты афтиддæр Венеци æмæ зæххытæ æрдæгсакъадахы хуссары.

Араббæгтимæ хæст, сног ис 804-æм азы, расайдта дыууæ æнкъараг сæфты: æрдæгсакъадах Криты бацахст пысылмон пираттæй (826) æмæ Сицилийы сæфт, байстой йæ цæгатафрикаг араббæгтæ (827), 831-азы сæ къухтæм бахаудта сахар Палермо. Уæлдай тызмæг уыд тас болгайрæгтæй, хан Курум куы фæуæрæхдæр кодта йæ паддзахады арæнтæ Гемæй Карпаттæм. Никифор афæлвæрдта йæ ныддæрæн кæнын Болгаримæ бабырсгæйæ, фæлæ фæстæмæ фæндагыл йæхæдæг дæрæнгонд æрцыдис æмæ фæмард (811), болгайрæгтæ та ногæй бацахстой Адрианополь æмæ æндæр фидæрттæ, æмæ фæзындысты Константинополы къулты бын (813). Крум ныппырх кодта Византийы æфсæдтæ 811 813-æм æзты æмæ бахъавыд Константинополь бацахсын тынг стыр æфсады æмæ хъулаон машинæты æххуысæй. Афтиддæр йæ æвиппайды мæлæт фæххуыс ис империйæн.

Василий I (галиу) æмæ йæ фырт Лев VI Зонынджын. Миниатюрæ Иоанн Скилицæйы хроникæйæ
Византийы импери 1000-æм азмæ

Змæстыты фæлтæр фæцис 867-æм азы паддзахиуæг кæнын куы райдыдта македонаг династи. Василий I Македонаг (867886), Роман Лакапин (919944), Никифор Фока (963969), Иоанн Цимисхий (969976), Василий II Болгархойæг (9761025) — императортæ æмæ узурпатортæ — радтой империйæн 150 азы тæмæнкалды æмæ хъомысы рæстæг. Саст æрцыдысты Болгари, Крит, Хуссары Итали, æххæст цыдысты æнтыстджын хæстон стæртæ араббæгты ныхмæ арф Сиримæ. Империйы арæнтæ ауæрæх сты Евфрат æмæ Тигрмæ, Сомих Иберийымæ бахаудтой вихантиаг æндæвды сферæмæ, Иоанн Цимисхий бахæццæ Иерусалиммæ.

IX—X æнусты бæрæг нысаниуæг Византияйæн райдыдтой дарын æмахæстытæ Киевы Уырысимæ. Фыццаг хатт рустæ сæхи фæбæрæг кодтой Константинополмæ балцæй 860-æм азы, уыцы æнтыстджын балцы тагъд рæстæджы фæстæ æрцыдис афтæ хонгæ Уæрæсейы фыццаг аргъуыд, йæ уавæртæ æмæ бынат бæлвырдгонд не сты. Фыццаг уырыссаг-византиаг базарадон бадзырд хауы 911-æм азмæ, азгайфыст легендæмæ гæсгæ йæ бафысты размæ Царьградыл балцæй цыдис Дæсны Олег. 941-æм азы кънйаз Игорь æрцыдис дæрæнгонд Константинополы къулты бын, фæлæ фæстæдæр сабыр æмахæстытæ сног сты. Уырысы ног хицауиуæггæнæг æхсин Ольгæ, бабæрæг кодта Византийы сæйраг сахар æмæ йыл уым саргъуыдтой. Кънягинйæйы фырт, кънйаз Святослав 970—971 гг. хæцыд Византияимæ Болгарийы сæрыл, фæлæ бавзæрста хæрд император Иоанн Цимисхийæ.

Йæ фырты фæлтæры, Киевы кънйаз Владимиры рæстæджы Византийæн бантыстис саргъауын Уæрæсейыл 988-æм азы, уый тыххæй Владимирæн уысæн лæвæрд æрцыдис багрянагмыггаг царевнæ Аннæ, уыд император Василий II хо. Византияйы æмæ Киевы Уырысы астæу арæзт æрцыдис хæстон цæсдис, æххæстгонд цыдис 1040 æзтæм. Уæрæсемæ православийымæ хъарын æмæ уæрæх кæнын райдыдта ахуырдзинад æмæ византиаг культурæ.

