Ираны географи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ираны картæ

Иран ис хуссар-ныгуылæн Азийы, Хæстæг æмæ Астæуккаг Скæсæны арæны фæйнæфарс. Цæгатырдыгæй йæ былгæрон æхсы Къаспы денджыз, хуссарырдыгæй — Персы æмæ Оманы бакæлæнтæ. Сурзæххыл Иран æмарæн у авд паддзахадимæ: Азербайджан, Сомихыстон, Афгъанистан, Ирак, Пакистан, Туркменистан æмæ Туркимæ. Уымæй уæлдай ма паддзахад дих кæны Къаспы денджызы акватори Уæрæсе æмæ Хъазахстанимæ, Персы бакæлæн — Кувейт, Сауды Арабб, Катар, Бахрейн æмæ Араббы Иугонд Эмираттимæ, Оманы бакæлæн — Оманимæ.

Йæ территорийы фæзуатмæ гæсгæ Иран ахсы 17-æм бынат (1 648 000 км²). Бæстæйы цæгаты Гилян, Мазендеран æмæ Голестаны тæрфытæ, хуссар-ныгуылæны та Хузестаны тæрфытæ нæ нымайгæйæ, Ираны территори у денджызы æмвæзадæй 900 метрæй бæрзонддæр.

Цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ адæргъ ис къæдзæхрагъ Загрос.

Хусхæссаг бæстыхъæд æмæ хохджын рельефы тыххæй Иранæн нæй фаг доны ресурстæ. Бæстæйы ис зыбыты иунæг наудзæуæн цæугæдон — Карун.

Дынджырдæр цад — Урмия — ис Ираны цæгат-ныгуылæны.

Иран хъæздыг у къахгæ хæзнатæй, уæлдайдæр æвзалыдонгуыртæй (русск. углеводороды). Нефты æвæрæнты бæрцмæ гæсгæ Иран ахсы æртыккаг бынат, æрдзон газы — дыккаг. Иран ма хъæздыг у æвзалы, æфсæнæрзæт, марганец æмæ цинчы æвæрæнтæй.

Рельеф[ивын | Бындур ивын]

Ираны территорийы фылдæр хай æмбæрзт у хæхтæй. Хæхты сæйраг рагъ у Загрос. Уый адæргъ ис цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ 1500 километрыл. Загросы ис, сæ бæрзæнд 3000 м фылдæр кæмæн у, ахæм цалдæр цъуппы. Иу ран (Фарсы) та — 4000 метрæй уæлдæр цъуппытæ. Иннæ дынджыр къæдзæхрагъ, Эльбурс (ивддзаггæнæн нæй Кавказы хох Эльбрусимæ), æрбынат кодта Къаспы денджызы былгæроны дæргъмæ. Эльбурсы ис Ираны бæрзонддæр цъупп — хуыст вулкан Демавенд (денджызы æмвæзадæй 5610 метры бæрзонддæр).

Загрос æмæ Эльбурсы ’хсæн фæзуатыл ис Централон плато. Денджызы æмвæзадæй нымайгæйæ, йæ рæстæмбис бæрзæнд у 900 метры. Платойы скæсæйнаг хай æмбæрзт у дыууæ стыр цæхдзастæй (русск. солончак): Деште-Кевир æмæ Деште-лут. Ацы территори, цалдæр оазисæй фæстæмæ, у æдзæрæг.

Ираны ис æрмæст дыууæ стыр дæлвæзы: Хузестаны быдыр (хуссар-ныгуылæны) æмæ Къаспы былгæройнаг дæлвæз (цæгаты). Фыццыг у Месопотамы дæлвæзы иу хай æмæ Ираны территорийыл адæргъ ис 120–160 километрыл, Загросы къæдзæхрагъы онг. Ацы дæлвæз денджызы æмвæзадæй 3–5 км бæрзонддæр никуы вæййы. Къаспы былгæройнаг дæлвæз адæргъ ис денджызы былгæроны дæргъмæ 640 километрыл, йæ уæрх та 40 километрæй стырдæр нæ вæййы. Иуæй-иу рæтты былгæройнаг хахх Эльбурсы хохрæбынæй цæуы 2 км æддæдæр. Персы æмæ Оманы бакæлæнты былгæрæттыл дæлвæзтæ нæй, уымæн æмæ Загрос хæццæ кæны комкоммæ былгæройнаг хахмæ.

Гидрологи[ивын | Бындур ивын]

Ираны нæй стыр цæугæдæттæ, ис дзы æрмæст иунæг наудзæуæн дон — Карун. Уый гуыры Загросы æмæ фылдæр кæлы бæстæйы хуссар-ныгуылæны, Хузестаны территорийыл. Цæугæдонылдзог транспорт пайдагонд цæуы сæйраджыдæр сахартæ Ахваз æмæ Хорремшехры ’хсæн, Карун цæугæдон Арвандрудмæ кæм бакæлы, уыцы 180-километрон фадыгыл. Каруны иумæйаг дæргъ у 950 км. Иннæ ахадгæ цæугæдæттæ сты Кархе, Дез æмæ Заянде.

Бирæ чысыл æмæ цыбыр цæугæдæттæ ис Ираны цæгаты, уæлдайдæр Мазендераны. Уыдон иууылдæр гуырынц Эльбурсы æмæ бакæлынц Къаспы денджызмæ. Централон Ираны цæугæдæттæ донарæх вæййынц æрмæст, хæхты мит куы тайы, уыцы рæстæг, афæдзы фылдæр хай та уыдон басур вæййынц.

Афæдзы дæргъы чи никуы басур вæййы, бæстæйы уыцы донуæттæй иу у цæхджын цад Урмия Хуссар Азербайджаны. Æниу, йæ цæххарæхы тыххæй удæгас организмтæ дзы нæ цæрынц. Ираны иннæ цадтæ: Бахтаган, Гавхуни, Нейриз, Паришан, Неор, Саве. Цалдæр чысыл цады ма ис бæстæйы скæсæны — Систан æмæ Белуджистаны, Афгъанистан æмæ Пакистанимæ цы арæн ис, уымæ хæстæг. Ираны цы цыбырнымæц æдзæхх цадтæ ис, уыдон æрбынат кодтой Эльбурсы хохрæбын, Тæхранæй цæгатырдыгæй.

Бæстыхъæд[ивын | Бындур ивын]

Ираны уæлиуæг кæны ариадон бæстыхъæд. Къаспы денджызы былгæроны дæргъмæ территорийыл ис субтропикон бæстыхъæд.

Бæстæйы цæгаты зымæджы температурæ арæх вæййы æппæрццæг, июлы та хатгай схизы 30 градусмæ. Афæдзмæ рæстæмбис нымадæй уымæл ныгуылæйнаг облæстыты æруары 1700 мм, хусхæссаг скæсæйнаг облæстыты та — 680 мм. Сæрды æдзæрæгрæтты температурæ арæх вæййы 40 градусæй уæлдæр. Ираны ныгуылæны, Загросы хæхты зымæджы фылдæр хатт вæййы æппæрццæг температурæ, стæй ма дзы арæх вæййаг сты тыхджын митуæрдтытæ æмæ дымгæтæ.

Персы æмæ Оманы бакæлæнты былгæрæттæ сты æнтæф æмæ уымæл тропикон бæстыхъæды зонæйы. Уымы зымæгон температурæ у +16...18°С, сæрдыгон — +24…30°С. Абаргæйæ дзы афæдзмæ æруары бирæ дæлдзырæттæ (русск. осадки): хæхты фæхстыл 1000 миллиметрмæ ’ввахс, быдырбæсты — 600 миллиметры онг.