Салхъазантæ
Внешний вид
| Салхъазантæ | |
|---|---|
| Бындурæвæрæг | Салхъазан |
| Æрвадæлтæ | Къочитæ, Боцитæ, Барахътæ, Хъалæгатæ |
| Равзæрд | Хъалæгатæ[1] |
| Кæм цардысты | Цирохс |
Салхъазантæ[2] (уырыс. Салказановы) сты дыгурон мыггаг.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Рагон таурæгътæм гæсгæ, дам, мыггæгтæ Салхъазантæ, Боцитæ, Барахътæ, Нанитæ æмæ Къочитæ равзæрдысты Хъалæгаты мыггагæй. Ацы мыггæгтæн сæ фыдæлтæ уыдысты æфсымæртæ — Салхъазан, Боци, Барахъ, Нани æмæ Къочи. Цардысты Уæлладжыры комы, Мызуры хъæуы. Салхъазан æмæ Къочи алыгъдысты Дыгургоммæ æмæ æрцардысты: Салхъазан — Гæлиаты фарсмæ Цирохсы хъæуы, Къочи та — Доныфарс. Салхъазан Цирохсы ус ракуырдта, бинонтæ скодта æмæ йæ мыггаг рауагъта йæ номыл — Салхъазантæ.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гутнов Ф. X. Осетинские фамилии — Владикавказ: Респект, 2012. — 536 с.
- 1 2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.