XI æнус. Империйы рæстæгмæ фæтынг

[ивын | Бындур ивын]

1019-æм азы, Болгари, Сомих æмæ Ибери бацахсгæ, император Василий II сбæрæг кодта стыр триумфæй империйы тæккæ стырдæр фæтынг, араббæгты тыхæйбайстты рæстæгæй. Æххæст кодтой паддзахады уавæр финансты иттæгхорз æууæл æмæ культурæйы айтынг.

Василий II, коронацигонд цæуы зæдтæй. Миниатюра йæ рæстæджы къухфыстæй — хъуыстгонд фырхъæздыг иллюстрацигонд «Минологийæ»

Фæлæ уыимæ райдыдтой сæхи бæрæггæнын лæмæгъдзинады фыццаг миниуджытæ, фæтынгдæр ис феодалон дихдзинад, уæздæттæ, кæдонæн дæлбаргонд уыдысты тынг стыр территоритæ æмæ ресурстæ, арæх æнтыстджынæй ныхмæ æвæрдтой сæхи централон хицауадмæ.

Империйы цауддзинад райдыдта Василий II мæлæты фæстæ, йæ ’фсымæр Константин VIII (10251028) æмæ йæ чызыты — фыццаг Зойæйы æмæ йæ ’ртæ лæджы (Роман III 10281034, Михаил IV 10341041, æмæ Константин Мономах 10421054) стæй Феодорæйы (10541056) хицауиуæгты рæстæг. Ноджы тынгдæр лæмæгъдзинад фæбæрæг Македойнаг династийы сыскъуыды фæстæ.

XI æнусы астæумæ сæйрагдæр тас скæсæнæй; турк-сельджуты паддзахад — 1092

Хæстон фæфæлдæхты руаджы паддзахы бадæнмæ схызтис Исаак Комнин (10571059); йæ къух исты фæстæ император сси Константин X Дука (10591067). Уый фæстæ хицауад райста Роман IV Диоген (10671071), уыйы раппæрста Михаил VII Дука (10711078); ног растады фæстæ паддзахы худ сæвæрдæуыд Никифор Вотаниатыл (10781081). Уыцы чысыл хицауиуджыты рæстæг анархи тынгæй-тынгдæр кодта, æддаг æмæ мидæггаг кризистæ уæззауæй-уæззаудæр уавæры æфтыдтой империйы.

Византийы импери 1025 азмæ.

XI æнусы кæрон Итали сæфт æрцыдис норманнты ныббырсты фæстæ, фæлæ сæйраг тас æфтыдта скæсæн — 1071-æм азы Роман IV Диоген дæрæнгонд æрцыдис турк-сельджукты æфсадæй хæстæмбæлды Манцикерты (Сомих), уыцы басастæй Византийæ тынг фæлæмæгъдæр ис. 1054-æм азы официалон æгъдауæй æрцыдис ахастыты аскъуыд чырыстон еклизиты астæу, уый фæдывæр кодта æнæуый дæр æнæбары æмахæстытæ. Иннæ ссæдз азы æмгъуыдмæ турæгтæ бацахстой æппæт Анатоли; империйы бон нæ бацис сæмбырд кæнын фаг æфсад уыдоны бауыромынмæ. Ныфссастæй император Алексей I Комнин (1081—1118) куырдта Ромы Папæйæ 1095 азы цæмæй йын аххуыс кæна æфсад райсыны хъуыддагыл Ныгуылæн Чырыстон дунейæ. Ныгуылæнимæ æмахæстытæ æппынфæстаг æркодтой Константинополы бацахстмæ æмæ бæстæйы хæлдмæ, феодалты растадтæ та ихсийын кодтой паддзахады фæстаг тыхтæ.

