Хъарс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Хъарс
тур. Kars
40°36′25″ с. ш. 43°05′35″ в. д.HGЯO
Паддзахад Турк Турк
Ил Хъарс
Истори æмæ географи
Центры бæрзæнд 1760 м
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +90 474
Посты индекс 36000
kars.bel.tr(турк.)
Хъарс (Турк)
Хъарс (Хъарс)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хъарс[2] (тур. Kars) у сахар Турчы скæсæны, Сомихы арæнмæ хæстæг, Хъарсы провинцийы административон центр.

Хъарсы фидар

Бæстыхъæд[ивын | Бындур ивын]

Хъарсы алфамбылай бæстæйы бæстыхъæд у хæрз карз. Мит дзы уары афæдз 50 боны, зæххыл баззæйы 100 боны. Ныллæгдæр регистрацигонд температурæ у -36,9 °C[3].

Мæйтæ Янв Мар Май Июл Сен Ноя
Рæст. стырдæр
температурæ[4], °C
8.4 18.8 27.0 35.4 32.6 19.0
Рæст. ныллæгдæр
температурæ[4], °C
-31.6 -30.2 -6.0 1.8 -3.8 -29.4

Хъарсы фидар[ивын | Бындур ивын]

Æмбисонды Хъарсы фидар у, ирон дзургæ сфæлдыстады арæх чи æмбæлы, ахæм ран. Уыцы рагон фидары хæлддзæгтæ ныр дæр лæууынц Хъарсы сæрмæ обауыл. Фидары систæ баззадысты Багратидты Сомихы дугæй, фæлæ йæ нырыккон формæ фидар райста XIII æнусы, Закариды династийы рæстæг. Æндæр версимæ гæсгæ фидар амад æрцыд султан Мурад III-æмы рæстæг (XVI æнус) Персы ныхмæ хæцынæн (æнæмæнг уый у, осмайнæгтæ фидар кæй рацæразтой, уый).

Хъарсы фидар зындгонд сси, XIX æнусы дæргъы Уæрæсейы æфсадæй цы бирæ æртыхстыты бахаудта, уыдоны фæрцы. Уыдонæй зынгæдæр у 1855-æм азы æртыхст, Хъырымы хæсты рæстæг.

Ныртæккæ фидар кусы куыд музей. Хъарсы фенддæгты ’хсæн у фидары мæсгуытæ, мæзджыт æмæ Джелал Бабайы мавзолей[3].

Сахары истори[ивын | Бындур ивын]

Зындгонд куыд у, афтæмæй Хъарс уыди сомихаг æлдæртты йæхи династийы сæйраг сахар, Вананды регионы артдзæст. IX æнусы уый бацыд Багратидты Сомихмæ, суанг уыцы паддзахады сæйраг сахар уыд (928961).

963-æм азы Багратидты сæйраг сахар Анимæ хаст æрцыд, Хъарс та ногæй сси Вананды хæдбар паддзахады артдзæст.

1065-æм азы бынæттон æлдариуæггæнджытæ сæ сахар радтой Византиаг империйæн, фæлæ тагъд рæстæджы сахар бацæхстой сельджукаг туркæгтæ.

1206-æм азы Хъарс бацæхстой гуырдзы æмæ йæ Закариды (Закарид-Мхаргрзелийы) мыггагæн радтой. 1230-æм азты кæронмæ сахар ногæй сси туркаг эмирты дæлбар.

1387-æм азы Хъарс бахаудта Тамерланы æртыхсты.

Уый фæстæ цыдæр хæдбар тюркаг эмиртæ æлдариуæг кодтой уыцы раны, стæй 1534-æм азы Хъарсы байста Османты импери. Осмайнæгтæ сахары фидар рацæразтой афтæ хорз, æмæ сын бантысти персайнаг Надир-Сахы æртыхст бафæразын (1731).

Ныры дуг[ивын | Бындур ивын]

1807-æм азы Уæрæсейы æфсад фыццаг хатт бабырста Хъарсмæ. XIX æнусы дæргъы уыди цалдæр ахæм цауы, æмæ 1878-æм азы, Сан-Стефанойы бадзырдмæ гæсгæ, Хъарс сси Уæрæсейы империйы Хъарсы облæсты сæйраг сахар.

Уый фæстиуæгæн 1878-1881 азты 82 минæй фылдæр пысылмон уырнджытæ ралыгъдысты мидæггаг Туркмæ, уыдонæй 11 мины бæрц Хъарсæй. Уыцы иу рæстæг бирæ грекъæгтæ æмæ сомихæгтæ æрбалыгъди сахармæ Османты импери æмæ Фæскавказæй. 1892-æм азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ Хъарсы облæсты цардысты: уырыссæгтæ (7%), грекъæгтæ (13,5%), курдæгтæ (15%), сомихæгтæ (21,5%), туркæгтæ (24%), карапапахæгтæ (азербайджайнæгтæм хæстæг этникон къорд; 14%) æмæ туркменæгтæ (5%). Уырыссаг æрбалидзджыты ’хсæн удимингай малакантæ æмæ духобортæ, уый тыххæй æмæ сæ пехуымпартæм гæсгæ Арараты алфамбылай, дам, сæвзæрдзæн ног адæймагад.

