Перейти к содержанию

Далмаци

43°48′46″ с. ш. 16°13′08″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Далмацийы æвæрд нырыккон Хорватийы картæйыл

Далмаци (хорв. Dalmacija, итал. Dalmazia, лат. Dalmatia) у историон бæстæ Балканы æрдæгсакъадахы цæгат-ныгуылæны, Адриатикæйы денджызы былгæрон. Йæ фылдæр хай хауы нырыккон Хорватийы паддзахадмæ, чысылдæр хай та — Черногоримæ.

Рагæй Далмацийы цардысты иллириаг знæмтæ — далматтæ, либурнтæ æмæ æндæртæ, стæй уыдон йеддæмæ кельттæ æмæ фракиæгтæ.

Нæ эрæйы агъоммæ IV æнусы адриатикон былыл фæзындысты грекъаг колонитæ. Фæстæдæр, 229-æм, 228-æм æмæ 219-æм азты бæстæмæ бырсын райдыдтой ромæгтæ. Далмаци сси ромаг дунейы ахсджиагдæр бæстæтæй иу, суанг иуæй-иу императортæ уыдысты далмациаг равзæрдæй — зæгъæм, Диоклетиан.

VI æнусæй Далмаци уыдис Византийы дæлбар. Византиаг хицауиуæд даргъ нæ ахæста æмæ Далмаци байсын байдыдтой хорватæгтæ æмæ сербæгтæ.

IX æнусы далмациаг сахартæ уыдысты Хорватийы паддзахады сконды, XII æнусæй та фесты Венгрийы дæлбар.

Дæргъватин рæстæг, 14201797, Далмаци (сахар Дубровничы йеддæмæ) уыдис Венецийы республикæйы зæхх. XVI æнусы регионы мидæггаг хай байста Османты импери.

1945-æм азы Далмаци дихгонд æрцыдис Хорвати æмæ Черногорийы ’хсæн иумæйаг федералон паддзахад Югославийы сконды.

Далмаци у цымыдисаг туризмы бæстæ. Ис дзы денджызы найæн дæр, рагон фенддæгтæ фенæн дæр. Уæрæсейы граждæнтæн ис æнæ визæйæ бацæуыны бар Черногоримæ (кæддæриддæр) æмæ Хорватимæ (сæрдыгон).