1081-æм азы паддзахы бадæн бацахста Комнинты династи (10811204) — феодалон уæздæтты минæвартæ. Туркæгтæ æрбынат кодтой уыцы рæстæг Иконийы (Коньяйы султанат); Балканты уæрæхгæнаг Венгрийы æххуысæй славяйнаг адæмыхаттытæ сфæлдыстой æрдæгхæдбар паддзахæдтæ. Уыимæ Ныгуылæн дæр æфтыддта æнкъарæг тас йæ цытуарзæг политикон пълæнттæй, кæдон фæзындысты фыццаг дзуарон балцы фæстæ, стæй Венецийы экономикон домæнты аххосæй.

XII—XIII æнустæ. Латинаг импери

[ивын | Бындур ивын]
Сæйраг уац: Латинаг импери
Византийы импери 1180-æм азы

Комнинты рæстæг византиаг æфсады сæйраг бынат лæвæрд æрцыдис уæззаухотыхджын бæхæфсадæн — катафрактаритæн æмæ æххуырст æфсæдтæн. Иоанн II Комнин (император:1118—1143 азты) кодта активон экспансион политикæ. Байста туркæгтæй зæххыты хай. Æвæндонæй Антиохийаг кънйазадæн æрхæссын кодта вассалон ард (фæлæ фылдæр формалон уыдис). 1142-æм азы Иоанн Комнин хъавыдис ногæй абалц кæнын Антиохимæ цæмæй реалон цæстдард райса антиохийаг кънйазадыл, фæлæ йæ мæлæт нæ бауагъта уыцы пълæнттæ сæххæст кæнын. Паддзахады æмæ æфсады фæфидар бауагъта Комнинтæн ныхкъуырд раттын норманнты ныббырстæн Балканты, байсын сельджуктæй Чысыл Азийы егъау хай, сæвæрын суверинитет Антиохийыл. Мануил I Венгрийы æвæндонæй Византийы суверинитет ныффидар кодта (1164), стæй сæвæрдта йæ хицауиуæг Сербийыл. Фæлæ æмтгæй райсгæйæ уавæр зынæй баззад уæддæр. Уæлдай тæссаг уыцы рæстæг уыдис Венецийы уагахаст — кæддæр сыгъдæг бердзенаг сахар ныр ссис империйы ныхмæлæууæг æмæ знаг, стыр конкуренци арæзта Византийы базарадæн. 1176-æм азы византийы æфсад дæрæнгонд æрцыдис туркæгтæй Мириокефалоны. Æппæт арæнтыл Византийæ рахызти хъахъхъæнынадмæ.

Византийы ахаст дзуархæсджытæм уыдис ахæм æмæ сæ разлæудджыты бастой вассалон ардхæрдтæй æмæ се ’ххуысæй хъавыдысты раздахын территоритæ скæсæны, фæлæ ахæм политикæ егъау æнтыстытæ не ’рхаста. Дзуархæсджытимæ æмахæстытæ æдзухдæр фыддæрæй-фыддæр кодтой.

Дзуархæсджытæ æрбахæццæ сты Константинополмæ. Дыккаг дзуары балц (11451149-æм азтæ.)

Комнинтæ кæддæриддæр бæллыдысты сæ хицауиуæг Ромыл сæвæрын, æмæ ныппырх кæнын Ныгуылæн импери.

Уæлдайдæр архайдта уыцы бæллицтæ сæххæст кæныныл Мануил I.

Мануил I (1143—1180).

Кастис афтæ, цыма Мануил империйæн нæхъæн дунейы кад скодта æмæ Константинополь ссис европæйаг политикæйы центр, фæлæ йæ мæлæты фæстæ 1180-æм азы Византийæ разындис гæныстонгонд æмæ фыдзæрдæ хаст латинæгты æрдыгæй, цы фæнды уысмы дæр цæттæ уыдысты йыл ныххауынмæ. Уыимæ паддзахады цæттæ кодта серезон мидкризис.

