Ираны националон æдасдзинады уæлдæр уынаффæдон
Внешний вид
Националон æдасдзинады уæлдæр уынаффæдон (перс. شورای عالی امنیت ملی) у, йæ сæргъы Нымæрдар кæмæн ис, Ираны Пысылмон Республикæйы уыцы æххæстгæнæн политикон оргæн. Ацы институт бындурæвæрд æрцыд 1989-æм азы рацарæзт Конституцийы 176-æм статьямæ гæсгæ. Юридикон æгъдауæй Уынаффæдоны сæргълæууæг у Ираны президент, фæлæ фæстаг уынаффæйы (ныхасы) бар Уынаффæдоны ис Уæлдæр разамонæгæн. Уæлдæр разамонæджы равзарынц нымæрдары амындмæ гæсгæ. 2007-æм азы 20 октябрæй Уынаффæдоны нымæрдарæй кусы Саид Джалили.