Перейти к содержанию

Æлборты Барысби

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Æлборты Барысби
Райгуырды датæ 1886-æм азы 24 апрелы(1886-04-24)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1968
Бæстæ
Зонады къабаз бæстæзонад[d]
Альмæ-матер

Æлборты Æндырийы фырт Барысби (Барис) (райгуырдис 1886-æм азы Ольгинскæйы — амардис 1968-æм азы) уыдис зынгæ ирон ахуыргонд-филолог æмæ педагог.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Æлборты Барысби райгуырд 1886 азы 24 апрелы Ольгинскæйы хъæуы. Йæ бинонтæ уыдысты рæстæмбис цæрæг, сæхи фæллойæ дардтой сæ бирæ цоты. Æвæрдтой сæ царды раст фæндагыл, куыст, ахуыр æмæ чиныг уарзын æмæ кæсыны хъуыдыйыл. Барысби куы фембаргæ, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд сæ хъæуы дины райдайæн скъоламæ. Уый фæстæ та ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы реалон училищæйы. Ам райдыдта æмдзæвгæтæ æмæ пьесæтæ фыссын. Реалон училищæйы ахуыргæнинаг куы уыд, уæд ын 1906 азы баргонд æрцыд Хетæгкаты Къостайы йæ фæстаг фæндагыл – æрвитæн боны саударæн æмбырды Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны кæрты Ирыстоны ахуырдзау фæсивæды номæй раныхас кæныны бар.

1914 азы Барысби æнтыстджынæй каст фæци Киевы паддзахадон университеты филологон факультет. Ам ныффыста йæ фыццаг зонадон куыстытæ: «Терчы облæсты Æрхонкæйы станицæйы цæрджыты ныхасы здæхт» æмæ «Къниаз Скопин-Шуйскийы зарæг», университет каст фæуыны фæстæ райста фыццаг къæпхæны диплом. Ацы уæлдæр скъолайы ахуыры рæстæг ма æнтыстджынæй каст фæци ахуыргæнджыты иуазон курсытæ. Кусын райдыдта горæт Винницæйы реалон ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Ам фæхæлар зындгонд историк, профессор Борис Скитскийимæ. Уый Æлборты Барысбийы зæрдиаг фæндæй ссыд Ирыстонмæ. Ам æрцард æмæ йæ царды фæстаг бонтæм иртæста ирон адæм æмæ Цæгат Кавказы иннæ адæмыхæттыты истори. Куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ахуыргæнæгæй.

Барысби Винницæйæ Ирыстонмæ куы æрбаздæхт, уæд та кусынмæ бацыд Мæздæджы реалон ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Советон цардарæзт куы æрфидар, уæд йе ’ппæт тыхтæ дæттын райдыдта уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырад, зонад æмæ культурæ, æхсæнадон царды рæзтæн. Уыд 1917 азы Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты фыццаг съезд саразджытæй иу. Сæйрагдæр дзы æргом здæхт æрцыд ног дуджы ирон æвзаг, Ирыстоны истори, географи, фыссынад скъолаты амоныны фарстатæм.

1918-1920 азты ахуыргæнджыты семинары Барысби амыдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ. 1919 азы ма йын бантыст Ирон историон-филологон æхсæнад саразын æмæ дзы йе ’мхъуыдыгæнджытимæ ирон адæмы истори, æвзаг, адæмон сфæлдыстад, литературæ иртасын æмæ фыдæлты дзыхæйдзургæ хæзнатæ æмбырд æмæ бæстон кæныныл архайын. Йæ фæнд æмæ хъæппæрисæй Ирыстонмæ æрбафтыдысты фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæй 11 уацмысы. Сæ историон æмæ культурон ахадындзинады тыххæй дæр фыццаг зонадон уац Барысби ныффыста.

Ирон историон-филологон æхсæнады бындурыл 1925 азы байгом зонадон-иртасæн институт (ныр – Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт). Барысби уыд йæ фыццаг директор. Æлборты Барысби ма ивгъуыд æнусы 20-æм азты райдайæны уыд Хæххон республикæйы Адæмон ахуырады комиссарады разамонæг, 1922 азы та æрлæууыд Хæххон педагогон институты сæргъы. Ам йæ хъæппæрисæй байгом ирон æвзаджы кафедрæ. Кодта дзы зонадон-иртасæн куыст. Каст мидисджын лекцитæ ирон æмæ уырыссаг æвзаджы истори æмæ грамматикæ æмæ диалектологийæ. Фыста зонадон куыстытæ ирон æвзаг æмæ литературæйы историйæ. Астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырады скъолаты ахуырдзаутæ æмæ студенттæн арæзта ахуырадон программæтæ æмæ чингуытæ ирон æвзаг æмæ историйæ, фыссынад æмæ фольклорæй.