Византийы импери XIII æнусы фыццаг æрдæджы

Маниулы мæлæты фæстæ сирвæзт адæмон растад Константинополы (1181), расайдта йæ хицауады политикæйымæ æнæразыдзинад, ауыдыдысты италиаг сæудæджергæнджытыл æмæ ныгуылæневропаг рыцартыл. Ныгуылæнимæ æмахæстытæ цæхгæрмæ фæфыддæр сты 1182-æм азы, уæд Константинополы æрцыдис латинты цагъд: массон хæлæт католикаг саудæджергæнджыты бирæнымæцон мæрдæрцыдтимæ. Бæстæйы стынг ис егъау экономикон кризис, фæтынг феодалон дихдзинад, фактикон æгъдауæй провинцты хицæуттæ хæдбар уыдысты централон хицауадæй, ныгæныстон сты сахартæ, слæмæгъ сты æфсад æмæ флот. Ангелты династийы æрфидары фæстæ Кипр, Трапезунд, Фессали фактиконæй сæхи централон хицауады дæлбар нал хуыдтой. Райдыдта империйы хæлд. 1187-æм азы ахицæн Болгари; 1190-æм азы Византийæ банымадта Сербийы хæдбардзинад.

1192-æм азы Венецийы дож куы ссис Энрико Дандоло, уæд ахæм хъуыды фæзынд æмæ латинæгты фыдзæрдæдзинад сæххæст кæнынмæ, стæй Венецийы интерестæ Скæсæны бахъахъхъæнынмæ, хорз уаид Византияйы импери басæттын. Ромы папæйы хæрамдзинад, Венецийы фæлгъуыдтæ, æнæхъæн католикаг дунейы мæстыдзинад латинты æргæвсты фæстæ — æппæт уыцы уавæртæ æркодтой уымæ æмæ цыппæрæм дзуары балц (1202—1204) Палестинæйы бæсты аздæхт Константинополмæ. Рафтыд, славяйнаг паддзæхæдты ныббырстытæй федыхгонд, Византияйы бон не ссис дзуархæсджытæн ныхкъуырд раттын.

1204 азы дзуархæсджыты æфсад бацахста Константинополь.

1204-æм азы дзуархæсджыты æфсад бацахста Константинополь. Фæсæфт дунæ аивады цыртдзæвæнтæ, сахар гæныстонгонд æрцыдис [8]. Византийæ ныддихтæ ис къорд паддзæхæдтыл — Латинаг империйыл æмæ Ахейаг кънйазадыл, сæвзæрдысты дзуархæсджытæй ист территоритыл, æмæ Никейы, Трапезунды æмæ Эпираг империтæ, кæдон баззадысты бердзенæгты къухты. Латинæгтæ æлхъывтой Византийы грекъаг культурæ, италиаг базаргæнджыты тыххъарæн хъыгдæрта византиаг сахарты сæндидзæн.

Сæйраг уац: Никейы импери

Латины империйы уавæр уыдис æнкъуыст — грекъæгты фыдзæрдæдзинад æмæ болгайрæгты ныббырстытæ йæ тынг слæмæгъ кодтой. Болдуин II цардис Константинополы фæрæзтæй, кæдон ракуырдта папæйæ æмæ Людовик Сыгъдæгæй, уыимæ ма иста фæлындæнтæ аргуæдтæй æмæ моладзандонтæй, æфстау иста венецианаг банкиртæй, кæдонæн ратта бæстæйы æппæт экономикон мадзæлттæ. Нæ йæм уыдис æфсад дæр, гарнизон Константинополы дардтой венецианæгтæ, Латины империйы уæвындзинад баст уыдис — æрбацæудзысты йæм æххуысмæ тæссаг рæстæг европæйæгтæ æви нæ.

1261-æм азы Никæйы империйы император Михаил Палеолог цæдис скодта Генуйæимæ, ратта йын уæрæх базарадон бартæ венецианæгты зианæн, æмæ ракуырдта генуезаг флоты æххуыс Контантинополь бацахсынмæ. Арвыста Европæмæ фæлтæрд инæлар Алексей Стратигопулы, уый бацыдис баныхæсты грекъаг цæрджытимæ Константинополы алфæмбылай, базыдта дырыс хабæрттæ сахары хъуыдтæгты тыххæй æмæ рæстæгмæ фидыды фæстæ араст ис Константинополмæ, кæцыйы уыцы рæстæг венецианаг гарнизон сбадын кодтой наутыл, цæмæй ныххаудаиккой генуезæгтыл.

