Доййаты Саханджери
Доййаты Саханджери | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1900 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1982-æм азы 14 июны |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, тæлмацгæнæг |
Доййаты Михаилы фырт Саханджери (Николай) (райгуырдис 1900-æм азы Джызæлы — амардис 1982-æм азы 14 июны Дзæуджыхъæуы) уыдис ирон тæлмацгæнæг æмæ литератор.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Саханджери райгуырдис Джызæлы рæстæмбис цæрæг зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Райдиан ахуыр райста приходы скъолайы, уый фæстæ ахуыр кодта реалон училищейы Дзæуджыхъæуы, стæй Стъараполы гимназы. Фæстæдæр азты уый ахуыр кодта Азербайджаны политехникон æмæ Ленинграды хæххон институтты, фæлæ сæйгæ низы фыдæй йын нæ бантыстис кæронмæ ахæццæ кæнын йæ ахуыр.
1929-æм азæй Доййы-фырт куыста Цæгат Ирыстоны облæсты зæххы хъуыддæгты управленийы, партийы обкомы, газет «Рæстдзинад»-ы. 1937–1963-æм азты та уый куыста Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны тæлмацгæнæгæй, редакторæй, сæйраг редакторæй.
Доййаты Саханджери амардис 1982-æм азы 14 июны.
Тæлмацгæнæджы сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Саламджери тæлмац кæнын райдыдта 1943-æм азы, Цæгат Ирыстоны театры кусгæйæ. Театрæн уый ратæлмац кодта пьесæтæ «Ныббырст» (уырыс. «Нашествие»; автор Л. Леонов), «Сабыр горæт» (1944, Нела Балаш), Островскийы «Æнæ аххосæй аххосджынтæ» («Без вины виноватые»; 1949), «Арвы нæрын» («Гроза»; 1949) æмæ «Æхсидгæ зæрдæ» («Горячее сердце»; 1950), А. Гайдары уацау «Скъола», А.Кононовы радзырдтæ «Чапаевы тыххæй», Г. Гулиайы уацау «Уалдзæг Сакены», Б. Житковы радзырдты чиныг «Цытæ-иу æрцыд», В.И. Ленины тыххæй радзырдты æмбырдгонд «Любимый народом» (1964).
Доййы-фырт стыр æргом здахта советон адæмты литературæмæ. Уый ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Георгий Гулиайы уацау «Весна в Сакене» (1951), Эфенди Капиевы чиныг «Поэт»-ы цалдæр сæры, украинаг, гуырдзиаг æмæ мæхъхъæлон фысджыты радзырдтæ. Фæсарæйнаг классикæйæ цы уацмыстæ раивта, уыдонæй зынгæдæр бынат ахсы Р. Тагоры роман «Крушение» (1963).
Доййы-фырт ма у аивадон тæлмацы дæсныдзинады, аивадон уацмсты æвзаджы, ирон растфыссынады тыххæй фыст уацты автор. Уыдон мыхуыргонд цыдысты бынæттон газетты æмæ журнал «Мах дуг»-ы.