Бетъырбух

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ленинград-æй æрвыст)
Сахар
Бетъырбух
уырыс. Санкт-Петербург
Тырыса Герб
Тырыса Герб
59°57′ с. ш. 30°19′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Бетъырбух
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1703
Раздæры нæмттæ 1914 азы онг — Санкт-Петербург
1924 азы онг — Петроград
1991 азы онг — Ленинград
Фæзуат
  • 1439 ± 0 км²
Центры бæрзæнд 3 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 5 600 044[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 812
Посты индекстæ 190000—199406
gov.spb.ru(уырыс.)
Бетъырбух (Уæрæсе)
Бетъырбух (Бетъырбух)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бетъырбух, нырыккон мыхуыры арæхдæр Санкт-Петербург (уырыс. Санкт-Петербург) у Уæрæсейы империйы кæддæры сæйраг сахар, Нева Финнаг бакæлæнмæ кæм æфты, уыцы ран. Абон дæр Уæрæсейы мидæг Бетъырбух тынг ахадгæ сахар у, бæстæйы дыккаг стырдæр. Бетъырбух у, йæ цæрджыты нымæц иу милуанæй фылдæр кæмæн у, дунейы ахæм цæгатагдæр сахар. Цæрынц дзы 5 милуан адæймагæй фылдæр.

Бетъырбух хæссы Хъæбатыр сахары кадджын ном, йе сконды ис æртæ Хæстон намысы сахары (Кронштадт, Колпино, Ломоносов).

Æрæджы Бетъырбухмæ ралидзын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Конституцион тæрхондон.

Бетъырбух. Зымæгон галуан
Цæугæдон Мойкæ

Боныхъæд[ивын | Бындур ивын]

Боныхъæд у ромыл æмæ уымæл. Хурджын бонты растæмбис нымæц афæдзы дæргъы у 62. Зымæгон бонтæ сты иттæг талынг, фанартæ судзынц суткæйы 18 сахаты.

Истори[ивын | Бындур ивын]

1703-æм азы 27 майы паддзах Пётр I указмæ гæсгæ Пётр æмæ Павелы гæнахæн йæ бындур сæвæрдтой Невайы дельтæйы. Уыцы цау нымад у Бетъырбухы бындурæвæрды боныл.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыдис Ленинграды блокадæ.

1955-æм азæй кусы Бетъырбухы метро.

Бетъырбухы бынат ирон культурæйы[ивын | Бындур ивын]

Бетъырбух ахсы зынгæ бынат нырыккон ирон культурæйы. Ам ахуыр кодтой Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Абайты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Ам XX æнусы райдиан мыхуырæй цыдис фыццаг ирон журналтæй иу — «Хуры тын», зæгъгæ (йæ редактор уыди Брытъиаты Е.).

Ныр дæр Бетъырбухы бирæ ирæттæ цæрынц. Ис дзы Цæгат Ирыстоны минæварад[2] æмæ ирон æхсæнад дæр.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  2. вКонтакте: predstavitelstvo_rsoalania