Тотойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тотойтæ (уырыс. Тотоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Тотойты мыггаг Къаматы хъæумæ æрбафтыд Уæхъæцæй. Мыггаджы фыдæл Тотой уыд Уæхъæцы хъæуккаг Баслухъы фырт. Уыд ма йын цалдæр æфсымæры æмæ уыдонæн та фырттæ. Тотойтæ Къаматæй дæр фæлыгъдысты быдырмæ. Сæ иутæ Дур-Дурмæ, иннæтæ та — Кетмæ. Тотойтæ, дам, Дыгуры комæй нæ фæлыгъдаиккой быдырмæ, се ’фсымæртæ — Тæкъотæ, Хадатæ, Байхъултæ, Цæллатæ æмæ сын иннæтæ туджы фиддоны куы баххуыс кодтаиккой, уæд. Цæгат Ирыстоны Республикон архивы фыстытæм гæсгæ, мыггæгтæ — Хадатæ, Махъотæ, Æбатæ, Байтæ, Тæкъотæ, Цæллатæ, Галатæ, Тотойтæ æмæ Байхъултæ равзæрдысты Уæхъæцы рагон цæрæг Баслухъæй, æмæ уыдысты Уæхъæцы фыццаг цæрджытæ. Баслухъæн Уæхъæцы райгуырд цыппар фыртты: Тула, Хамæза, Хада æмæ Цохъ. Ацы æфсымæртæн дæр рацыд цот. Тулайæн — Тæкъо æмæ Махъо, æмæ Цохъæн — Æба, Бай æмæ Байхъул. Хадатæ æмæ Галатæ цæргæйæ баззадысты Уæхъæцы, иннæтæ фæлыгъдысты: Тæкъотæ æмæ Цæллатæ — Хæнæзмæ, Тотойтæ æмæ Байхъултæ — Къаматмæ. Махъотæ, Æбатæ æмæ Байтæ та Мæстинокмæ. Галатæ та фæлыгъдысты Мæздæджы районмæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.