Уæрæсейаг дуджы бæстыхай Хъарсы

Уæрæсейаг дугæй сахары баззадис, сæ архитектурæйы миниуджытæй Дзæуджыхъæу æмæ æндæр кавказаг сахарты æнгæс чи сты, бирæ ахæм хæдзæрттæ. Сахар тынг райрæзтис: 1878-æм азы дзы цардис 8,7 мин адæймаджы, 1914-æм азы та — 54 мин (ома уæды Дзæуджыхъæуы æмиас уыди).

1918-æм азы мартъийы, Брест-Литовсчы фидыдмæ гæсгæ, Уæрæсе Османты империмæ фæстæмæ радта Хъарс, Батум æмæ Ардаган. Фæлæ уæдмæ Хъарсы æцæг тыхы уыдысты сомихаг æмæ уырыссаг æфсад. Туркæгты къухы бафтыдис Хъарс сæхицæн райсын 1918-æм азы апрелы, фæлæ уыцы азы октябры, бритайнаг æфсад хъуыддагмæ куы бацыд, сæ бахъуыд æй фæстæмæ радтын. 1919-æм азы Хъарс уыдис Сомихаг Республикæйы Вананды провинцийы сæйраг сахар.

Уыцы змæст рæстæджы хъарсаг цæрджытæй бирæтæ æндæр рæттæм лидзын байдыдтой, уыимæ Дзæуджыхъæумæ дæр ралыгъдысты бирæ малакантæ æмæ грекъæгтæ[5]. Советон хицауад, Туркæй ралидзын кæмæн фæндыдис, уыцы адæмæн радта æнæсаст зæххытыл æрцæрыны бар, æмæ уыдонæй бирæ æрбацыдысты Ростовы облæсты скæсæны цы Салы быдыр и, уыцы ранмæ[6] (ныры Целинайы район). Салы быдыры цард æнцон нæ уыди, æмæ, кæмæн ахæм фадат разынд, уыдон афтыдысты сахартæм, уыимæ Дзæуджыхъæуы Малаканты сыхбæстæм дæр.

1920-æм азы 30 октябры Хъарс бахаудис Турчы дæлбар[3], æмæ уæдæй фæстæмæ у уыцы паддзахады сконды. Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ Советон Цæдисы æддаг хъуыддæгты министр Вячеслав Молотов туркаг минæвармæ загъта, Хъарсы алфамбылай зæхх фæстæмæ раттын хъæуы, зæгъгæ. Дыууæ паддзахады гæрзджын быцæумæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой, фæлæ хæст не ’рцыдис, сахар баззадис Турчы сконды.

Хъарсы облæсты Турк æмæ Сомихы ’хсæн цы арæн ис, уый Турчы Республикæ сæхгæдта 1993-æм азы 4 апрелы, сомихаг гæрзифтонг тыхтæ Уæлхох Карабах куы байстой, уый тыххæй. Уæдæй нырмæ арæн æхгæд у. Бынæттон администрацийы тынг фæнды арæн ногæй байгом кæнын, Хъарсы мэр Наиф Алибейогълуйы ныхæстæм гæсгæ уый стыр ахъаз уаид регионы экономикæ сæндидзын кæнынмæ[7].

Цымыдисаг факттæ[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. https://www.nufusune.com/merkez-ilce-nufusu-kars
  2. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  3. 3,0 3,1 3,2 Хъарсы фæндагамонæн чиныг сахары официалон сайты(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 4 сентябры. Архив 2009-æм азы 12 апрелы.
  4. 4,0 4,1 http://www.meteor.gov.tr/2006/tahmin/tahmin-iller.aspx?m=KARS Архивгонд æрцыдис 5 мартъийы 2008 азы. meteor.gov.tr
  5. Зæгъæм, ацы æвдисæйнагмæ гæсгæ: «Дæн грекъаг, цæуы мыл 45 азы, цæрын Афинæты. Мæ мады фыдæлтæ цардысты ... Хъарсы, 1919 азы ралыгъдысты Советон Уæрæсемæ, Орджоникидзейы бынатмæ (ныртæккæ Дзæуджыхъæу). Уыдон ралыгъдысты Грекъмæ 1938 азы» «I am 45 and I am Greek, living in Athens. The parents of my mother lived ... in Kars, and mooved around 1919 to Soviet Union, in a place named Ordzhonikidze...» 01-Sep-2008
  6. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 11 мартъийы. Архив 2016-æм азы 20 мартъийы.
  7. "Kars battles for access to Armenia and beyond", Turkish Daily News, July 30th 2006.
  8. Мамсыраты М. Æцæгæлон бæстæ. — Орджоникидзе: 1986. — 105 ф.