Перейти к содержанию

Эфиопи

9° с. ш. 40° в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Абиссини-æй æрвыст)
Эфиопийы Федеративон Демократон Республикæ
амх. የኢትዮጵያ ፌዴራላዊ ዲሞክራሲያዊ ሪፐብሊክ
оромо Federaalawaa Dimokraatawaa Repabliikii Itoophiyaa
тигринья ናይኢትዮጵያ ፌዴራላዊ ዴሞክራሲያዊ ሪፐብሊክ
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «Wodefit Gesgeshi, Widd Innat Ityopp'ya»
Официалон æвзаг амхараг
Сæйраг сахар Аддис-Абебæ
Стырдæр сахартæ Аддис-Абебæ
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Территори
 • Æдæппæт 1 104 300 км²
 • Доны уæлцъары % 0,7
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 75 067 000 ад.
 • Æнгомад 70 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт 60,099 млн долл.
Валютæ Бырр (ETB)
Интернет-домен .et
Код ISO ET
ÆОК-ы код ETH
Телефонон код +251
Сахатон таг +3
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Эфио́пи (амх. ኢትዮጵያ), официалон ном у Эфиопийы Федеративон Демократон Республикæ (амх. የኢትዮጵያ ፌዴራላዊ ዲሞክራሲያዊ ሪፐብሊክ) у Скæсæн Африкæйы паддзахад, хауы Африкæйы Сыкъайы регионмæ. Йæ сæйраг сахар у Аддис-Абебæ. Парламентон республикæ.

Цæрджыты нымæцмæ гæсгæ Эфиопи ахсы дунейы 13-æм бынат, цæрынц дзы 108 милуан адæймаджы. Уыдонæй кæсын-фыссын зонынц æрдæгмæ ’ввæхс. Сахарты цæрынц æрмæстдæр 21%, иннæтæ кæнынц хъæууон хæдзарады куыст — рæзын кæнынц къофи, бæмбæг, æфсирджынтæ, картоф.

Дæргъвæтин мидхæсты фæстиуæгæн 1993-æм азы Эфиопийæ ахицæн ног паддзахад — Эритрей, æмæ уый тыххæй Эфиопийæн нал и денджызмæ бацæуæн. Æхсæнадæмон базар кæнынæн бæстæ пайда кæны æнæбанымад паддзахад Сомалиленды порттæй. Афтæмæй у дунейы тæккæ бирæцæрæгджын паддзахад, денджызмæ бацæуæн кæмæ нæй, уыдоны ’хсæн.

Эфиопийы картæ
Æрвхуыз Нилы æхсæрдзæн

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]