Гегкитæ
Гегкитæ[1][2] кæнæ Геккитæ[3], уæллагкоймагау Джеджджитæ[2][1] (уырыс. Геккиевы, Гегкиевы, Гекиевы) сты дыгуырон мыггаг.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Уæлдæр куд финстан, уотæ Гегкити муггаг равзурдæй Къумбулти гъæуи Хъаитти Хъаййи фурт Гегкийæй. Гегки Гегкити муггаги фæлтæртæн адтæй сæ фиццаг фиддæл, исæнтæстæй ин фурт Дзагой, уомæн ба — Хъаирбег.
Хъаирбегæн — Цæппо, Цæппойæн — Алий. Алийæн ба адтæй аст фурти æма еунæг кизгæ. Фуртти нæмттæ хундтæнцæ: Дрис, Абе, Смали, Хъогъалухъ, Заурбек, Сæхмæт, Даукуй æма Хъурман, уæдта еунæг кизгæ Фæрæз.
Æнсувæрти кæстæр Хъурман кустагор рандæ ’й Америкæмæ æма уоми рамардæй, иннæ æнсувæртæ ба цæргæ байзадæнцæ Къумбулти гъæуи, æма си алкæмæндæр исæнтæстæй цæуæт æма цæуæти цæуæт. Фæстагмæ муггаги адæм Къумбулти гъæуи нимæдзæй исберæ ’нцæ, фæззиндтæй сæмæ хецæн аултæ. Хуæнхаг цæргутæн будуртæмæ раледзуни барæ лæвæрд ку æрцудæй, уæд Гегкитæн сæ фулдæр аултæ Октябри революций агъонмæ фæллигъдæнцæ Дæллаг Дидийнатæмæ, уордигæй ба фæстагдæр сæ еуетæ фæллигъдæнцæ Хæзнидонмæ, иннетæ Чиколамæ æма Лескенмæ. Еу аул ба ма си байзадæй цæргæ Донифарси гъæуи, уæдта етæ дæр 1930 анзи сæ цæрæн бунат раййивтонцæ Хæзнидонмæ.
Абони Гегки æма уой фуртти фæлтæртæ цæрунцæ Цæгат Иристони гъæутæ æма горæтти, уæдта ма Уæрæсей æндæр рауæнти дæр.[1]
Уаллагкоми Гегкитæ.
Гегкитæ
(уæллагкоймагау Джеджджитæ).
Гегкити муггаг Уæллагкоми зилли Хонсари гъæуи кæд æма куд фæззиндтæц,еци гъуддаг кæронмæ исбæрæг кæнун нæ бон нæма иссæй.
Траурæхъгæнгутæ сæ еуетæ æнгъæл æнцæ,цума муггаг Уæллагири комæй æрбафтудæй,уотæ.Иннетæ син муггаги фиддæлтæбæл нимайунцæ Къумбулти гъæуккаг Цъеути муггагæц равзургæбæл.Ес уæхæн дзоргутæ дæр,кæцитæ æнгъæл æнцæ,цума муггаги фиддæл Гегки исæнтæстæй Уæллагкоми зилди Хонсари гъæуæн æхеми. Адтæй,дан, XIV æноси Тимури тунгæнгути нихмæ тохгæй, æгасæй ка байзадæй, уæхæн лæги байзайæггаги къабазæ.
Цидæр адтæй, уæддæр Хонсари гъæуи цæрæг Гегкити муггаги фиддæл адтæй Гегки. Е ами уосæ ракурдта, æ муггаг ба искодта æхе номбæл, Гегкитæбæл.
Хонсари гъæуи Гегкий цæуæт катæ адтæнцæ, уони абони цæргутæй бæлвурдæй неке зонуй, фал Гегкити муггагæй сæ еу хестæр муггаги рагондæр цæргутæбæл нимайуй Гегкий æртæ фуртей.Уонæй,дан, сæ еу адтæй Хамæза,иннæ дууей нæмттæ ба феронх æнцæ.
Хамæзайæн ба адтæй æртæ фурти: Гайсæн, Фацбай æма Деко.
Уони цæуæт ба адтæнцæ:
Гайсæнæн- Темболат, Темболатæн ба цæуæт не'сæнтæстæй;
Декойæн дæр цæуæт не'сæнтæстæй;
Хамæзай æртиккаг фунт Фацбаййæн ба адтæй берæ цæуæт æма цæуæти цæуæт.
Адтæй ин цуппар фурти: Гæмæт, Хъæлицухъ, Хъæлисбий æма Беппа.
Гæмæтæн адтæй дууæ фурти: Михел æма Иван.
Михелæн- Барис,Маркс æма Максим;
Иванæн ба- Мухарбег, Таймураз æма Кертибий.
Фацбаййи дуккаг фурт Хъæлицухъæн адтæй дууæ фурти:Хадзимуссæ æма Сандир.
Хадзимуссæн исæнтæстæй æртæ фурти æма цуппар кизги.
Биццеутæ: Тæтæри, Батæрбег æма Азнаур;
Сандирæн ба исæнтæстæй еунæг фурт-Минций.
Фацбаййи æртиккаг фурт Хъæлисбиййæн адтæй еунæг фурт-Огъалухъ, уомæн ба цæуæт не'сæнтæстæй.
Фацбаййи цуппæрæймаг фурт Беппаййæн дæр адтæй еунæг фурт- Майрæн, уомæн ба- Мурат, иннети ба нæ зонунцæ.
(Гегкити Муггаги рагон цæргути туххæй радзурдта 1992 анзи 29 январи Дзæуæгигъæуи Хонсари раздæри гъæуккаг- 70-анздзуд ГЕГКИТИ ХАДЗИМУССИ ФУРТ ТÆТÆРИ.)