Франц
Францы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
République française | |||||
| |||||
Девиз: «Liberté, Égalité, Fraternité» | |||||
Гимн: «Марсельезæ» | |||||
Официалон æвзаг | францаг | ||||
Сæйраг сахар | Париж | ||||
Стырдæр сахартæ | Париж, Лион, Бордо, Марсель | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 547 030[1] км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 0,26 % | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 66 736 000 ад. | ||||
• Æнгомад | 116 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 1,724 млрд. долл. | ||||
Валютæ | евро | ||||
Интернет-домен | .fr | ||||
Код ISO | FR | ||||
ÆОК-ы код | FRA | ||||
Телефонон код | +33[1] | ||||
Сахатон таг | +1 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Франц[1] (фр. France) у Ныгуылæн Европæйы паддзахад, Европæйы Цæдис, Стыр Аст æмæ НАТО-йы уæнг.
Франц уыдис дунейы стырдæр æмæ хъомысджындæр паддзахæдты ’хсæн XVII æнусæй фæстæмæ. XVIII-XIX æнусты Франц сарæзта егъау колонион импери — Францы дæлбар уыдис Африкæйы фылдæр хай, хуссар-скæсæйнаг Ази æмæ иуæй-иу æндæр территоритæ. Йæ раздæры колониты политикæмæ Франц ныр дæр стыр тæваг дары.
Туристты ’хсæн Франц у дунейы тæккæ популярондæр бæстæ — æрвылаз бæстæмæ æрцæуы 82 милуан адæймаджы[2]. Францы ис хæххон æмæ денджызон курорттæ, бирæ историон æмæ аивадон фенддæгтæ.
Франц уыд Европæйы Цæдисы бындурæвæрæг бæстæты ’хсæн, æмæ фæзуатмæ гæсгæ у Цæдисы стырдæр паддзахад.
Франц у аппон паддзахад — ис æм атомон хæцæнгæрзтæ (ракетæты хæцæнсæртæ дæр), стæй атомон электростанцæтæ. Йæ аппон хæцæнгæрзты фæстауæрц у дунейы æртыккæгæм стырдæр. Фыццаг аппон фæлтæрæн Франц сарæзта 1960-æм азы 13 февралы Алжиры.
Франц у Иугонд Нациты Организацийы Æдасдзинады Уынаффæдоны фондз иудадзыгон уæнгтæй иу.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Франц ахсы Ныгуылæн Европæйы стыр хай. Уыимæ æмарæн у Бельги, Люксембург, Герман, Швейцари, Итали, Монако, Андоррæ æмæ Испаниимæ. Арæнтæ бирæ рæтты цæуынц хохы цъуппытыл (Альпæтæ æмæ Пиренейтыл). Францы бæрзонддæр хох у Монблан (4 810 м).
Францæн ис фæсденджызон территоритæ дæр — Хуссар Америкæйы, Карибы денджыз æмæ Океанийы (Францы Полинези).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Францы ном равзæрдис латинаг дзырд Francia-йæ, кæцы дзырдæй-дзырдмæ нысан кæны «франкæгты бæстæ», «франчыстон».
Нырыккон Францы арæнтæ сты рагон Галлийы арæнты хуызæн. Галлийы та цардысты кельтæгтæ. Ромы импери Галлийы йæхи дæлбар бакодта нæ эрæйы агъоммæ фыццæгæм æнусы. Рæстæг цыдис, æмæ Галлийы цæрджытæ се ’взаг раивтой латинагæй (фæстагмæ уымæй равзæрдис нырыккон францаг æвзаг). II æнусæй райдыдта чырыстон дуг, IV æнусмæ чырыстон дин уыд Галлийы сæйраг дин.
V æнусæй IX æнусы онг Галли уыд Франкты паддзахады сконды. 843-æм азы, Вердены бадзырдмæ гæсгæ, фæзындис Ныгуылæн Франчы паддзахад нырыккон Францы арæнты мидæг.
Кæс
[ивын | Бындур ивын]Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Русско-осетинский словарь: около 25 000 слов/сост. В.И. Абаев. — Изд. 3-е. Владикавказ: Ир, 2013 — 487 с.
- ↑ Le tourisme international en France en 2007 (PDF)(недоступная ссылка). Direction du Tourisme (French government's tourism agency). Датæ: 2008-æм азы 5 июны. Архив 2008-æм азы 28 декабры. (фр.)