1924 азы Барысбийæн лæвæрд æрцыд ирон æвзаджы профессоры ном. Советон дуджы фыццаг азты йæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд уæлдæр æмæ астæуккаг скъолайы зонадон æмæ ахуырадон уаг æрфидар кæныны хъуыддаджы, уыдон чысыл не сты. Иу рæстæг Советон Уæрæсейы разамынд сфæнд кодтой Хæххон педагогон паддзахадон институт (фæстæдæр – Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институт, ныр – Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет) сæхгæнын, йæ бæсты та йын Цæгат Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы иннæ республикæты астæуккаг профессионалон училищæтæ байгом кæнын. Уыцы уынаффæ раст кæй нæу, уый Барысби уайтагъддæр банкъардта, рæвдз ныццыд Мæскуымæ æмæ уым, Советон Уæрæсейы ахуырады комиссарады разамындæн, бæстон дæнцæгтыл æнцой кæнгæйæ, бæлвырд бамбарын кодта, Хæххон педагогон паддзахадон институт æхгæд куы ’рцæуа, уæд канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Цæгат Кавказы адæмыхæттыты фæсивæдæй бирæтæ кæй баззайдзысты æнæ уæлдæр ахуырадæй. Барысбийы раныхас афтæ зæрдæмæхъаргæ уыд, æмæ фарста лыггонд æрцыд Ирыстоны пайдайæн.

1934 азы Æлборты Барысби уыд зонадон балцы Таджикистаны ирайнаг æвзæгтæ, сæрмагондæй та ягънобты (уым цæрæг адæмыхатт) æвзаг сахуыр кæнынмæ, ирон æвзагимæ йын æвзагзонынады уагæй цы иудзинад ис, уый сбæлвырд кæнынмæ. Зæрдиагæй сæххæст кодта ам дæр йæ размæ æвæрд хæстæ. Æмæ ягънобты æвзаг æмæ культурæйы тыххæй Ирыстонмæ æрбаласта, абон дæр сæ ахадындзинад стыр кæмæн у, ахæм бирæ хъæугæ цымыдисаг æрмæджытæ.

1925-1937 азты Барысби кодта зæрдиаг зонадон иртасæн æмæ рухстауæн куыст, уыд æхсæнадон æмæ культурон царды гуылфæны. Фыста зонадон уацтæ, каст лекцитæ ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынадæй, æмбырд кодта æмæ иртæста адæмон сфæлдыстад æмæ ирон литературæйы зæрингуырдты уацмыстæ.

Йæ уд æмæ зонды хорзæхы зынгæ хай хаста Ирон профессионалон театр æмæ хореографион æмæ вокалон коллективты рæзтмæ. Уыд цалдæр ахуырадон æмæ зонадон советы, зонадон æмæ аивадон литературон журналы редколлегийы уæнг.

Нæ уыд ирвæзт Æлборты Барысби ивгъуыд æнусы 30-æм азты политикон репресситæй. Кæд сæ азары бахауд, уæддæр йæ раст зонд æмæ зæрдæ нæ фæтасыдысты хахуыргæнджыты цæфтæй. 1938 азы фыццаг хатт хаст æрцыд Свердловскмæ. Уым уыд изоляцийы. Архайдта хъæдæрмæг цæттæгæнæн куыстыты. Цы куыстуаты разамынды бæрны уыд, уыдон ын рахатыдтой йæ арф зонд æмæ хорз зæрдæйы уаг. Йæ зонадон архайд цæмæй ам дæр йæ уагыл цыдаид, уымæн ын арæзтой æмбæлгæ уавæртæ.

1946-1947 азты Барысби куыста Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературон факультеты. Каст лекцитæ иумæйаг æвзагзонынадæй. Разамынд лæвæрдта уырыссаг æвзаджы кафедрæйæн. Цæттæ кодта фидæны ахуыргæнджыты æмæ зонадон кусджыты. 1948-1952 азты зындгонд ахуыргонд æрвыст æрцыд Хъазахстанмæ. Ам Лениногорскы горæты техникумы амыдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæ. Кодта зонадон æмæ иртасæн куыст.

Ныффыста 40 зонадон уацæй фылдæр. 1956 азы Æлборты Барысби ссыд Ирыстонмæ æмæ суанг йæ царды фæстаг бонмæ куыста Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты ирон-уырыссаг филологийы факультеты.

Æлборты Барысби йæ цардæй ахицæн 1968 азы. Кад æмæ йæ зæрдæйы стыр хъыгимæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы уæлмæрдтæй иуы. Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты цы 24-æм хæдзары цард, уый къулыл ис Барысбийы номарæн къæй. Йæ зонадон куыстыты фылдæр хай æфснайд у Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл Гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты архивы.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]