Цухъхъа

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Урсыты раздзог Пётр Врангель йæ парадон цухъхъайы

Цухъхъа (абх. акәымжәы; азерб. Çuxa; гуырдз. ჩოხა; кæсгон-черкес. цей; лекъ. Чуха; мæхъхъ. чокхи; уырыс. черкеска; хъæр.-балхъ. чепкен; цæц. чокхиб) у, раздæр кавказаг нæлгоймæгтæ кæй дардтой, ахæм уæлæдарæс.

Цухъхъатæ дардтой ирæттæ, балхъайрæгтæ, гуырдзиæгтæ, черкесæгтæ, абхазæгтæ, хъæрæсейæгтæ, цæцæйнæгтæ æмæ Кавказы æндæр адæмты минæвæрттæ, уыимæ ацы дарæс æмбæлыди Терчы æмæ Хъобаны хъазахъхъæгтæм.

Ныртæккæ цухъхъа æрвылбоны царды нæ дарынц, фæлæ йын ис бæрæгбоны, райстбавæрды дарæсы нысаниуæг.

Цухъхъайы риуыл ис бæрцытæгилдзтæ хæссынæн.

Галерей[ивын | Бындур ивын]