Перейти к содержанию

Гæдзаутæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гæдзаутæ (уырыс. Гадзаовы) сты дыгурон мыггаг.

Гæдзау уыд Булацаты мыггагæй, царди Тырсыйы комы. Иу дуджы сæ хъæуы кæимæдæр фæтуджджын, ралыгъд Дыгургоммæ æмæ æрцард Гæлиаты хъæуы. Гæдзауæн уыд æфсымæр Годыз. Уый дæр цард Гæлиаты. Æфсымæртæ раздæр хастой сæ мыггæгты ном Гæдзаутæ-Годызитæ. Уыдонæн, дам, сæ иуы фырт хуынди Сымæ, æмæ уый номæй дæр рацыд мыггаг. Ацы мыггæгтæ дæр фæлыгъдысты быдыры хъæутæм æмæ горæттæм. Гæдзаутæн сæ фыдæл уыд Уыз. Гæдзауты æддейæ ма Уызæй равзæрдысты ахæм мыггæгтæ: Сыметæ, Езетæ, Къостæ, Хабитæ, Тахунтæ, Джерытæ, Къорнатæ, Годизтæ, Елехъотæ. Гæдзаутæ æмæ Сыметæ цардысты Къора æмæ Мæздæджы.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 70.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 57.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 288–289.