Алжир
| |||||
![]() | |||||
Девиз: «من الشعب و للشعب (Адæмæй æмæ адæмæн)» | |||||
Гимн: «Кассаман» (байхъус ) | |||||
Хæдбар сси | 1962 азы 5 июлы Фрацæй | ||||
Æвзаг | араббаг, бербераг, францаг | ||||
Сæйраг сахар | Алжир | ||||
Стырдæр сахартæ | Алжир, Константинæ, Оран | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент Премьер-министр |
Абдельазиз Бутефлика Ахмед Уяхья | ||||
Фæзуат | 2 381 740 км² | ||||
Доны процент | - | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2005) • Æнгомад |
32 531 853 ад. 13,6 ад./км² | ||||
ÆМП • Æдæппæт (2004) • Иу адæймагмæ |
дунейы 38-æм 217,2 млрд. $ 6677 $ | ||||
Валютæ | Алжиры динар (DZD) | ||||
Интернет-домен | .dz | ||||
Телефонон код | +213 | ||||
Сахатон таг | +1 |
Алжир, æнæхъæн ном Алжиры Адæмон Демократион Республикæ (арабб. الجمهورية الجزائرية الديمقراطية الشعبية, Āl-Jamhūrīâ āl-Jazāỷrīâ āl-Dīmuqrāṭīâ āl-Şebīâ; берб. ⵟⴰⴳⴷⵓⴷⴰ ⵜⴰⵎⴻⴳⴷⴰⵢⵜ ⵜⴰⵖⴻⵔⴼⴰⵏⵜ ⵜⴰⵣⵣⴰⵢⵔⵉⵜ) у паддзахад Цæгат Африкæйы, кæддæры Францы колони (1830—1962). Йæ сæйраг сахар у Алжир. Алжиры фылдæр хай у æдзæрæгран Сахарæйы. Суданы радихы фæстæ Алжир сси Африкæйы стырдæр паддзахад.
Истори[ивын | Бындур ивын]
XVI æнусæй XVIII æнусы онг Алжир уыдис Османты империйы сконды. XIX æнусы та райдыдта францаг колонизаци.
Географи[ивын | Бындур ивын]
Кæс: Алжиры сахарты номхыгъд.
Уæрæсеимæ бастдзинæдтæ[ивын | Бындур ивын]
Советон Цæдис Алжирæн стыр æххуыс кодта 1955-æм азæй фæстæмæ. Алжиры хæс Уæрæсейæн уыдис 4,7 миллиард доллары бæрц, 2006-æм азы уыцы хæс Алжирæн барст æрцыдис[1] — ахæм уынаффæ скодта Уæрæсейы президент Владимир Путин, Алжирмæ бæлцы куы уыд, уæд. Советон хæстæ барыны хабар баст у уæрæсейаг хæцæнгæрзтæ æлханыны стыр бадзырдимæ (контракты аргъ у 7 миллиардæй фылдæр), стæй та, Алжир раздæр Украинæ æмæ Белоруссийæ цы 36 хæдтæхæджы балхæдта, уыдоны модернизацийы тыххæй бадзырдимæ.
Уæрæсейы компанитæ «Роснефть» æмæ «Стройтрансгаз» хайад исынц нефт æмæ æрдзон газ къахыны Алжиры территорийыл.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Россия списала долг Алжира (уырыс.)