Ираны экономикæ
Ираны экономикæ националон кондады бæрцмæ гæсгæ дунейы ахсы 15-æм бынат, æмæ Ныгуылæн Азийы, стæй ОПЕК-ы паддзахæдты ’хсæн у тæккæ стырдæр.
2007-æм азы ÆМП-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Туркæй фæразæй ис, æмæ афтæмæй ссис æгас Пысылмон дунейы стырдæр экономикæ. 2007-æм йæ ÆМП-йы бæрцуат уыди $852,6 млрд, ÆМП-йы рæзт та — 5,8 %.
Истори
[ивын | Бындур ивын]1970-æм азты агъоммæ Иран фыццаджыдæр уыди аграрон бæстæ. 1970-æм азты райдианы хицауды сæрдар Амир-Аббас Ховейды кабинет ныгуылæйнаг, сæйрагдæр америкаг компаниты фæрцы кодта экономикæйы индустриализаци æмæ арæзта ирайнаг куыстад нырыкконгæнæн мадзæлттæ. Фæлæ ирайнаг æхсæнад кълæстæ æмæ сословитыл цæхгæр дихгонд кæй уыди, стæй 1978-æм азы карз политикон уавæр, кæй сæвзæрди, уый охыл «Урс революци» нæ радта, цы йын æнхъæлдтой, ахæм фæстиуджытæ. Ираны райдыдтой, бирæ адæм кæм архайдтой, ахæм куыстурæдтытæ, куыстады бæрæггæнæнтæ та цæхгæр æрхаудысты. 1979-æм азы февралы-апрелы уыди дугивæн рæстæг — æппæрст æрцыд сахы режим æмæ Пысылмон революцийы фæрцы сфидар чынди дингæнджыты тыхбар. Пысылмон республикæйы разамынд кæй расидти, уыцы ног экономикон курсы нысæнттæ уыдысты: Ираны экономикæ ныгуылæйнаг паддзæхæдты дæлбарадæй суæгъд кæнын æмæ бæстæгты куыдфылдæры куыстыл бафтауын.
1980-æм азты дæргъы Ираны экономикон рæзт къуылымпы кодта ирайнаг-иракаг хæст.
1990-æм азтæм, революцийы размæйы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, Ираны цæрджыты нымæц фæдывæр ис, уыимæ ирайнæгты фылдæр хай сты æнахъомтæ. Бæстæгтæ райдыдтой ивылын хъæутæй сахартæм æмæ уый æвзæрырдæм фæбæрæг ис. XX æнусы Иран сси хæлцы продуктты стырдæр импортертæй иу.
Пысылмон революцийы æнæгуырысхойаг æнтыстытæй сты ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы райрæзт. Ног хицауад бирæ æхца хардз кодта зонады къабазæн, цæмæй ныгуылæйнаг специалисттæ ивд æрцæуой хионтыл, стæй æнахуыргонддзинад сыскъуынынæн. Уыимæ ныртæккæ дæр ирайнаг экономикæйы егъаудæр проблемæтæй иу у æгуыстдзинады æмвæзад.
1990-æм азты активонæй райдыдта рæзын инфраструктурæ, фыццаджыдæр транспортон: Иран æмбæрзт æрцыд, хæрхъæд автомагистралты хызæй, фæлæ ныры онг ма, æхсæнвæндаджы транспортæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц у хæрз гыццыл.
Рапарахат ис автомобильтæаразыны къабаз, стæй дырыс машинæаразынад. Цæмæй куыстады къабаз тагъддæр райрæза, уымæн хицауад активонæй кæны куыстуæтты приватизаци. 2000-æм азты нал фаг кодтой экономикæ ифтонг чи кæны, уыцы нефтгуысты хъарутæ æмæ уый охыл сæвзæрди электроэнергийы дефицит æмæ Иран райдыдта æлхæнын тынг бирæ бензин фæсарæнты. 2007-æм азмæ, бæстæйы цы хардзгонд чи цыди, уыцы бензины 40% уыди æрбаласгæ. Ахæм уавæр банывыл кæнынæн хицауад аразы алыхуызон мадзæлттæ.