Хъарсы облæст
Хъарсы облæст (уырыс. Карсская область) уыд Уæрæсейы империйы административон иуæг Фæскавказы. Облæсты зæххытæ Уæрæсейы скондмæ бацыдысты Берлины конгрессы уынаффæмæ гæсгæ 1878-æм азы. Облæсты фæзуат уыдис 18 646,6 кв. км.
Административон æгъдауæй облæст дихгонд уыди 4 зылдыл: Хъарсы зылд, Ардаганы зылд, Кагызманы зылд æмæ Олтуйы зылд. Административон центр уыд Хъарс. Хъарсы облæсты фыццаг губернатор уыд инæлар-лейтенант Виктор Франкини.
1921-æм азæй фæстæмæ Ардаганы æмæ Хъарсы зылдтæ сты Турчы сконды.
Хъарсы облæсты æрцæрын кодтой уырыссаг адæмы цалдæр дæлкъорды, уыдоны ’хсæн малаканты. Уыдон 1921—1923 азты бахъуыдис уыцы ранæй ралидзын, сæ зæхх фæстæмæ Турчы дæлбар кæй бахауд, æмæ уый тыххæй. Советон хицауад, Туркæй ралидзын кæмæн фæндыди, уыцы адæмæн æнæсаст зæххыл æрцæрыны бар радта, æмæ уыдонæй бирæ æрбацыдысты, Ростовы облæсты скæсæны цы Салы быдыр ис, уыцы ранмæ[1] (ныры Целинайы район). Иуæй-иу малаканты бинонтæ баззадысты Турчы æмæ фæстæдæр ралыгъдысты АИШ-мæ (хи хъæппæрисæй) кæнæ Советон Цæдисы Стъараполы краймæ[2] (паддзахадон программæйы фæрцы).
1892-æм азы облæсты цардысты 201 мин адæймаджы, удонæй фылдæр уыдысты сомихæгтæ (21,5%), туркæгтæ (24%), курдæгтæ (15%).
Облæсты националон сконд 1897-æм азы[3]:
Зылд | сомих | турк | курдæгтæ | грекъ | карапапахæгтæ | уырыс | туркмен | украинæгтæ | польшæйæгтæ | Фæскавказы тæтæр |
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Облæст æппæтæй | 25,3 % | 21,9 % | 14,8 % | 11,2 % | 10,3 % | 7,7 % | 2,9 % | 1,8 % | 1,1 % | … |
Ардаганы зылд | 2,9 % | 42,6 % | 19,1 % | 11,9 % | 12,0 % | 3,0 % | 6,6 % | … | … | … |
Кагызманы зылд | 36,5 % | 8,7 % | 29,9 % | 12,2 % | … | 4,4 % | 1,1 % | 2,4 % | 1,5 % | 1,5 % |
Хъарсы зылд | 34,8 % | 7,9 % | 6,8 % | 11,0 % | 16,4 % | 12,6 % | 1,8 % | 2,5 % | 1,6 % | 1,1 % |
Олтуйы зылд | 9,9 % | 62,6 % | 11,1 % | 8,6 % | … | 2,8 % | 3,2 % | … | … | … |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 28 ноябры. Архив 2016-æм азы 20 мартъийы.
- ↑ Самарина О. И. Общины молокан на Кавказе: история, культура, быт, хозяйственная деятельность — Диссертация на соискание учёной степени кандидата исторических наук. — Ставрополь, 2004.
- ↑ Демоскоп Weekly — Приложение. Справочник статистических показателей