Стамбул

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Константинополь-æй æрвыст)
Сахар
Стамбул
тур. İstanbul
41°00′36″ с. ш. 28°57′37″ в. д.HGЯO
Паддзахад Турк Турк
Регион Мармæр денджызы регион
Ил Стамбул
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1453-æм азы 29 майы
Раздæры нæмттæ 330 азы агъоммæ — Византий
1930 азы агъоммæ — Константинополь
Фæзуат
  • 5343 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код 212, 216
Посты индекс 34000–34990
ibb.istanbul(турк.)
ibb.istanbul/en(англ.)
Стамбул (Турк)
Стамбул (Мармæр денджызы регион)
Стамбул (Стамбул (ил))
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Стамбу́л (тур. İstanbul), зындгонд у куыд Константинополь дæр (гр. Κωνσταντινούπολις) у Турчы тæккæ дынджырдæр сахар, Византия æмæ Османты империйы кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 15 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у Европæйы стырдæр сахар. Стамбул лæууы Босфоры былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.

Турчы кæддæры сæйраг сахар, 1923-æм азæй фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у Анкара). Ныры ном (İstanbul) йын официалон æгъдауæй радтой 1930-æм азы.

Стамбулы историон районтæ æмæ сыхтæ[ивын | Бындур ивын]

Европæ:

Ази:

Зонад æмæ ахуырад[ивын | Бындур ивын]

Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты: Стамбулы университет, Стамбулы техникон университет, Мармарæ æмæ Богазичийы университет. Стæй ма Стамбулы ис Стамбулы экономикæйы академи, Уæлдæр техникон скъола, Аивады академи, Стамбулы консерватори æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.

Сахары архайынц цалдæр зонадон æхсæнады: Турчы медицинон æхсæнад, Турчы биологон æхсæнад, Турчы химион æхсæнад. Сахары стырдæр библиотекæтæ сты Стамбулы университеты библиотекæ æмæ Стамбулы техникон университеты библиотекæ, Сулейманиейы библиотекæ, Баязиды библиотекæ.

Культурæ[ивын | Бындур ивын]

Музейтæ[ивын | Бындур ивын]

Сахары сæйрагдæр музейтæ: Æрвхуыз мæзджыт, Сулейманиейы мæзджыт, Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей, Стамбулы археологон музей, Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей, Топкапыйы галуаны музей, Мозаикæйы музей, Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей æмæ æндæртæ.

Экономикæ[ивын | Бындур ивын]

Стамбул у Турчы экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.

Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

Стамбул у Европæйы стырдæр сахар. Сахары цæрынц 15 млн. адæймаджы.

Аз Цæрджытæ
1922 710 286 [2]
1927 806 863 [3]
1935 883 599 [3]
1940 991 237 [3]
1945 1 078 399 [3]
1950 1 166 477 [3]
1955 1 533 822 [3]
1960 1 882 092 [3]
Аз Цæрджытæ
1965 2 293 823 [4]
1970 3 019 032 [4]
1975 3 904 588 [4]
1980 4 741 890 [4]
1985 5 842 985 [4]
1990 7 309 190 [4]
1997 9 198 809 [5]
2000 10 018 735 [4]
Аз Цæрджытæ
2007 12 573 836 [4]
2008 12 697 164 [4]
2009 12 915 158 [4]
2010 13 255 685 [4]
2011 13 624 240 [4]
2012 13 854 740 [4]
2013 14 160 467 [4]
2014 14 377 018 [4]
Аз Цæрджытæ
2015 14 657 434 [4]
2016 14 804 116 [6]
2017 15 029 231 [6]
2018 15 067 724 [6]
2019 15 519 267 [7]
2020 15 462 452 [1]

Транспорт[ивын | Бындур ивын]

Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты — Ататюрчы аэропорт (IST) (Atatürk International Airport) æмæ Сабиха Гёкчены номыл аэропорт (SAW) (Sabiha Gökçen International Airport).

Стамбулы кусы метрополитен.

Метрополитены станцæ

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]