Терк
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Терк | |
|---|---|
Терчы цыд Дзæуджыхъæуы |
|
| Паддзахад | Гуырдзыстон, Уæрæсе |
| Гуырæн | Зилгæ хох (Тырсыгом) |
| Донæфтæн | Къаспы денджыз |
Терчы бассейн |
|
| Дæргъ | 623 км |
| Бассейны фæзуат | 43 200 км² |
| Цæугæдоны уырдыг | 305 м/км |
| Гуырæны бæрзæнд | 2 713 м |
Терк (гуырдз. თერგი, мæхъхъ. Тийрк, кæсгон-черкес. Тэрч, хъæр.-балхъ. Терк суу, уырыс. Терек) у цæугæдон Цæгат Кавказы. Йæ донæфтæн у Къаспы денджыз. Терк цæуы Гуырдзыстоны, Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Стъараполы крайы, Цæцæн æмæ Дагъистаны. Йæ дæргъ у 623 километры.
Терчы бындурон фæрсагдæттæ сты Æрыдон, Фыййагдон, Малхъ æмæ Сунжæ.
Сахартæ: Дзæуджыхъæу, Беслæн, Мæздæг, Терек, Хъызлар.