1261-æм азы 25 июлы æхсæвы Стратигопуло бахъуызыд æд æфсæдтæ Константинополы къултæм, бавæрда асинтæ, æнæ уынæрæй бахызт сахары хуылфмæ æмæ йæ бацахста зæгъæн ис æнæ ныхмæлæудæй. Император Болдуин алыгъдис Эвбейæмæ. Афтиддæр латинæгтæ æмæ венецианæгтæ хъавыдысты схæцынмæ Галаты, фæлæ Стратигопуло ссыгъта сахары ацы хай æмæ уый фæстæ уыдон дæр сбадтысты наутыл æмæ алыгъдысты. 1261-æм азы 15 августы Михаил Палеолог ныддæрæн гæнгæйæ Латины импери кадджынæй бахызт Константинополмæ, расидтис Византийы империйы рацарæзт, æмæ йыл паддзахы худ сæвæрдæуыд сыхъдæг Софийæйы аргъуаны.

1337-æм азы йæм баиу ис Эпир. Фæлæ ма Ахейы кънйазад — дзуархæсджыты иунæг цæрынхъом сырæзт Гречъы — фæцард XV æнусы райдианмæ, уæд ахст æрцыдис Морейы деспотæй. Византийы импери йæ раздæры хуызы рацаразын нал рауадис. Михаил VIII Палеолог (12611282) хъавыд уыцы хъуыддаг сæххæст кæнын, фæлæ йын кæд нæ рауадис æххæстæй сфæлгонц кæнын йæ тырнæнтæ, уæддæр йæ тыхархæйдтæ, йæ курдиæттæ æмæ йæ цыргъ зонд æй æвæрынц Византийы фæстаг зынгæ императоры бынатыл.

Латины импери (1204—1261)
Византийы цæргæс. Палеологты династийы герб

Æдтаг тасы рæстæг империйы хъуыдис æнгомад, сабырдзинад æмæ хъомыс. Палеологты эпохæ та уыдис йæдзаг растæдтæй æмæ граждайнаг змæстытæй. Европæйы Византийы тæккæ тæссагдæр знæгтæ разындысты сербæгтæ. Стефан Неманяйы ивджыты — Стефан Урош I (12431276), Стефан Драгутин (12761282), Стефан Урош Милутин (12821321) — Серби ауæрæх кодта йæ территоритæ Болгарийы æмæ Византийы хинцмæ æмæ ссис тæккæ егъаудæр паддзахад Балканты æрдæгсакъадахыл.

Михаил VIII уæрджытыл Чырыстийы цур

XIV—XV æнустæ. Кризис æмæ æрхауд

[ивын | Бындур ивын]

Æдзух тынг кодта турк-османты æлхъывд, сæ саргъы уыдысты æртæ зынгæ æфсæдтон хистæры — Эртогрул, Осман (12891326) æмæ Урхан (13261359). Андроник II цалдæр æнтыстджын фæлварæны скодта сæ бауыромынмæ, фæлæ уæддæр 1326-æм азы Пруссæ сæфт æрцыдис æмæ йæ османтæ скодтой сæ сæйраг сахар. Уый фæстæ фæсæфдæуыд Никей (1329), йæ фæдыл — Никомеди (1337); 1338-æм азы туркæгтæ бахæццæ сты Босформæ æмæ тагъд рæстæджы йæ сæрты ахызтысты византийæгты хуындмæ гæсгæ, уыдон тынг тырныдтой семæ цæдис скæнын цæмæй сын феххуыс уыдаиккой мидæзмæстытæ æрсабыр кæнынмæ. 1352—1354 æзты туркæгтæ бацахстой æрдæгсакъадах Галлиполи æмæ бавнæлдтой Европæйы тыхæйбайсттæм. Ахæм уавæртæ æркодтой уымæ æмæ императортæ райдыдтой курын æххуыс ныгуылæны. Иоанн V-мы (1369) æмæ фæстæдæр Мануил II-мы (1417) бахъуыдис рацаразын баныхæстæ Ромимæ, Иоанн VIII та йæхæдæг араст ис Италимæ (1437) æмæ Флорентийаг соборы бафысста Евгений IV-имæ унийæ, кæцы æнхъæлæн лæвæрдта еклизиты дихæн кæрон æрæвæрынæн (1439).

