Нобелы преми
Нобелы преми (швед. Nobelpriset, англ. Nobel Prize) у тæккæ кадджындæр æмæ нымаддæр æхсæнадæмон премитæй иу; хорзæх саккаг кæнынц зынгæ зонадон иртасæнтæ, революцион æрымыстытæ, кæнæ культурæмæ кæнæ æхсæнады райрæзынмæ хайбавæрды тыххæй.
Нобелы премитæ сарæзтæуыд Альфред Нобелы ныстуанмæ гæсгæ.
Премитæ лæвæрд цæуынц æрвылаз цардархайды ацы къабæзты:
- физикæ — 1901-æм азæй, Швеци;
- хими — 1901-æм азæй, Швеци;
- медицинæ æмæ физиологи — 1901-æм азæй, Швеци;
- литературæ — 1901-æм азæй, Швеци;
- сабырдзинад бахъахъхъæд — 1901-æм азæй, Норвеги.
Уымæй уæлдай ма 1969-æм азæй хорзæхджын кæнынц, Альфред Нобель йæ ныстуаны кæй нæ бацамыдта, уыцы экономикон къабазы преми, æмæ æндæр премиты балæвæрды уавæртæй ницæмæй хъауджыдæр у.
Ныртæккæ Нобелы премийы æхцайы хæрзиуæг у 10 милуан шведаг кронæйы (1,05 млн евро кæнæ 1,5 млн доллæрмæ ’ввхас).
Лауреат хъуамæ бакæса «Нобелы номарæн лекци». Уый фæстæ ацы доклад мыхуыргонд æрцæуы Нобелы фонды хицæн томы.