Сæйраг фарс
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Википеди у сæрибар бирæвзагон энциклопеди. Иронау байгом ис 2005-æм азы 28 февралы, уæдæй нырмæ уый райрæзти 4421 статьяйы онг. Алкæй бон дæр у Википедийыл архайын: ис дзы амал кæмæнфæндыдæр (ома, дæуæн дæр!) кæцыфæнды статьяйы ивддзинæдтæ кæнын, кæнæ та йæ æххæст кæнын.
Ирон æвзагыл стыр энциклопедитæ фыст никуыма æрцыдис. Гъе уæдæ, иумæ бацархайæм, не ’взаг алцæмæ рæвдз кæй у, уый равдисыныл.- 12:01, 14 ноябры 2009 Джомолунгмæ (лог) [15 021 байты] Цаера Джанайты (Дискусси | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: '''Джомолунгма''' ({{lang-bo|ཇོ་མོ་གླང་མ}}), '''Эверест''' ({{lang-en|Mount Everest}}), кæнæ '''Са...)
- 05:59, 14 ноябры 2009 Цæгат Зæхх (лог) [4062 байты] Amikeco (Дискусси | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: Цæгат Зæхх Уæрæсейы картæйыл [[Ныв:SevernayaZemlya.JPG|thumb|...)
- 17:51, 13 ноябры 2009 Иркутсчы облæст (лог) [2978 байты] Taamu (Дискусси | бавæрд) (Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: {{Уæрæсейы Федерацийы субъект |IronNm = Иркутсчы |IronPostfix = облæст |RuNm1 ...)
|
|
|
|
|
|---|---|
|
Октябры бæстæ у
Октябры темæ у ирон Википедийы хуыздæргæнинаг статьятæ:
Ног темæ бадæттæн æмæ фæдылдзог мæйы темæтæм хъæлæс кæнæн ис сæрмагонд фарсыл »»» |
|
Ирыстоны хъæутæ æмæ сахартæАлагир – Æрыдон – Æхсæрисæр – Беслæн – Брут — Джызæл – Дзау – Дзæуджыхъæу – Дзуарыхъæу – Донифарс – Заманхъул – Зилгæ – Змейкæ – Знауыр – Елхот – Иран – Ног Бæтæхъойыхъæу – Къуайса – Лескен – Майрæмадаг – Мæздæг – Нар – Октябрыхъæу – Ставд Дуртæ – Тарскæй – Толдзгун – Фæснæл – Хæрисджын — Хъæдгæрон – Црау – Цхинвал — Цъæй æмæ æндæртæ Ирон Википедийы æппæт категоритæ: Царциаты диссæгтæ
|
Статьяйы дæнцæгНикарагуæ (исп. Nicaragua), кæнæ Республикæ Никарагуæ (исп. República de Nicaragua) у Централон Америкæйы паддзахад. Никарагуæ сси, Уæрæсейы фæстæ, дыккаг ахæм паддзахад, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад официалон æгъдауæй чи банымадта. Никарагуæйы атлантикон былгæрон европæйæгтæ ссардтой 1502-æм азы (Христофор Колумбы цыппæрæм балц). Уыцы бæстæ испайнæгтæ сæхи бакодтой 1522-æм азы. Хуссар-ныгуылæйнаг зæххытыл (цад Никарагуæ æмæ Сабыр фурды былгæроны ’хсæн цы зæхкъубал ис, уым) цы индейæгтæ цардис, уыимæ испайнæгтæ саразтой бадзырд, æмæ уыцы знæмы фæтæджы ном — Никарао хуындис — рахуыдтой æгас бæстæ. Фæлæ цæгатаг территоритыл испайнæгтæн цалдæр азы бахъуыди хæцын æндæр индейаг знæмтимæ. 