Византийы импери 1355 азмæ.

Фæлæ хуымæтæг цæрджытæ нæ райстой католицизм æмæ уыцы фидыды фæлварæнтæ фæтынг кодтой мидхъаугъатæ.

Фæстагмæ турк-османты тыхæйбайсттæ райдыдтой бæстæйы уæвындзинад тасы æфтауын. Мурад I (13591389) бацахста Фраки (1361), уыцы тыхæйбайст Иоанн V Палеолог банымадта (1363), фæстæдæр бацахста Филиппополь, йæ фæдыл та Адрианополь, уырдæм раивта йæ паддзахады сæйраг сахар. Константинополь аллы рдыгæй хибаргонд, хъулагонд æнхъæлмæ кастис мæлæтдзаг цæфмæ. Уæдмæ османтæ фæсты Балканы æрдæгсакъадахы тыхæйбайст. Марицæйы цур ныддæрæн ластой хуссайраг сербты æмæ болгайрæгты (1371); бындур сæвæрдтой колонитæн Македонийы æмæ тасы æфтауын райдыдтой Фессалоники (1374); бабырстой Албанимæ, ныддæрæн кодтой Серби æмæ Косоаг быдыры хæстæмбæлды фæстæ сарæзтой Болгарийæ туркаг пашалык (1393). Иоанн V Палеолог æнæбарыйæ банымадта йæхи туркаг султаны вассалыл, фыста йын хъалон æмæ æрвыста æфсæдтæ Филадельфи бацахсынмæ (1391). Манголты ныббырст ма радта империйæн æнусы рдæг æмгъуыд æргъæвд.

Византийы импери 1400 азмæ
Иоанн VIII, фæстаджы раззаг византиаг император

Баязид I (13891402) архайдта ноджы сæрæндæр Византийы ныхмæ. Сæйраг сахар аллырдыгæй æрхъула кодта (13911395), æмæ Ныгуылæны фæлварæн Византийæн фæххуыс кæнынмæ куы фæкуыхцы ис Никополы хæстæмбæлды рæстæг (1396), уæд афæлвæрдта Константинополь бацахсын (1397), æмрæстæджы бабырста Морейæмæ. Манголты ныббырст æмæ бæрзæйсæттæн дæрæн кæцы скодта туркæгтæн Тимур (1402), радтой империйæн ссæдз азы æмгъуыд æргъæвд.

Фæлæ 1421-æм аз ы Мурад II (14211451) ныббырстытæ ногæй райдыдта. Æнæнтыстæй ныххаудта Константинополыл (1422), бацахста Фессалониктæ (1430), ацы сахар 1423-æм азы венецианæгтæ балхæдтой византийæгтæй; йæ æфсадфæтæгтæй иу бахызтис Мореямæ (1423); йæхæдæг æнтыстджынæй архайдта Боснийы æмæ Албанийы æмæ Валахийы паддзахыл хъалон сæвæрдта.

