Перейти к содержанию

Хуссар (Цæгат Ирыстон)

42°54′21″ с. ш. 43°50′36″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Хонсар-æй æрвыст)
Хъæу
Хуссар
Хонсар
42°54′21″ с. ш. 43°50′36″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Хуссар (Цæгат Ирыстон) (Уæрæсе)
Хуссар (Цæгат Ирыстон) (Цæгат Ирыстон)

Хуссар, дыгуронау Хонсар у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы. Ныртæккæ æдзæрæг у.

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Хъæу æрбынат кодта Сонгуыты доны галиу был.

Хонсари гъæу æвæрд адтæй Думти гъæумæ хæстæг, Сонгути дони галеу фарс, Хонсарбæл.

Гъæуи цæргутæн се ’гъдæуттæ, сæ царди уавæртæ æма сæ иннæ гъуддæгтæ адтæнцæ æмхузон Уæллагкоми зилди гъæути цæргути хæццæ. Етæ дæр иннæ хуæнхаг гъæути цæргути хузæн сæ царди дæргъи æвзурстонцæ зин цард, тухстæнцæ берæ нæхъæртондзийнæдти туххæй. Анæн дæр хуми зæнхитæ фагæ нæ адтæй. Сæ фæндæгтæ адтæнцæ лæгъуз, алли афони сæмæ уæрдун нæ зилдæй, сæ бацæуæн хедтæ син арæх ивулд дон фæлласидæ. Аразæн æрмæг, уæдта син æндзарæн сог хæсгæ æрцæуидæ хайуантæбæл идардæй. Гъæуи цæргутæ фулдæр кодтонцæ фонси куст. Адтæй сæмæ фонси хезнитæ сæ фагæ, хуасæ цæттæ кæнунæн игуæрдæнтæй ба гъæздуг нæ адтæнцæ.

Думтæ æма Хонсари гъæутæмæ хæстæг ес, сирдтæбæл цауæн кæмити кæнун æнгъезуй, уæхæн гъæздуг бунæттæ. Еци бунæттæ æнцæ Сонгути ком, Донисæр, Скъæдти æфцæг æма Уорс хонхи рæбунтæ. Сирдтæн сæ фулдæртæ хаст æрцудæнцæ Сурх киунугæмæ, закъонæй гъæуайгонд цæунцæ. Нур фæстаг цалдæр анзи Уорс хонхи будурти хезунцæ сæдæгæйттæй æд зумæг, æд сæрдæ совхози яктæ. Рагон цæргутæн Хонсари гъæуи дæллæй, бæрзонд къулдуни буни (æндзæри) адтæй уæлмæрдтæ, уоми ба дортæй даст 7 уобаййи — археологон циртдзæвæнтæ. Еци уобæйттæй, дан, сæ еу адтæй Кудзойти муггаги уобай.[1]

Мыггæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Цардысты дзы Айлартæ, Абетæ, Агкатæ, Байсонгъуртæ, Гегкитæ (Джеджджитæ), Дзустæ, Зигойтæ, Икъатæ, Къубузтæ, Олиатæ, Цæрæктæ.[2]

  • Айларты сых[3]
  • Зæйуат[3]
  • Къайы лыгъз[3]
  • Чъырынтæ[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 355.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 242 ф.
  3. 3,0 3,1 3,2 3,3 Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 378, 383, 384