Мухадзыртæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мухадзыртæ

Мухадзыртæ (арабб. المهاجرون‎‎ «ралидзджытæ»), зæгъгæ, ахæм номæй хуындæуы, æнæпысылмон бæстæтæй пысылмон бæстæтæм бирæйæ цы пысылмæттæ алидзы, уыдон. Алыгъды аххосæгтæ вæййынц æндæр æмæ æндæр. Арæх пысылмæттæ ацæуынц, уымæн æмæ сæ нæ фæфæнды цæрын, бæстæйы фылдæр хай æндæр диныл хæст адæм кæм сты, уым. Арæх ма алыгъд вæййы хæстон архайды фæстиуæг (цæвиттон, чырыстон паддзахад пысылмон территори куы бацахсы).

Фыццаг мухадзыртыл, традицимæ гæсгæ, нымад сты Мæхæмæт-пехуымпар æмæ йæ фарсхæцджытæ — фыццаг пысылмæттæ. Уыдоны бахъуыдис алидзын Ясрибы сахармæ (ныртæккæйы Мединæ), муртаччытæ сæ кæй сырдтой, уый фыдæй.

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Дзырд «мухадзыр»-æн ис араббаг равзæрд, æмæ амоны — æрлидзæг, алидзæг, цæрæнбынат ивæг (уырыс. переселенец). Йæ бындуры ис араббаг дзырд «хиджра» — цæрæнбынат ивд (уырыс. переселение).

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]