Византийы импери 1430-æм азы

Византийы импери фегуырдис тынг зын уавæрты, Константинополь æмæ йæ цур æвæрд облæст Дерконæй Селимвримæты йæдтæмæ ма йæ къухты уыдис афтиддæр цалдæр аллы рæтты хæлиугонд облæсты — Анхиал, Месемврия, Афон æмæ Пелопоннес. Фæстаг æххæстæй латинæгты къухæй ист куы æрцыдис уæд ссис грекъаг культурæйы центр. Янош Хуньядийы героикон архайдмæ нæ кæсгæйæ, уый 1443-æм азы ныддæрæн кодта туркæгты Яловацы, Скандербегы ныхмæлæудмæ Албанийы нæ кæсгæйæ, туркæгтæ нæсæттгæйæ бæллыдысты сæ нысæнттæм. 1444-æм азы тохæмбæлды Варнæйы бын фескъуыддзаг ис скæсæйнаг чырыстæттыс фæстаг серьезон фæлварæн туркæн ныхмæлæууынæн. Афинаг герцогад сæ дæлбар ссис, кънйазад Морея, кæцы турк бацахстой 1446 азы, йæхи банымадта хъалондарыл; дыккаг хæстæмбæлды Косы быдыры (1448) Янош Хуньяди фæхæрд. Баззадис афтиддæр Константинополь — æвадуат фидар, фæлæ уымæн дæр йæ фæстаг бонтæ æрхæццæ кодтой. Мехмед II паддзахы бадæнмæ схизгæйæ (1451) фидарæй разæвæрдта уый бацахсын.

Султан Мехмед II, йæхи хуыдта византиаг императоры ивæг, райста титултæ Кайзер-и Рум (Ромы Цезарь). Ацы титул хастой туркаг султантæ Фыццаг дунеон хæсты кæронмæты.

Константинополы æрхауд

[ивын | Бындур ивын]

1453-æм азы 5 апрелы туркæгтæ Константинополыл æрхъула сты.

Гыццыл раздæр султан самадта Босфорыл Румелаг фидар (Румелихисар), уый алыг кодта коммуникацитæ Константинополы æмæ Сау денджызы астæу, уыимæ ма арвыста экспедици Морейæмæ цæмæй Мистрейы бердзенаг деспотты бахъыгдара Константинополæн баххуыс кæнын.

Константинополы къултæ

Туркаг æфсады ныхмæ, уыдис дзы 160 мин адæймаджы, император Константин XI Драгаш равæрдта афтиддæр 7,5 мин салдатты, кæдоны æртыккæгæм хай уыдысты æндæрбæстæгтæ, византийæгтæ фыдæхæй кастысты Аргъуаны унийæтæм кæдон бафыста император, æмæ сæ тох кæнын нæ фæндыдыис. Уымæ æмæ туркаг артилерийы хъомысмæ нæ кæсгæйæ, фыццаг ныббырст æппæрст æрцыдис 18 апрелы.

Мехмед II-æн бантыстис æрбакæнын йæ флот Сызгъæрин Сыкъайы бухтæмæ æмæ уымæй тасы бафтыдта фидары æндæр хай. Фæлæ та 7 майы штурм дæр æнæнтыстджын разындис. Фæлæ сахарон сыджытбыруйы сыгъдæг Романы дуæртты цур хъуынк айгæрстæуыд. 1453-æм азы 28 май æмæ 29 май астæу æхсæвы райдыдта фæстаг атакæ. Дыууæ хатты туркæгты акъуырдтой; уæд султан аппæрста штурммæ янычарты. Уыцы рæстæг уæззау цæф фæцис генуэзаг Джустиниани Лонго, уый уыдис императоримæ хъахъхæнынады уд, æмæ йæ пост ныууагъта. Уый хъахъхъæнджыты дезорганизаци скодта. Император дарддæр хæцыдис, фæлæ знæгты æфсады хай бацахста зæххы бын цæуæн æмæ ныххаудта хъахъхæнджытыл чылдымы рдыгæй. Константин Драгаш фæмард тохы. Туркæгтæ бацахстой сахар. Константинополы райдыдтой стыгътытæ æмæ лæгмæрдтæ; иу 60 мин адæймаджы бахаудтой уацары.

Османты империйы территориалон экспанси 1299—1633

1453-æм азы 30 майы райсомы аст сахатыл Мехмет II уæлахизимæ æрбахызт сахармæ æмæ бардзырд радта, сахары централон соборæй мæсджыд саразын. Кæддæр разагъд империйы фæстаг скъуыддзæгтæ — Морейæ æмæ Трапезунд бахаудтой туркæгты къухы 1460-æм азы æмæ 1461-æм азы. Османты импери фезмæлыд Европæ-йы рдæм.

