Монархи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Францы къарол Людовик XV-ы коронæ. Коронæ у монархæн йæ тыхы арæхæмбæлгæ символ

Монархи у ахæм хицауиуæджы хуыз, кæцыйы паддзахады сæр у монарх, æмæ уыцы бынат райсы йæ фыдæлтæй. Монархтæ хицауиуæг кæнынц сæ амæлæты бонмæ (иуæй-иу хатт та сæ къух сисынц сæ бынатыл). Монархитæй сæ фылдæр сты фыдæй-фыртмæ, фæлæ ис ахæмтæ дæр, кæцыты паддзахы бынатмæ æвзарынц (адæм нæ, фæлæ исты нарæг къорд) — афтæ уыди Польшæйы, афтæ у Ватиканы. Монархы йæ бæстæмæ гæсгæ хонынц къарол, паддзах, император, кайзер, сах, эмир æмæ султан.

Монархи у дунейы рагондæр хицауиуæджы хуызтæй иу. Фыццаг монархитæ фæзындысты, знæмы фæтæг йæ бынат йæ фыртмæ раттын куы сфæнд кодта æмæ адæм ууыл куы сразы сты, уæд. Афтæ фæзындысты фыццаг династитæ. Рæстæг цыдис, æмæ монархы бынтæ райсыны фæткойтæ кодтой вазыгджынæй вазыгджындæр.

Абоны монархтæй бирæ архайынц æрмæстдæр церемониты, фылдæр тых ис æвзæрст хицауад æмæ парламентæн (афтæ хуынд конституцион монархи). Иуæй-иу монархитæ та абоны онг сты абсолютон — ахæмтæй сты Бруней, Оман æмæ Свазиленд.