Гæлæбутæ (мыггаг)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гæлæбутæ (уырыс. Галабуевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Ис ахæм рагон таурæгъ, уымæ гæсгæ Гæлæбутæ, Гуссатæ, Коцойтæ, Кацантæ æмæ Дзедзетæ равзæрдысты Мулдзугаты мыггагæй, раздæр цардысты Уæлладжыры комы Дагомы, уырдыгæй æрбалыгъдысты Дыгургоммæ Гæлиаты хъæумæ. Мулдзугаты мыггагæй равзæргæ мыггæгтæ Гæлиаты хицæнæй æрцардысты. Сæ фыццаг фыдæлты нæмттæ уыдысты: Гæлæбу, Гассау, Коцо, Кацан, Дзедзей. Ацы мыггæгтæн уыд иумæйаг кувæндон — Нæлызæды кувæндон Гæлиат æмæ Фæснæлы хъæутæн.

Гæлæбутæн хорз нæ рауад сæ хъуыддаг — фæцагъды сты низæй, аирвæзт ма дзы иу зæронд лæг. Мыггаг скæнæм, зæгъгæ, уымæ гæсгæ ацы лæг ракуырдта сæ хъæуккаг Бæлæуты чызджы, райгуырд сын лæппу, ус амард, сывæллон Бæлæутæм схъомыл, ус ракуырдта, рацыд ын зæнæг æмæ Гæлæбуты мыггаг сног ис. Гæлæбутæй чидæртæ сæ сæрмæ нæ хаста Гæлæбуты мыггаг æмæ сæ мыггаг ныффыстой Коцойтæй.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 71–72.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 58.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 290–291.