Пысылмон республикæ
Внешний вид
Пысылмон республикæ у, пысылмон дингæнджыты къухы дзæвгар тыхбар (уырыс. власть) кæм ис, ахæм теократон паддзахадон арæзты хуыз; æмбæлы Хæстæг Скæсæны. Ахæм арæзты формæйæн ис куыд традицион пысылмон монархийы, афтæ европæйаг республикæйы æууæлтæ.
Пысылмон республикæйы фылдæр закъæттæ æнцайынц шариаты бындурыл.
Ахæм паддзахæдтæм бахæссæн ис Иран, Афгъанистан, Мавритани æмæ Пакистан (æниу, 1956-æм азы Пакистаны цы конституци сфидар чынди, уымæ гæсгæ ацы паддзахад у æнæдинон, æмæ йæ пысылмон кæй хуындæуы, уымæн ис айдагъ символикон-культурон нысаниуæг).
Классикон пысылмон республикæйыл нымайæн ис Иран — йæ сæргъы лæууы уæлдæр пысылмон дингæнæг (рахбар).