Рацаразыны пълæнттæ

[ивын | Бындур ивын]

Цымыдисаг у XVIII æнусы дыккаг æрдæджы Уæрæсейы империйы Екатеринæ II-æмы рæстæджы кæй уыдис Византияйы сæндидзæны проект, афтæ хонгæ «Бердзенаг проект». Уæрæсейы импери уæд хæстыты уыдис Османты империйымæ, æмæ пъланы уыдис туркæгты цæхгæрмæ рамбылды фæстæ æмæ Константинополы бацахсты фæстæ сфæлдисын ног Византийы импери — марионетон Уæрæсейæн бердзенаг паддзахад. Ацы сæндызт Византийы император хъуамæ суыдаид Константин Павлович, номдзыд кънйаз, бындар Павел Петровичы фырт, æмæ Екатеринæйы фырты фырт. Вольтер сидтис Екатеринæмæ цæмæй бахæццæ уа Стамбулмæ, ногæй дзы сараза Константинополь, ныппырх кæнын Турк, фервæзын кæнын балкайнаг чырыстæтты. Æмæ радта практикон уынаффæ: цæмæй рагон заманты скъуыхтытимæ æнгæсдæр уа туркæгтимæ тох, уый тыххæй спайда кæнын колесницæтæй.

Фæлæ Константинополь бацахсын нæ бантыстис æмæ фæстæдæр ацы план рохуаты аззадис.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ (Бакуыстой сыл Гыриаты Т., Тахъазты X., Гæбæраты Н., Дзодзыккаты 3., Боцуаты Е., Майрæмыхъуаты Ф., Куыдзойты А.) — Дзæуджыхъæу: Ир, 2004 — 80 с.
  2. 2,0 2,1 Алборов Б. А. Некоторые вопросы осетинской филологии: статьи и исследования об осетинском языке и фольклоре. — Орджоникидзе: Ир, 1979. — 311с.
  3. Византийы сæвзæрд, куыд хицæн паддзахады, бæлвырдгонд нæу; ацы фарстайы фæдыл ис цалдæр алыхуызон версийы. Тæккæ арæхдæр æмбæлæг датæ — 330-æм аз — уæд Константин I Цытджын бындур сæвæрдта Константинополæн; Æмбæлынц ма датæтæ: 1) III æнусы кæрон (Ромы империйы хицæн фæткдаруат Диоклетианы рæстæг); IV æнусы астæу (Константинополь сси æххæстбарджын сæйраг сахар, Констанций II рæстæг); 395-æм аз (Империйы фæдихдзинад дыууæ хайыл: Ныгуылæн æмæ Скæсæн); V æнусы астæу — 476-æм аз (Ныгуылæн Империйы æрхауд æмæ сæфт); VI-æм æнусы астæу (император Юстиниан I-æмы паддзахиуæг); VII-æм æнусы астæу (Ираклий I персайнæгтæ æмæ араббæгты ныхмæ цы хæстытæ кодта, уыдоны фæстæ дуг). Кæс: Дашков С. Б. Императоры Византии. М., 1996. С. 8.
  4. 4,0 4,1 Гийу А. Византийская цивилизация / Пер. с франц. Д. Лоевского; Предисл. Р. Блока. — Екатеринбург: У-Фактория, 2005. — 552 с ISBN 5-94799-474-7
  5. уæлдайдæр массон уыдис англосаксты æрбаивылд Императоры Варягаг гвардимæ Англисы нормандаг тыхæйбайсты фæстæ.
  6. История Средних веков в 2 т. под ред. С. П. Карпова том 1 стр. 170
  7. Я. Е. Боровский. Византийские, старославянские и старогрузинские источники о походе русов в VII в. на Царьград// Древности славян и Руси. М.: Наука, 1988, с.114-119.
  8. [1]; [2]

Литературæ æмæ историкон-документалон кинонывтæ

[ивын | Бындур ивын]

Кæс ноджыдæр

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]