Перейти к содержанию

Къуындыхаты Муссæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къуындыхаты Муссæ
Райгуырды датæ 1818
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1889
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз кавалери[d]
Хуындад инæлар-майор[d] æмæ дивизион инæлар[d]
Тохтæ
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Святого Георгия IV степени орден Святого Георгия IV степени за 25 лет выслуги Сыгъдæг Владимиры орден орден Святой Анны 1-й степени орден Святого Станислава 1-й степени орден Святого Владимира 3-й степени орден Святого Владимира 4-й степени орден Святой Анны 2-й степени с императорской короной орден Святой Анны 2-й степени орден Святого Станислава 2-й степени орден Святой Анны 3-й степени Австрийский орден Леопольда орден Османие медаль Имтияз орден Меджидие 1-й степени золотое оружие с надписью «За храбрость» Сыгъдæг Станиславы орден

Куындыхаты Алхасты фырт Муссæ (тур. Musa Kunduh Paşa; 1818-æм аз, Хохы Саниба1889-æм аз, Эрзерум) — Уæрæсейы инæлар-майор, Турчы дивизион инæлар.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Муссæ райгуырдис 1818-æм азы уалдзæджы, ирон æлдар Алхасты бинонты. Уый уыди йæ фыдæн йæ фæндзæм фырт. Муссæйыл дыууадæс азы куы цыдис, уæд æй райстой Бетъырбухмæ куыд амынæт, уым каст фæцис Павлы æфсæддон училище. Сси корнет Кавказы Хицæн корпусы сконды чи уыди, уыцы кавалерийы цур. Николай Фыццагимæ чегъре цыдис йæ Цæгат Кавказы балцы. 1841-æм азы сси капитан.

1846-æм азы æрвыст æрцыдис Варшавæмæ, Польшæйы чи дислокаци кодта, уыцы хохаг кавалерион полкъмæ афицерты æххуырстæн. Кавказмæ куы раздæхтис, уæд архайдта Имам Шамилимæ баныхæсты (уырыс. переговоры).

Хъырымы хæсты рæстæджы Муссæ, дæлбулкъон уæвгæйæ, разамынд лæвæрдта хохаг бæхджын полкæн, кæцыимæ Фæскавказы архайдта туркæгты ныхмæ операцийы. Фæстæдæр сси булкъон.

1850-æм азты райдайæны нысангонд æрцыдис Терчы облæсты Ирыстоны æфсæддон зылды сæргълæууæгæй, стæй та Цæцæны зылды сæргълæууæгæй дæр. 1860-æм азы райста инæлар-майоры цин.

Хорзæхтæ

[ивын | Бындур ивын]

У Сыгъдæг Гиуæргийы IV-æм къæпхæны, Сыгъдæг Владимиры I-аг къæпхæны бантимæ, Сыгъдæг Аннæйы I-аг, II-аг æмæ III-аг къæпхæнты кавалер, Сыгъдæг Станиславы II-аг къæпхæны кавалер, ноджы ма уымæн уыди Австрийы Леопольды кавалерийы дзуар.

Куындыхаты Муссæ амидин кодта пысылмон ирæтты, цæцæйнæгты æмæ карабулакæгты Туркмæ алидзынмæ. 1865-æм аз мартъийы райдайæны фондз мин хохæгтæ, сæ сæргъы Къуындыхайы-фырт афтæмæй, араст сты Туркмæ. Арвыкомы фæндагыл, стæй Гуырдзыстоны зæххытыл фæцæугæйæ 22-æм июны ныххæццæ сты Хъарсмæ. Уыимæ Туркмæ ацыдысты йæ фырттæ Аслæмбег æмæ Бечир, йе ’фсымæртæ Афæхъо æмæ Хъасболат.

Турчы æфсады службæ

[ивын | Бындур ивын]

Сси Турчы бæстаг, лæвæрд ын æрцыдис пашайы титул æмæ дивизион инæлары бынат.

18771878-æм азты уырысы-турчы хæсты рæстæджы лæвæрдта разамынд Турчы кавалерийæн, кæцы дæрæнгонд æрцыдис Хъарсæй скæсæнырдыгæй.

Йæ царды фæстаг азтæ арвыста Эрзерумы, уым фыццаг командæ кодта бынæттон гарнизонæн, стæй та службæйæ хи суæгъд кодта. Ныгæд æрцыдис сахар Эрзерумы Харманлийы мæзджыты цур.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Ноджы ма кæс:

[ивын | Бындур ивын]