Кавказы хæст
Внешний вид
Кавказы хæст (1817 — 1864) у æмбырдгæнæн термин, кæцы иу кæны Уæрæсейы импери Цæгат Кавказы тыхæйбайсты рæстæг цы хæстон архайдтæ кодта, æппæт уыдоны. Уыд Уæрæсейы империйæн йæ ииуыл даргъдæр хæст.
Кавказы хæсты хайыл нымайынц бирæ конфликттæ, сæ сæйрагдæр уыдысты Цæгат Кавказы имамат æмæ йæ раздзог Шамилы ныхмæ хæст æмæ черкесаг адæмты ныхмæ хæст. Йæ хатцæг уыдис Цæгат-Скæсæн Кавказы басаст, æмæ Цæгат-Ныгуылæн Кавказы цы черкесаг адæмтæ цардысты, уыдоны тард сæ зæххæй Османты империмæ, Черкесты геноцид дæр кæй хонынц, уый. Черкесаг адæмтæй æппæтæй стырдæр зиан баййæфтой убыхæгтæ, уыдоны сæ фæстæг адæймагмæ сæ зæххæй атардтой æмæ убыхаг æвзагыл чи дзырдта, ахæм фæстæг адæймаг Тевфик Эсенч амард 1992-æм азы, Турчы, Хаджиосманы хъæуы.