Æрыдон (цæугæдон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд

Æрыдон (уырыс. Ардон) у Цæгат Ирыстоны цæугæдон. Йæ дæргъ у 102 километры, бассейны фæзуат — 2700 км². Æрыдон галиуырдыгæй бакæлы Теркмæ.

Æрыдоны былтыл цæуы ахсджиаг фæндаг, кæцы иу кæны Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон .

Традицион тæлмацмæ гæсгæ, ном Æрыдон нысан кæны æрра дон. Афтæ хуыйны цæугæдон йæ ахастмæ гæсгæ — арæх раивылы æмæ фæндæгтæ, хидтæ, донбыл цы хæдзæрттæ и, уыдон ахæссы.