Перейти к содержанию

Иран

32° с. ш. 53° в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Перс-æй æрвыст)
Пысылмон Республикæ Иран
جمهوری اسلامی ايران
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «استقلال، آزادی، جمهوری اسلامی‬»
«Хæдбардзинад, Сæрибарад, Пысылмон республикæ»
Ираны паддзахадон гимн
Официалон æвзаг персайнаг
Сæйраг сахар Тæхран
Стырдæр сахартæ Тæхран, Мешхед, Кередж, Тебриз, Шираз, Исфахан, Ахваз
Хицауиуæджы хуыз Пысылмон республикæ
Паддзахадон дин Пысылмон дин
Территори
 • Æдæппæт 1 648 000 км²
 • Доны уæлцъары % 0,7
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 70 472 846 ад.
 • Æнгомад 42 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2005) 610 400 млн. долл.
Валютæ Риял (IRR)
Интернет-домен .ir
Код ISO IR
ÆОК-ы код IRI
Телефонон код +98
Сахатон таг +3:30
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Иран (перс. ايران, Irān), официалон æгъдауæй Пысылмон Республикæ Иран (перс. جمهوری اسلامی ایران‎, Jomhuri-ye Eslāmi-ye Irān), у Азийы паддзахад. Ираны цæрджытæй сæ бæстæ рагæй хуыдтой Иран, фæлæ 1935-æм азы онг фæсарæйнæг бæстæты официалон æгъдауæй хуындис Перс[1]. 1935-æм Ираны сах Реза Пехлеви фæсарæйнаг дипломаттæн ракурдта, цæмæй ныхасæй Перс мауал пайда кæной, æмæ йæ бæсты алы ран фыссой бæстæйы хином — Иран.

Цæрынц дзы 66 милуан адæймаджы бæрц.

Ираны сæйраг сахар у Тæхран.

Ираны административон дих

[ивын | Бындур ивын]

Иран административон æгъдауæй дихгонд цæуы провинцитыл — остантыл. Алы провинцийы сæргъы ис инæлар-губернатор.

Остантæ сты административон-территориалон дихы уæлдæр æмвæзады иуæгтæ. Уыдонæй дæлдæр æмвæзадыл сты шахрестантæ (æдæппæтæй 324 шахрестаны). Шахрестантæ та дихгонд цæуынц районтыл (бахш) — æдæппæтæй 740 бахшы.

Ираны герб 1938 азы купюрæйы
Рагон Иран. Фыццаг паддзахад — Элам (сырх нывы у) æмæ сыхаг адæмтæ — перстæ, парфянтæ, мидийæгтæ, касситтæ; æмæ Вавилони æмæ Ассири
Ираны президент Махмуд Ахмадинежад

Ираны истори

[ивын | Бындур ивын]

Дыккаг дунеон хæст

[ивын | Бындур ивын]

Дыккаг дунеон хæстмæ Иран бацыд куыд Германы цæдисон, фæлæ 1941-æм азы (25 августæй 17 сентябрмæ) Советон Цæдис æмæ Стыр Британи сæххæст кодтой иумæйаг хæстон операци (Ирайнаг операци), æнæхъæн бæстæ байстой æмæ уæдæй хæсты кæронмæ Иран антигитлерон коалицийы уæнгыл нымад уыди.

Ираны бацæхсын тынг ахсджиаг уыди, нефты гуырæнтæ цæмæй Германы хай нæ фæуой, стæй Советон Цæдисмæ хæстон техникæ ласынæн фæндаг (хуссар коридор) цæмæй уа, уымæн. Ираны хуссайраг хай хъахъхъæдтой бритайнаг хæстонтæ, цæгатаг та — советонтæ. Операцийæн йæ советон æрдæг пълан кодта фæлтæрд хæстон афицер Фёдор Толбухин, фæстæдæр Советон Цæдисы æмæ Болгарийы хъæбатыры ном кæмæн радтой, уый.

Иранмæ бабырсæг хæстонтæ аиуварс кодтой Ираны сах Реза Пехлеви. Фæлæ 1942-æм азы йæ бынатмæ сбадын кодтой йæ фырт Мохаммеды.

1943-æм азы 28 ноябрæй 1 декабрьмæ Тæхраны уыди «Стыр Æртæ»-йы фыццаг конференци. Уымæ æрбацыдысты Ф. Д. Рузвельт, У. Черчилль æмæ Иосиф Сталин. Дыккаг дунеон хæсты рæстæг дыууæ ахæм конференцийы ма уыди — Ялтæ æмæ Потсдамы. Тæхраны конференцийы сæйрагдæр фарста уыди Ныгуылæн Европæйы фронт саразын. Уый йеддæмæ ныхас цыди Иранæн хæдбардзинад раттыныл («Ираны тыххæй деклараци»[2]).

Хæсты дæргъы Советон Цæдисæй оккупацигонд территорийыл уыдысты дыууæ æнæбанымад паддзахады: Хуссар Азербайджан æмæ курдаг Мехабады Республикæ. Кæд ирайнаг æфсад тæссаг нал уыди, уæддæр Советон Цæдис йе ’фсад Ираны цæгаты дардта 1946-æм азы онг, Турк уыцырдæм нæ уадзыны охыл.

Ирайнæгты фылдæр хай сты пысылмæттæ. Цæрджыты 89% сты шииттæ. Иран, Ирак æмæ Бахрейнимæ иумæ сты æртæ ахæм паддзахады, сæ цæрджыты фылдæр хай шииттæ кæм сты. Ираны ис, шииттæн табуйаг чи сты, ахæм дыууæ сахары: Мешхед (уым æрбынат кодта Имам Резайы мавзолей) æмæ Кум. Кум у пысылмон дины ахсджиагдæр артдзæстытæй иу. Уым ис бирæ пысылмон семинартæ æмæ университеттæ.

Сунниттæ сты цæрджыты 9%. Иннæ 2% сты: бахайтæ, мандейтæ, индустæ, езидтæ, зороастриæгтæ, уирæгтæ (иудейтæ) æмæ чырыстæттæ. А фæстаг æртæ дины нымад æрцыдысты официалон æгъдауæй æмæ сты хъахъхъæд конституцийæ. Ацы динты минæвæртæн Меджлисы резервгонд сты бынæттæ, кæд æмæ сунниттæн ахæм бартæ нæй. Уыимæ бахайтæ Ираны цæуынц æлхъывд.

Иран æмæ Уæрæсейы ’хсæн ахастытæ

[ивын | Бындур ивын]

Уæрæсе у Ираны æвдæм ахсджиагдæр экономикон партнёр (2005-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ). Уыцы аз товарты зилдух иу миллиард долларыл фæуæлдæр и.

Уæрæсейы æххуысæй Ираны арæзт æрцæуы атомон электростанцæ сахар Бушеры цур. Уый йеддæмæ Уæрæсе Иранмæ хæстон техникæ уæй кæны: хæдтæхджытæ Су-27, МиГ-29, Ил-76.

Ираны президент Махмуд Ахмадинежад фæцырд кодта, йæ бæстæ Шанхайы æмгуыстады организацимæ куыд бацæуа, ууыл баныхас. Ираны къухы ныры онг бафтыд уыцы организацийы хъусдарæг бæстæйы статус райсын.

Æндæр статьятæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Абайты С., Хуытъинаты Д. Историон æмæ политикон терминты дзырдуат. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. — Дзæуджыхъæу, 1950
  2. Уыцы декларацийы уырыссаг текст