Гуырдзыстон
|
|||||
| Девиз: «Тых у иудзинады (гуырдз. ძალა ერთობაშია)» | |||||
| Гимны ном: «Сæрибар (гуырдз. თავისუფლება)» | |||||
| Хæдбар сси | 1918 азы 26 майы Советон Цæдисæй | ||||
| Æвзаг | гуырдзиаг | ||||
| Сæйраг сахар | Тбилис (Калак) | ||||
| Стырдæр сахартæ | Тбилис, Кутаиси, Батуми | ||||
| Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
| Президент Премьер-министр Парламенты спикер |
Михаил Саакашвили Николоз Гилаури Давид Бакрадзе |
||||
| Фæзуат | 69 700 км² | ||||
| Цæрджытæ | 4 661 473 (2005) | ||||
| Æнгомад | 67 ад./км² | ||||
| ÆМП • Æдæппæт (2008) • Иу адæймагмæ |
дунейы 117-æм 13,535 млрд.[1] $ 3119 $ |
||||
| Валютæ | лари | ||||
| Интернет-домен | .ge | ||||
| Телефонон код | +995 | ||||
| Сахатон таг | UTC+3 | ||||
| Бæстæйы у декретон рæстæг | |||||
Гуырдзыстон (гуырдз. საქართველო, [сакартвело]) у паддзахад Фæскавказы, йæхи нымайы Европæйы паддзахадыл, кæд географион цæстæнгасæй Азимæ хауы, уæддæр. Гуырдзыстонмæ ис Сау денджызмæ бацæуæн. 1991-æм азы онг — Советон Цæдисы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ.
Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сты йæ сконды, кæд фактæй хæдбар сты, уæддæр. Уыцы ног паддзахæдты хæдбардзинад ныры онг банымадтой æрмæст Никарагуæ æмæ Уæрæсе.
Гуырдзыстоны сæйраг сахар у Тбилис (Калак). Бæстæйы президент у Михаил Саакашвили.
Сæргæндтæ |
Административон дих
|
Административон æгъдауæй Гуырдзыстоны сконд у ахæм:
Уыдонæй Абхази у, йæ хæдбардзинад ын дыууæ паддзахады кæмæн банымадтой, ахæм ног паддзахад. Уыцы дихмæ гæсгæ Имерет, Мцхета-Мтианети, Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суан æмæ Мидæггаг Картлимæ цы зæххытæ хауынц, уыдоныл лæууы æндæр ахæм паддзахад — Хуссар Ирыстон. ГеографиГуырдзыстон бынат кæны Фæскавказы. Бæстæйы фæзуат у 69,700 км² (Абхази æмæ Хуссар Ирыстон дæр нымайгæйæ). Гуырдзыстоны ис цалдæр стыргомау цæугæдоны — Къуар, Ингур, Риони æмæ æндæртæ.
Истори1800-æм азы уæды Гуырдзыстоны бæстæтæй иу барвæндонæй бацыдис Уæрæсейы Империйы скондмæ. 1810-æм азы Имерет дæр бацæуын кодтой Уæрæсемæ. Гуырдзиаг зæххытæ баиу сты, фæлæ гуырдзиаг паддзахад ууыл фæци. Фæстæдæр, Уæрæсейы революци куы æрцыдис, Гуырдзыстон расидти хæдбардзинад, цалынмæ Сырх Æфсад йæ нæ бакодта социалистон паддзахады скондмæ. ЦæрджытæДинГуырдзыстоны цæрджыты фылдæр хай сты православон чырыстæттæ. ЭкономикæКультурæФиппаинæгтæ
|