Сечъынатæ
Внешний вид
(Секъинатæ-æй æрвыст)
Сечъынатæ, дыгуронау Секъинатæ[1] (уырыс. Секинаевы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Секъинаты мыггаджы тыххæй ис таурæгъ, зæгъгæ, дам, раджы кæддæр Хъуды комæй, Ганисы хъæуæй цардагур рацыдысты цыппар æфсымæры: Секъина, Хъыбыз, Къобал æмæ Фæтдзæр. Фæзылдысты Цæгат Ирыстоны кæмтты, уыдысты Уæлладжыры комы, уый фæстæ та æрбафтыдысты Дыгуры коммæ дæр, æрцардысты ам: Хъыбыз — Уæллагкомы, Дымтыхъæуы; Секъина — Къабусы, Къаматы; Къобал æмæ Фæтдзæр æрцардысты Æддаг Къаматы. Ам устытæ ракуырдтой, алкæмæндæр сæ фæзынд бинонтæ. Сæ мыггæгтæ сæ нæмттæм гæсгæ ныффыстой æмæ Дыгургомы фæзынди мыггæгтæ: Дымты — Хъыбызтæ, Секъинатæ, Къобалтæ. Фæтдзæртæ та — Къаматыхъæуы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 138.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 109.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 152–154.