1570-æм азæй 1821-æм азы онг Никарагуæ уыди генерал-капитонад (уырыс. генерал-капитанство) Гватемалæйы сконды. Генерал-капитонад — афтæ хуынди испайнаг колониалон системæйы административон иуæг. Никарагуæйы территори байуæрстæуыд, латифундист-помещикты ’хсæн. Бæстæйы скæсæнварс — Москитон Былгæроны (уырыс. Москитный берег) æвзæргомау бæстыхъæд æмæ зындзæуæн хъæдтæ кæй уыди, уый фæрцы йæ испайнæгтæ нæ баколонизаци кодтой. Уыйхыгъд уыцы ран æрбынат кодтой, испайнаг наутæ чи стыгъта æмæ ссырдта, уыцы англисаг пираттæ. Англисæгтæ XVII æнусæй, скæсæн былгæроны сæ позицитæ куы бафидар кодтой, уæд райдыдтой цæугæдон Сан-Хуаны рейдты цæуын Никарагуæйы ныгуылæнварсмæ, æмæ уым испайнаг колонитæм æрбабырс-æрбабырс кодтой. Уыцы дуг Москитон Былгæроны цæрджыты нымæц фылдæр кодта, англисаг колонитæй чи ралыгъд, уыцы негрты руаджы. Москитийы сæ позицитæ бафидар кæнынмæ тырнгæйæ, англисæгтæ сарæзтой негрты къаролы æвзæрстытæ. Англисæгтæ Москитон Былгæрон сæ армы бын дардтой суанг XIX æнусы æмбисы онг, цалынмæ сæ, Атлантикон æмæ Сабыр фурдтæ иугæнæг канал Никарагуæйы территорийыл аразынмæ чи хъавыди, уыцы америкæгтæ уырдыгæй нæ ацæуын кодтой. 1912-æм азæй 1933-æм азы онг Никарагуæ уыди АИШ-ы ’рдыгæй оккупацигонд. Уыцы оккупацийы сæр уыдис Никарагуæйы канал аразæн ницы æндæр бæстæмæ дæттын. Президент Альфонсо Диас æлдариуæг куы кодта, уæд 1914 азы бафыста Брайан-Чаморройы бадзырд — уымæ гæсгæ АИШ æнустæм райста Никарагуæйы зæххыл дыууæ фурды ’хсæн канал аразыны эксклюзивон бар, стæй кæмфæндыдæр йæ æфсæддон базæтæ аразыны бар. Уыцы бадзырд АИШ-ы дæр схуыдтой стигъаг æмæ хынджылæггæнæг, Никарагуæйы та Диас сси йæ адæмы æнæуынон, фæстæдæр ралыгъта АИШ-мæ, мæлгæ та акодта Коста-Рикæйы. 1926-æм азы райдыдта национ-сæрибаргæнæн тох Аугусто Сесар Сандинойы разамындæй. Уыцы тох фæрæстмæ, АИШ йе ’фсад ацæуын кодта — уымæн йæ æндæр аххос уыд Стыр Депрессийы райдиан, Никарагуæйы дæргъватин хæст Иугонд Штаттæм æгæр зынаргъ сси. 1934—1979 азты, Сандино амæрыны фæстæ, Никарагуæйы хицауиуæг кодта Сомосæйы клан. Уыдоны ныхмæ тох кодтой сандинистты партизантæ æмæ фæуæлахиз сты. Фæстаг диктатор — Анастасио Сомосæ Дебайле — йæ хæдтæхæгыл тагъд алыгъди АИШ-мæ, фæстæдæр сусæгæй æрцарди Парагвайы, фæлæ йæ 1980 азы ссардтой æмæ 17 сентябры, йæ хæдтулгæйы уынджы куы фæцæйцыд, амардтой. 1990-æм азы демократон æвзæрстыты сандинисттæ фембылды сты æмæ хицауиуæг кæнын райдыдта, америкæдзаст чи уыди, ахæм ног хицауад. 2006-æм азы ноябры президентæй равзæрстæуыд, 1985—1990 азты Никарагуæйы сæргъы чи уыди, Национ ссæрибары Сандинистон фронты уыцы фæтæг Даниэль Ортегæ. Уый æвзæрстыты райста æппæт хъæлæсты 38,07%. |
|||||||||||||||||||
Википеди æндæр æвзæгтыл2008 азы ноябры статистикæмæ гæсгæ. Стырдæр Википедийы хæйттæ (сæдæ мин статьяйæ фылдæр кæм ис): |
||||||||||||||||||||
Кавказы æвзæгтыл Википедитæ
Фонд Викимедийы æндæр проекттæ Фонд Викимеди æрмæст Википедийы куыст нæ кæны. Уыцы фонды фæрцы фæзындысты æндæр сæрибар бирæвзагон проекттæ дæр:
|
||||||||||||||||||||