Къуындыхаты Хъасболат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къуындыхаты Алхасты фырт Хъасболат (райгуырдис 1816-æм азы Хохы Санибайы) уыди подпоручик, хæцыд Шамилы фарс. Куындыхаты Муссæйы кæстæр æфсымæр. Нысангонд æрцыд Цæцæны ныгуылæн хайы наибæй.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

1852-1854 азты наиб Хасбулат Арштинскийы номимæ æрзылд Ирыстоны пысылмон районтыл, уыд Тæгиаты æхсæнады зæххыты, Уæлладжыры, Дыгургомы. Уæд Дыгуры æлдæрттæ Шамилыл иузæрдиондзинадыл ард бахордтой. Йæ Фыдыбæстæмæ куы сыздæхт Хъасболат, уæд ын æппæт уыцы хъуыддæгтæ ныббарстой, фæлæ ист æрцыдысты йæ офицеры цин, стæй йæ зæххытæй 1400 дæсæтины.

Къуындыхаты Хъасболаты фыццаг бинойнаг уыд кæсгон кънйазы чызг Насипхан Казиева, йæ дыккаг ус та – кæсгон уæзданы чызг Джан Клишбиева. 1865 азы йæ бинонтимæ алыгъд Туркмæ. Йемæ алыгъдысты йæ дыууæ усы дæр, йæ фырттæ Хъамболат, Бимболат, Мырзабег, Хъази-Мæхæмæт, Иналыхъ, стæй йæ чызджытæ: Чабæхан, Бабух, Газыга, Лана.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]