Къуындыхаты Бечыр
Къуындыхаты Бечыр | |
---|---|
![]() | |
| |
1920-æм азы 3 майы — 1921-æм азы 8 майы | |
Фæстæдæр | Ахмет Мухтар Молаоглы |
|
|
Райгуырдис |
1865[1] |
Амардис |
1933-æм азы 16 январы[1] |
Ныгæныны бынат | |
Фыд | Къуындыхаты Муссæ |
Парти | |
Ахуырад | |
Професси | дипломат, политик |
Дин | пысылмон дин |
![]() |
Къуындыхаты Муссæйы фырт Бечыр (тур. Bekir Sami Kunduh; райгуырдис 1864-æм азы Хохы Санибайы — амардис 1932-æм азы) уыди Турчы республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг министр 1920-æм азы 3-æм майæ 1921-æм азы 8-æм майы агъоммæ.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырдис Хохы Санибайы хъæуы, у Уæрæсейы æмæ Турчы инæлар Къуындыхаты Муссæйы фырттæй иу.
Каст фæци Галатасарайы лицей æмæ Политикон зонæдты уæлдæр скъола Парижы.
Куыста алыхуызон бæрнон бынæтты: Бетъырбухы туркаг минæварады нымæрдарæй, цалдæр паддзахады туркаг копсуладты. Архайдта паддзахадон бадзырдты. Уыд губернатор Турчы бирæ вилайетты, куыста осмайнаг парламент меджлисы депутатæй дæр. Æвзæрст уыд Турчы Стыр адæмон æмбырдмæ (Türkiye Büyük Millet Meclisi). Фæстæдæр æй ацы æмбырды уынаффæмæ гæсгæ снысан кодтой фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг министрæй (1920—1921). Ацы хъуыддаг туркæгтæн се ’ппæты зæрдæмæ нæ фæцыд.
1921 азы, Советон Уæрæсеимæ ахастдзинæдтæ фæхуыздæр кæныны охыл, æрвыст уыди Мæскуымæ. Уыцы фæндагыл бабæрæг кодта Ирыстон. Советтæй Иры зæхх ссæрибар кæныны тыххæй йын уый размæ сусæг фембæлдтæ уыд йе ’мзæххонтимæ, бæлвырд кодта иуæй-иу фарстатæ. Уыйадыл æрзылди Скæсæйнаг вилайеттæ Хъарс, Агъыр æмæ иннæтыл, лæгæй-лæгмæ бæстон ныхас кодта ирæттимæ.
Советон Уæрæсейы йын зæрдæ бавæрдтой, фидар архайдæй Туркимæ ахастдзинæдтæ кæй снывыл кæндзысты, уый тыххæй. Мæскуыйæ куы æрбаздæхт Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, уæд ацыд Лондонмæ. Сарæзта фембæлдтæ, кодта хъуыддаджы ныхæстæ æмæ фæстагмæ йæ къухы бафтыд Англис æмæ Францимæ бадзырдтæ саразын. Уыцы пайдайаг бадзырдтæ цæттæ кæнгæйæ хъуамæ бахынцтаид туркаг хицауады фæндтæ, уыдон та сæ хъус фылдæр дардтой немыцы ’рдæм. Афтæмæй зын уавæры бахауд æмæ йæ бахъуыд йæ куыстæй ацæуын. Уыцы рæстæг Ататюркимæ дæр кæрæдзи хорз нал æмбæрстой. Фæстæдæр ногæй сси вилайет Токаты депутат, Сæрибарады прогрессивон партийы уæнг, Сæрибар тæрхондоны тæрхонылæг. Фæстагмæ политикон карьерæйыл йæ къух систа.
Къуындыхаты Бечыр кæм æргомæй, кæм сусæгæй мухадзырты хъуыддагмæ кæддæриддæр йæ хъус дардта. Бахъуаджы заман-иу сæ фарсмæ балæууыд. Алыхуызон дунеон конференциты æмæ æфсизæгты æмбырдты архайдта тынг зæрдиагæй. Зынгæ адæймаг, нымад лæг уыди цæгаткавказæгты æхсæн. Исты хъуыддæгтыл дзургæйæ-иу алы хатт дæр йæ ныхасы сæр уыдысты ирæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй йæм иннæ æфсизæгтæ хæрам кодтой.[2]
Ныгæд æрцыд Стамбулы.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Bibliothèque nationale de France Bekir Sami Kunduh // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Уарзиаты Вилен. Фæсарæйнаг ирæттæ. Журнал «Мах дуг», 1993 аз, №5-6