Къаспы денджыз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къаспы денджыз
азерб. Xəzər dənizi, перс. دریای خزر, туркм. Hazar deňzi, уырыс. Каспийское море, хъаз. Каспий теңізі
Къаспы денджыз æмæ Кавказы къам космосæй
Къаспы денджыз æмæ Кавказы къам космосæй
Морфометри
Абсолютон бæрзæнд−27 м
Ас≈ 1200 × 310 км
Фæзуат≈ 390 000 км²
Гуырахст≈ 78 000 км³
Стырдæр арф1025 м
Гидрологи
Цæхджынад12,8—12,9 ‰ 
Бассейн
Бассейн≈ 3 100 000 км²
Æфтæг цæугæдæттæВолгæ, Урал, Терк, Къуар, Сулак, Самур
Ран
42° с. ш. 51° в. д.HGЯO
Бæстæтæ
Æввахс Хурыскæсæн
Къаспы денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Къаспы денджыз[1] кæнæ Хъаспы денджыз[2] (хъазах. Каспий теңізі, уырыс. Каспийское море, туркм. Hazar deňzi, перс. دریای خزر, азерб. Xəzər dənizi) у, цæхджын дон кæмæн ис, ахæм егъау цад Кавказæй скæсæнырдæм. Цады былтæ хауынц фондз паддзахадмæ (Азербайджан, Иран, Туркменистан, Уæрæсе æмæ Хъазахстан). Дунейы стырдæр цад у, æмæ, йæ асы фæрцы, хонынц æй «денджыз».

Къаспы денджызы ныртæккæйы фæзуат у 371 000 км², стырдæр арф — 1025 м, былты дæргъ — 6500—6700 км. Денджызæн йæ скæсæн былгæроны ис стыр, фæлæ тæнæг бакæлæн Кара-Богаз-Гол.

Егъау цадмæ æфтынц 130 цæугæдоны. Уыдонæй стырдæртæ сты Волгæ, Терк (Уæрæсе), Урал, Эмбæ (Хъазахстан), Къуар (Азербайджан), Самур (Уæрæсе æмæ Азербайджаны арæн), Атрек (Туркменистан) æмæ æндæртæ. Волгæ, Урал, Терк æмæ Эмбæ дæттынц, Къаспы денджызмæ афæдзы дæргъы цы дон æфты, уымæй 88—90 %.

Къаспы денджызы былтыл цы сахартæ и, уыдонæй стырдæр у Азербайджаны сæйраг сахар Баку.

Василий Суриковы ныв «Стенькæ Разин»

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Уырыссаг-ирон дзырдуат. Сарæзта йæ Абайты Васо. Дыккаг, срастгонд æмæ баххæстгонд рауагъд. Редактор Исаты М.И, рауагъдад «Советон Энциклопеди». Мæскуы — 1970
  2. Гуыриаты Т. А. Цыбыр ирон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Ирыстон, 2003 — 260 ф.