Битутæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Битутæ (уырыс. Битуевы, тур. Ogün[1]) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мыггаджы фыды фыд Биту уыд Бадилаты Баделы фырттæй. Бадел æмæ йæ фырттæ Махческы хъæуы цæргæйæ схъæздыг сты æмæ балхæдтой Дыгургомы хъæуты цæрджыты зæххытæ. Баделы авд фырты æрцардысты Дыгургомы фæйнæ хъæуы. Биту Гæлиаты хъæуы сарæзта хæдзар, ус æркодта æмæ йæ мыггаг йæхи номыл æскодта: Битутæй. Афтæ Гæлиаты хъæуы фæзынд Битуты мыггаг. Се ’рвадæлтæ уыдысты Хъуыбадтæ. Битутæй сæ иу, йæ ном Беко, Гæлиатæй Урсдонмæ ралыгъд, йе ’рвадæлтæ Хъуыбадты цурмæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 57.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 47.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 287.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.