Уæрæсе
|
|||||
| (байхъус ) | |||||
| Фæзынд | 862 азы[1] | ||||
| Æвзаг | уырыссаг | ||||
| Сæйраг сахар | Мæскуы | ||||
| Стырдæр сахартæ | Мæскуы, Бетъырбух, Новосибирск, Екатеринбург, Дæллаг Новгород | ||||
| Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
| Президент Хицауады сæргълæууæг |
Владимир Путин Дмитрий Медведев |
||||
| Фæзуат | 17 075 400 км² | ||||
| Доны процент | 0,5 | ||||
| Цæрджытæ | ▼ 142 800 000 (2011) | ||||
| Æнгомдзинад | 8,3 ад./км² | ||||
| ÆМП • Æдæппæт (2006) • Иу адæймагмæ |
дунейы 9-æм 1,746 трлн. [2] $ 13 210 [3] $ |
||||
| Валютæ | Уæрæсейы сом | ||||
| Интернет-домен | .ru, .su [4], .рф [5] | ||||
| Телефонон код | +7 | ||||
| Сахатон таг | [[UTC+2…+12[6]]] | ||||
|
|||||
Уæрæсе[1] (уырыс. Россия), кæнæ, оффициалонæй, Уæрæсейы Федераци (уырыс. Российская Федерация), у федералон æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Евразийы цæгаты. Ныгуылæнæй скæсæнмæ æмарæн у Норвеги, Финлянди, Эстони, Латви, Литва, Польшæ, Белорусси, Украинæ, Абхаз, Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон, Азербайджан, Хъазахстан, Китай, Монголи æмæ Цæгат Корейимæ. Доныл ын ис арæн АИШ-ы штат Аляскæимæ æмæ Японимæ. 17 милуан квадратон километр ахсгæйæ, Уæрæсе у дунейы стырдæр бæстæ. Йæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ та у дунейы фарæстæм. Цæры дзы 142 милуан адæймаджы. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Мæскуы. Уæрæсе у минералон æмæ энергион ресурсты стырдæр дарæг, æмæ нефт æмæ газы стырдæр аразæг.
Сæртæ |
Цæрджытæ [ивын]
Æдæппæтæй цæрджыты нымæц у 141 888,9 мин адæймаджы (1 июны 2008), дунейы цæрджытæй 2,13 %. Уыдонæй 4/5 цæрынц бæстæйы европæйаг хайы (Уралимæ). Адæмæй 73% цæрынц сахарты.
Уæрæсейы цæрынц 180 адæмыхаттæй фылдæр, уыдонæй уырыс сты 81,5% (2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ).
Ирæттæй сæ фылдæр хай цæрынц Уæрæсейы (Цæгат Ирыстон æмæ æндæр регионты).
Истори [ивын]
- Рагон Уырыс (уырыс. Древняя Русь), (Киевы Русь) (862—1242)
- Владимиры кънйазад (1157—1389)
- Мæскуыйы кънйазад (1246—1389)
- Стыр Мæскуыйы кънйазад (1389—1547)
- Уырысы паддзахад (1547-æм азы 16 январы — 1721-æм азы 22 октябры)
- Уæрæсейы импери (1721-æм азы 22 октябры — 1917-æм азы 1 сентябры)
- Уæрæсейы республикæ (1 сентябры — 1917-æм азы 25 октябры (7 ноябры))
- Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæ (сырæзт 25 октябры (7 ноябры) 1917-æм азы, 1922—1991 Советон Цæдисы сконды)
- Советон Социалистон Республикæты Цæдис (1922-æм азы 30 декабры — 1991-æм азы 26 декабры)
- Уæрæсейы Федераци (1991-æм азы 25 декабры — ныры рæстæг)
Сæйраг сахæртæ [ивын]
- 862—882 — Новгород
- 882—1243 — Киев
- 1243—1389 — Владимир
- 1389—1712 — Мæскуы
- 1712 21 майы—1728 — Бетъырбух
- 1728—1732 — Мæскуы
- 1732—1918 — Бетъырбух (1914-æм азы 18 августæй йæ ном уыд Петроград)
- 1918-æм азы 12 мартъийæ ныры рæстæгмæ — Мæскуы
Президенттæ [ивын]
- Борис Ельцин (1991—2000)
- Владимир Путин (2000—2008)
- Дмитрий Медведев (2008—2012)
- Владимир Путин (2012— ныры онг)
Æрдз [ивын]
Цæдтæ [ивын]
Байкал у дунейы арфдæр цад, стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Ладогæйы цад у Европæйы стырдæр æдзæхх цад.
Кæс статьятæ [ивын]
Фиппаинæгтæ [ивын]
- ↑ Æндæр арæх ном ирон æвзаджы у Уырыс.